ЦЫППӔРӔМ СӔР
Дӕ мӕнгард зӕрдӕйы фӕдыл ма ацу
1, 2. Нӕ зӕрдӕ ӕцӕгӕй цы уавӕры ис, уый базонын алы хатт ӕнцон цӕуылнӕ вӕййы?
РАЙСОМӔЙ РАДЖЫ дӕ сынтӕджы хуыссыс ӕмӕ ӕвиппайды дӕ риу ссыгъд, рӕхойгӕ рыст кӕны ӕмӕ тыхулӕфт кӕныс. Хъуыды кӕныс, зӕгъгӕ, цы кӕнын, инфаркт мӕ ныццавта, ӕви. Фӕлӕ дӕхицӕн ныфсытӕ ӕвӕрын куы райдайай, нӕ, уый гӕнӕн нӕй, зӕгъгӕ, уӕд дын уый ницы баххуыс кӕндзӕн. Ахӕм уавӕры архайын хъӕуы ӕвӕстиатӕй. Гъемӕ, ӕвӕццӕгӕн, тагъд ӕххуысмӕ фӕдзурдзынӕ. Дохтыр дӕ фендзӕн ӕмӕ дын, ӕвӕццӕгӕн, кардиограммӕ дӕр скӕндзӕн. Цы кӕныс, уый куыд тагъд сбӕрӕг кӕной ӕмӕ дын хъӕугӕ хостӕ куыд тагъд скӕной, уымӕй кӕнгӕ уыдзӕн дӕ цард.
2 Цы зӕгъӕн ис, Библи цы зӕрдӕйы кой кӕны, уымӕй та? Нӕ зӕрдӕ ӕцӕгӕй цы уавӕры ис, уый базонын алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы. Цӕуылнӕ? «Зӕрдӕйӕ мӕнгарддӕр ӕмӕ фыдбылыздӕр ницы ис. Чи йын цы базондзӕн?» – зӕгъы Библи (Йер. 17:9). Хатт афтӕ вӕййы, ӕмӕ адӕймаджы йӕ зӕрдӕ фӕсайы, дӕ уырнындзинадӕн тӕссаг ницӕмӕй у, зӕгъгӕ. Иннӕтӕ та йӕ фӕуынынц, йӕ хабар хорз кӕй нӕу, ӕмӕ йыл фӕмӕт кӕнынц. Цӕмӕн фӕсайды вӕййӕм? Уымӕн ӕмӕ нӕ тӕригъӕдджын буары монцтӕ сӕхион кӕнынц, стӕй ныл Хӕйрӕг ӕмӕ ацы дуне дӕр хинӕй рацӕуынц, ӕмӕ хатт нал фембарӕм, нӕ зӕрдӕ ӕцӕгӕй цы уавӕры ис, уый. Уӕдӕ ӕркӕсӕм Йеремийы ӕмӕ йӕ рӕстӕджы цӕрӕг дзуттӕгты хабармӕ. Уый нын баххуыс кӕндзӕн нӕ зӕрдӕмӕ ныккӕсынӕн.
3. Бирӕтӕн сӕ хуыцау цы свӕййы?
3 Дзуттӕгтӕн сӕ фылдӕрӕн сӕ зӕрдӕ хорз уавӕры нӕ уыд. Уыдон иунӕг ӕцӕг Хуыцауы ханаайнаг хуыцӕуттыл баивтой. Афтӕ кӕй бакодтой, уый тыххӕй сӕ зӕрдӕ сӕхиуыл дӕр нӕ худти. Йегъовӕ сын загъта: «Дӕхицӕн кӕй скодтай, уыцы хуыцӕуттӕ та дын кӕм сты? Уыдон сыстӕнт ӕмӕ дӕ фервӕзын кӕнӕнт бӕллӕхы бон, кӕд сӕ бон у, уӕд. О Иудӕ, дӕ горӕттӕ цас сты, дӕ хуыцӕуттӕ дӕр уыйбӕрц куы систы» (Йер. 2:28). Абон махӕй мӕнгхуыцӕуттӕн ничи кувы. Фӕлӕ-ма дӕ хъус ӕрдар, иу дзырдуат дзырд «хуыцау» куыд ӕмбарын кӕны, уымӕ. Уым фыст ис: «Адӕймагӕн йӕ хуыцау у, ӕппӕты зынаргъдӕр ын чи у кӕнӕ цы у, уый». Ацы дунейы бирӕтӕн царды ӕппӕты сӕйрагдӕр у сӕ куыст, се ’нӕниздзинад, сӕ бинонтӕ ӕмӕ ма суанг сӕ фос дӕр. Кӕмӕндӕрты та царды спортӕй, бӕрӕгбӕттӕй, се ’гъдӕуттӕй, стӕй ног техникӕ балхӕнынӕй кӕнӕ ӕндӕр бӕстӕтӕм улӕфынмӕ ацӕуынӕй ахсджиагдӕр ницы ис. Уыдӕттӕ сын афтӕ зынаргъ сты, ӕмӕ се Сфӕлдисӕджы базоной ӕмӕ йӕм баввахс уой, уымӕн сын рӕстӕг дӕр нӕй. Цымӕ уый гӕнӕн ис, ӕмӕ Йеремийы рӕстӕджы цӕрӕг дзуттӕгтау ӕцӕг чырыстӕттӕ дӕр ахӕм зондӕй фӕхъӕстӕ уой?
МӔНГАРД ЗӔРДӔЙЫЛ ӔУУӔНК НӔЙ
4. Афтӕ чи дзырдта, «цӕй, кӕм ис Йегъовӕйы ныхас, цӕуылнӕ ӕххӕст кӕны», зӕгъгӕ, уыдоны Йегъовӕйы хъуыды зонын ӕцӕгдӕр фӕндыди?
4 Цымыдисаг дӕм фӕкӕсдзӕн, Йереми цӕмӕ гӕсгӕ загъта, зӕрдӕ фыдбылыз у, зӕгъгӕ. Адӕм ын афтӕтӕ дзырдтой: «Цӕй, кӕм ис Йегъовӕйы ныхас, цӕуылнӕ ӕххӕст кӕны?» (Йер. 17:15). Фӕлӕ сӕ цымӕ ӕцӕгдӕр фӕндыди, Йегъовӕ цы хъуыды кодта, уый зонын? Йеремийы чиныджы уыцы сӕр ахӕм ныхӕстӕй райдайы: «Иудӕйы тӕригъӕд фыст у ӕфсӕйнаг сартӕй. Алмаси фыссӕнгарзӕй фыст у сӕ зӕрдӕтыл». Уӕдӕ дзуттӕгтӕн сӕ бӕллӕх уый уыди, ӕмӕ сӕ зӕрдӕ дардтой зӕххон адӕймагыл, сӕ ныфс уыди адӕймаджы цонджы хъару ӕмӕ сӕ зӕрдӕ Йегъовӕйӕ аздӕхт. Йӕ зӕрдӕ Хуыцауыл чи дардта, зонд дзы чи агуырдта ӕмӕ йӕ арфӕдзинӕдтӕм чи ӕнхъӕлмӕ каст, ахӕмтӕ стӕмтӕ уыди (Йер. 17:1, 5, 7).
5. Йеремийы рӕстӕджы цӕрӕг дзуттӕгтӕ Йегъовӕйы закъонмӕ цы цӕстӕй кастысты?
5 Адӕмӕн сӕ фылдӕрӕн сӕ зӕрдӕ цы уавӕры уыд, уый рабӕрӕг, Хуыцауы ныхӕстӕм цы цӕстӕй кастысты, уымӕй. (Бакӕс Йеремийы 17:21, 22.) Зӕгъӕм, сабатбон дзуттӕгтӕ хъуамӕ мацы куыстаиккой. Уый уыди улӕфты бон ӕмӕ-иу сын фадат уыд, Хуыцаумӕ сӕ ӕввахсдӕр чи кодта, уыцы хъуыддӕгты архайынӕн. Уыцы бон ӕхцаимӕ баст хъуыддӕгтӕ хъуамӕ ма кодтаиккой, стӕй макӕмӕн мацы кусын кодтаиккой. Фӕлӕ дзуттӕгтӕ уыцы закъонмӕ цы цӕстӕй кастысты, уымӕй бӕрӕг уыди сӕ зӕрдӕты уавӕр. «Уыдон нӕ хъуыстой, сӕ хъус дӕр нӕ дардтой – схивӕнд сты, цӕмӕй ма хъуыстаиккой ӕмӕ сӕм зондамынд ма хъардтаид». Кӕд Хуыцауы закъон зыдтой, уӕддӕр сӕхи фӕнд кодтой – сабатбон-иу цыдӕр хъуыддӕгтӕ арӕзтой (Йер. 17:23; Ис. 58:13).
6, 7. а) Чырыстон ӕууӕнкджын цагъары уынаффӕтӕм уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсын куыд райдайы ӕмӕ рӕдыд зондыл куыд ацӕуы? ӕ) Уый йыл куыд фӕзыны?
6 Мах сабатбоны закъон ӕххӕст кӕнын нӕ хъӕуы. Фӕлӕ дзуттӕгтӕ уыцы закъонмӕ цы цӕстӕй кастысты, уый нын у хорз зондзонӕн (Кол. 2:16). Цӕмӕй Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнӕм, уый тыххӕй нӕ хиуарзон фӕндтыл нӕ къух систам ӕмӕ, ацы дуне цӕмӕ тырны, уыдӕттӕм нал тырнӕм. Ӕмбарӕм ӕй, Хуыцауӕн лӕггад кӕнгӕйӕ ӕрмӕстдӕр нӕхи пайдайыл куы хъуыды кӕниккам, уӕд уый ӕнӕзонд ми кӕй уаид. Стӕй зонӕм, йӕ хъарутӕ иууылдӕр Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнынмӕ чи сарӕзта ӕмӕ уый циндзинад ӕмӕ удӕнцой кӕмӕн хӕссы, бирӕ ахӕм хоты ӕмӕ ӕфсымӕрты. Ӕмӕ ма уӕд куыд фӕсайды вӕййӕм?
7 Чи зоны, чырыстон хъуыды кӕна, зӕгъгӕ, уыцы дзуттӕгтӕй уӕлдай мӕныл мӕ зӕрдӕ хинӕй никуы рацӕудзӕн. Чи зоны, йӕхицӕн афтӕтӕ дзура: «Цӕмӕй мӕ бинонты дарон, уый тыххӕй мӕ ацы куыстыл фидар хӕцын хъӕуы». Ӕмӕ йӕ бамбарӕн ис. Фӕлӕ афтӕ хъуыды кӕнын куы райдайа, зӕгъгӕ ма мӕ ноджыдӕр искуы сахуыр кӕнын хъӕуы, цӕмӕй хорз куыст ссарон кӕнӕ мӕ куыстӕй хауӕггаг ма фӕуон, уӕд та куыд? Уыцы хъуыды йӕм, чи зоны, раст кӕса ӕмӕ ахӕм хатдзӕгмӕ ӕрцӕуа: «Ныр ӕндӕр рӕстӕг у, ӕмӕ цӕмӕй исты амӕлттӕ кӕнон, уый тыххӕй мӕ колледжмӕ кӕнӕ университетмӕ бацӕуын хъӕуы, кӕннод ӕнӕ куыстӕй баззайдзынӕн». Ӕмӕ афтӕмӕй адӕймаг уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсын райдайы, ацы хъуыддаджы фӕдыл ӕууӕнкджын цагъар цы хорз уынаффӕтӕ дӕтты, уыдонмӕ, ӕмӕ ӕмбырдтӕ дӕр цух кӕнын райдайы! Иуӕй-иутӕ йӕ сӕхӕдӕг ӕмбаргӕ дӕр нӕ бакодтой, афтӕмӕй ацы дунейы зондыл ацыдысты ӕмӕ цардмӕ дунейы адӕмы цӕстӕй райдыдтой кӕсын (Еф. 2:2, 3). Уӕдӕ нӕ Библи дзӕгъӕлы нӕ фӕдзӕхсы: «Дунейӕн уый бар ма дӕттут, ӕмӕ уӕ иу джиппы ауадза» (Ром. 12:2, Phillips)a.
Дӕ мӕнгард зӕрдӕ дӕ нӕ фӕсайдта, ӕмӕ ӕмбырдтӕ нӕ цух кӕныс?
8. а) Хатт чырыстӕттӕ сӕрыстыр цӕмӕй вӕййынц? ӕ) Хуыцауы тыххӕй ӕмӕ йӕ хъуыддӕгты тыххӕй зонын фаг цӕуылнӕ у?
8 Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕй чидӕртӕ уыдысты хъӕздыг ӕмӕ сын дунейы дӕр уыди кад. Ӕмӕ абон дӕр чырыстӕтты ’хсӕн ис ахӕмтӕ. Цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсой, сӕ къухы цы бафтыд, уымӕ? Ӕмӕ сӕм мах та цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм? Ацы фарстатӕн нын Йегъовӕ дзуапп дӕтты Йеремийы уылты. (Бакӕс Йеремийы 9:23, 24.) Адӕймагӕн ацы дунейы цы бантысы, уыдӕттӕй ӕппӕлыны бӕсты ӕмбаргӕ чырыстон царды ӕппӕты стырдӕр хӕзнайыл нымайдзӕн, Дунедарӕг Стыр Хуыцауы кӕй зоны, уый (1 Кор. 1:31). Фӕлӕ кӕд ис зӕгъӕн, ӕмӕ адӕймаг ӕцӕгӕйдӕр Йегъовӕйы зоны? Йеремийы рӕстӕджы цӕрӕг дзуттӕгтӕ Хуыцауӕн йӕ ном зыдтой. Стӕй зыдтой, сӕ фыдӕлты сын Сырх денджызыл куыд ракодта, Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ сӕ куыд бакодта, тӕрхонгӕнджыты заман ӕмӕ фӕстӕдӕр иузӕрдион паддзӕхты рӕстӕджы цы хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уый дӕр. Фӕлӕ уӕддӕр афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ, Йегъовӕйы ӕцӕгӕй зыдтой ӕмӕ йыл ӕууӕндыдысты. Ӕмӕ кӕд сӕ хабар афтӕ уыди, уӕддӕр дзырдтой: «Ӕз аххосджын нӕ дӕн. [Хуыцау] мӕм нал мӕсты кӕны» (Йер. 2:35).
Зӕрдӕ мӕнгард кӕй у, уый нӕ рох кӕнын цӕуылнӕ хъӕуы? Куыд у нӕ бон нӕ зӕрдӕтӕм ныккӕсын ӕмӕ зӕрдӕтӕ сгарӕг Хуыцау Йегъовӕ мах тыххӕй цы хъуыды кӕны, уый базонын?
ЙЕГЪОВӔ НӔ ХОРЗ МИГӔНӔНТӔ КУЫД АРАЗЫ
Йегъовӕйы къухы фӕлмӕн ӕлыг дӕ?
9. Цӕмӕн ис фидарӕй зӕгъӕн, ӕмӕ адӕймагӕн йӕ бон у йӕ зӕрдӕйы уаг фӕивын ӕмӕ уый тыххӕй цы хъӕуы?
9 Йереми Хуыцауы ныхас кӕмӕн хъусын кодта, уыцы дзуттӕгты хъуыди сӕ зӕрдӕйы уаг фӕивын. Ӕмӕ уӕвгӕ уый сӕ бон уыди бакӕнын, уымӕн ӕмӕ, уацарӕй чи хъуамӕ ӕрыздӕхтаид, уыдоны тыххӕй Хуыцау афтӕ загъта: «Ӕз сын ратдзынӕн ахӕм зӕрдӕ, цӕмӕй йӕ зоной, ӕз кӕй дӕн Йегъовӕ. Ӕмӕ уыдон суыдзысты мӕ адӕм, ӕз та суыдзынӕн сӕ Хуыцау, уымӕн ӕмӕ мӕм... раздӕхдзысты» (Йер. 24:7). Ӕмӕ абон дӕр адӕмӕн сӕ бон у ахӕм ивындзинад скӕнын. Уымӕй уӕлдай ма нӕ фылдӕрӕн нӕ бон у нӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйы къухтӕм раттын. Цы хъӕуы уый тыххӕй? Хъуамӕ Фыстад лӕмбынӕг иртасӕм, Хуыцау нӕ царды куыд архайы, ууыл арф хъуыды кӕнӕм ӕмӕ, Хуыцауы тыххӕй цы базонӕм, уымӕ гӕсгӕ архайӕм. Йеремийы рӕстӕджы чи цард, уыдонӕй уӕлдай мах хъуамӕ фӕнда, цӕмӕй нын зӕрдӕтӕ сгарӕг Хуыцау Йегъовӕ нӕ зӕрдӕмӕ ныккӕса. Стӕй Библи лӕмбынӕг куы кӕсӕм ӕмӕ нын Йегъовӕ мах тыххӕй цы аразы, уымӕ нӕ хъус куы дарӕм, уӕд нӕхицӕн дӕр нӕ бон уыдзӕн нӕ зӕрдӕтӕм ныккӕсын (Пс. 17:3). Ӕмӕ нын уый та стыр пайда ӕрхӕсдзӕн!
10, 11. а) Йегъовӕ Йеремийы дурынгӕнӕджы хӕдзармӕ цӕмӕн арвыста? ӕ) Йегъовӕ адӕймагӕй цавӕр мигӕнӕн сараздзӕн, уый цӕмӕй кӕнгӕ у?
10 Сайтан адӕмы се ’ппӕты дӕр иу джиппы уадзы, фӕлӕ Хуыцау та алы адӕймагимӕ дӕр хицӕнӕй архайы. Ӕмӕ уый зыны Йеремийы цардӕй иу хабарӕй. Иухатт ын Хуыцау загъта, цӕмӕй дурынгӕнӕджы хӕдзармӕ ацыдаид. Йереми дурынгӕнӕджы баййӕфта дурынгӕнӕн цалхыл кусгӕ. Уымӕл ӕлыгӕй цы мигӕнӕн арӕзта, уый куы фехӕлд, уӕд дзы ӕндӕр мигӕнӕн аразын райдыдта. (Бакӕс Йеремийы 18:1–4.) Йегъовӕ Йеремийы уырдӕм цӕмӕн арвыста ӕмӕ уыцы хабар махӕн цӕуыл дзурӕг у?
11 Йегъовӕйы фӕндыд Йеремийӕн ӕмӕ иннӕ дзуттӕгтӕн равдисын, адӕмтыл йӕ бар кӕй цӕуы ӕмӕ сӕ дурынгӕнӕгау йӕ бон кӕй у, цавӕр мигӕнӕнтӕ йӕ фӕнды, ахӕмтӕ саразын. Куыд архайы Хуыцау ӕлыгимӕ, ома адӕмимӕ? Ӕнӕуи дурынгӕнӕгӕй уӕлдай Йегъовӕ рӕдийгӕ никуы фӕкӕны, стӕй, цӕуыл фыдӕбон кӕны, уый фырмӕстӕй нӕ ныппырх кӕны. Адӕймагӕй цавӕр мигӕнӕн сараздзӕн, уый кӕнгӕ у, йӕ къухы фӕлмӕн ӕлыг уыдзӕн ӕви нӕ, уымӕй. (Бакӕс Йеремийы 18:6–10.)
12. а) Йегъовӕйы къухы Иоаким цавӕр ӕлыг уыди? ӕ) Иоакимы хабарӕй дӕ бон цы у зондӕн райсын?
12 Уӕдӕ абон Йегъовӕ алы адӕймагимӕ дӕр куыд архайы? Сӕйраджыдӕр Библийы уылты. Адӕймаг Хуыцауы Ныхас куы фӕкӕсы, уӕд цы ахъуыды кӕны ӕмӕ куыд бакӕны, уымӕй Хуыцау фены, цавӕр удыхъӕды хицау у, уый, ӕмӕ дарддӕр йемӕ уымӕ гӕсгӕ фӕархайы. Ӕркӕсӕм паддзах Иоакимы хабармӕ ӕмӕ фенӕм, Йегъовӕ Йеремийы рӕстӕджы цӕрӕг дзуттӕгтӕй хорз мигӕнӕнтӕ саразыныл куыд архайдта, уый. Закъоны фыст уыд, зӕгъгӕ, «ӕххуырст кусӕджы ма фӕсай». Фӕлӕ паддзах сайдта адӕмы – йӕхицӕн сӕ аслам кусджытӕ скодта, цӕмӕй «стыр хӕдзар» сарӕзтаид (Дык. з. 24:14; Йер. 22:13, 14, 17). Хуыцау йӕ пехуымпарты уылты архайдта Иоакимӕй хорз мигӕнӕн саразыныл. Фӕлӕ паддзах йӕ мӕнгард зӕрдӕйы фӕдыл ацыд. Загъта, «нӕ дӕм хъусдзынӕн», зӕгъгӕ, ӕмӕ йе ’рыгонӕй цы фӕндагыл слӕууыд, уый нӕ ныууагъта. Ӕмӕ уӕд Хуыцау Иоакимы тыххӕй загъта: «Хӕрӕджы мард куыд баныгӕнынц, афтӕ йӕ баныгӕндзысты: ахӕр-хӕр ӕй кӕндзысты ӕмӕ йӕ Иерусалимы кулдуӕртты ӕдде аппардзысты» (Йер. 22:19, 21). Куыд ӕнӕзонд ми уаид, мах дӕр афтӕ куы дзуриккам, зӕгъгӕ, ахӕм дӕн, ӕмӕ мӕ ӕнцад уадзут! Кӕд абон Йегъовӕ махмӕ пехуымпарты не ’рвиты, уӕддӕр нӕ ӕнӕ разамындӕй нӕ ныууадзы. Ӕууӕнкджын цагъар нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй Библийы уагӕвӕрдтӕ ӕмбарӕм ӕмӕ нӕ цард уыдонмӕ гӕсгӕ аразӕм. Зӕгъӕм, хорз уынаффӕтӕ нын ратты, уӕлӕдарӕс, не ’ддаг бакаст, стӕй чындзӕхсӕвты ӕмӕ ӕндӕр ахӕм бӕдтыты рӕстӕг цавӕр музыкӕмӕ фӕхъусӕм кӕнӕ цавӕр кӕфтытӕ фӕкӕнӕм, уыдӕтты фӕдыл. Хуыцауӕн уый бар дӕтдзыстӕм, цӕмӕй нӕ йӕ Ныхасы фӕрцы хорз мигӕнӕнтӕ сараза?
13, 14. а) Иерусалимы цӕрӕг дзуттӕгтӕ сӕ цагъарты ссӕрибар кӕныныл цӕмӕн сразы сты? ӕ) Цагъарты хицӕуттӕн сӕ зӕрдӕ цы уавӕры уыд, уый куыд рабӕрӕг?
13 Ӕркӕсӕм ноджыдӕр иу хабармӕ. Вавилойнӕгтӕ Иудӕйы зӕхх сӕ дӕлбар куы бакодтой, уӕд дзы паддзахӕй сӕвӕрдтой Седекийы. Ӕмӕ йын кӕд Хуыцау Йеремийы уылты дзырдта, цӕмӕй вавилойнӕгтӕн лӕггад кодтаиккой, уӕддӕр Седеки сӕ ныхмӕ рацыд (Йер. 27:8, 12). Уӕд вавилойнӕгтӕ Иерусалимыл ӕртыхстысты. Ахӕм уавӕры бахаугӕйӕ паддзах ӕмӕ кънйӕзтӕ ахъуыды кодтой, зӕгъгӕ, цӕмӕй Хуыцауы зӕрдӕ балхӕнӕм, уый тыххӕй нӕ закъонмӕ гӕсгӕ исты саразын хъӕуы. Седеки зыдта, дзуттӕгтӕй цагъартӕ чи уыд, уыдоны-иу сӕ хицӕуттӕ ӕвдӕм аз кӕй хъуамӕ ссӕрибар кодтаиккой. Гъемӕ адӕмимӕ бадзырд скодта, ахӕм цагъарты кӕй ссӕрибар кӕндзысты, уый фӕдыл (Рац. 21:2; Йер. 34:14). Иерусалимы алыварс знӕгтӕ кӕй лӕууынц, уый уынгӕйӕ адӕм паддзахимӕ сразы сты. (Бакӕс Йеремийы 34:8–10.)
14 Фӕстӕдӕр Египеты ӕфсӕдтӕ Иерусалимы цӕрджытӕм ӕххуысмӕ ӕрбацыдысты, ӕмӕ вавилойнӕгтӕ горӕт ныууагътой (Йер. 37:5). Куыд бакодтой ныр, сӕ цагъарты чи ссӕрибар кодта, уыдон? Фӕстӕмӕ та сӕ сӕхимӕ кӕнын райдыдтой ӕмӕ та сӕ кусын кодтой (Йер. 34:11). Дзуттӕгтӕн сӕ быны дон куы бацыд, уӕд Хуыцауы закъон ӕххӕст кӕнын райдыдтой, кӕд нын Хуыцау не ’гоммӕгӕсдзинад ныххатыр кӕнид, зӕгъгӕ. Фӕлӕ сын тӕссаг куы нал уыд, уӕд сӕ раздӕры хъуыддӕгтӕм раздӕхтысты. Кӕд сӕхи афтӕ ӕвдыстой, цыма закъонмӕ гӕсгӕ архайынц, уӕддӕр фӕстӕдӕр сӕ хъуыддӕгтӕй рабӕрӕг, Хуыцау сын йӕ Ныхасы куыд загъта, афтӕ кӕнын сӕ зӕрдиагӕй кӕй нӕ фӕндыд ӕмӕ йӕ къухы фӕлмӕн ӕлыг кӕй нӕ уыдысты.
Йереми дурынгӕнӕджы тыххӕй цы ныффыста, уымӕй дӕ бон цы у зондӕн райсын? Йегъовӕ дурынгӕнӕгау немӕ куыд архайы?
ЙЕГЪОВӔЙЫ КЪУХЫ ФӔЛМӔН ӔЛЫГ УӔМ
15. Йегъовӕ цавӕрдӕр хъуыддагмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый куы бамбарай, уӕд дӕ бон куыд у равдисын, йӕ къухы фӕлмӕн ӕлыг кӕй дӕ, уый? Ӕрхӕсс цӕвиттон.
15 Йегъовӕ нын йӕ организацийы уылты ӕмбарын кӕны, алы ӕмӕ алыхуызон уавӕрты Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куыд ис архайӕн, уый. Зӕгъӕм, алчидӕр нӕ зоны, не ’фсымӕртӕй нӕ исчи истӕмӕй куы фӕхъыг кӕна, уӕд нӕ куыд бакӕнын хъӕуы (Еф. 4:32). Библи уый фӕдыл цы зӕгъы, уый раст кӕй у, уый дӕр ӕмбарӕм. Фӕлӕ Йегъовӕйы къухы цавӕр ӕлыг разындзыстӕм? Куыд нын дзуры, афтӕ бакӕндзыстӕм? Нӕ зӕрдӕ фӕлмӕн куы уа, уӕд нӕ удыхъӕд хуыздӕрырдӕм фӕивдзӕн. Дӕсны Дурынгӕнӕг Йегъовӕ нӕ ахӕм мигӕнӕнтӕ скӕндзӕн, цӕмӕй йӕ хъуыддаджы ноджы фылдӕр пайда хӕссӕм. (Бакӕс Ромӕгтӕм 9:20, 21; 2 Тимофеймӕ 2:20, 21.) Мах паддзах Иоакимау ӕмӕ, Седекийы рӕстӕджы цагъартӕ кӕмӕн уыд, уыцы дзуттӕгтау нӕ зӕрдӕтӕ нӕ ныддур кӕндзыстӕм, фӕлӕ Йегъовӕйы къухы фӕлмӕн ӕлыг уыдзыстӕм, цӕмӕй нӕ, кадджын хъуыддагӕн чи бахъӕуы, ахӕм мигӕнӕнтӕ сараза.
16. Йереми цавӕр ахсджиаг хъуыддаг ӕмбӕрста?
16 Хуыцауы къухы Йереми йӕхӕдӕг дӕр уыд ӕлыджы хуызӕн. Цымӕ Йереми цавӕр ӕлыг уыд? Уый базонӕн ис йӕхи ныхӕстӕй: «Адӕймагӕн йӕ къахдзӕфтыл дӕр йӕ бар нӕ цӕуы». Ӕмӕ стӕй Хуыцауӕн ныллӕгъстӕ кодта: «О Йегъовӕ, амон мын зонд» (Йер. 10:23, 24). Кӕстӕртӕ, сымах дӕр Йеремийы бафӕзмдзыстут? Ӕрыгӕтты бирӕ хъуыддӕгтӕ фӕхъӕуы скъуыддзаг кӕнын. Иуӕй-иуты фӕфӕнды, цӕмӕй сӕ къахдзӕфтӕ сӕхӕдӕг аразой. Куыд бакӕндзынӕ ды та? Уынаффӕтӕ хӕсгӕйӕ Хуыцауӕй разамынд агурдзынӕ? Йеремийау ды дӕр сӕрныллӕг уыдзынӕ ӕмӕ, адӕймагӕн йӕ къахдзӕфтыл йӕ бар кӕй нӕ цӕуы, уый ӕмбардзынӕ? Дӕ зӕрдыл дар: Хуыцауӕй зонд куы агурай, уӕд дӕ хорз мигӕнӕн сараздзӕн.
17–19. а) Йереми Евфратмӕ уыцы дард фӕндагыл цӕмӕн фӕцыд? ӕ) Йеремийӕн Хуыцауы коммӕ бакӕсын ӕнцон цӕуылнӕ уыдаид? б) Йегъовӕ Йеремийӕн йӕ рон цӕмӕн бамбӕхсын кодта?
17 Цӕмӕй Йереми пехуымпарӕй лӕггад кодтаид, уый тыххӕй хъуамӕ ӕдзухдӕр хъуыстаид, Хуыцау ын цы дзырдта, уымӕ. Йеремийы бынаты ды куы уыдаис, уӕд-иу байхъуыстаис Хуыцауы ныхасмӕ? Иухатт Йегъовӕ Йеремийӕн загъта, цӕмӕй йӕхицӕн кӕттаг рон самал кодтаид ӕмӕ йӕ йӕ астӕуыл бабастаид. Ӕмӕ йӕ стӕй Евфраты цӕугӕдоны цурмӕ арвыста. Картӕмӕ куы ’ркӕсай, уӕд фендзынӕ, уырдӕм ӕй 500 километры бӕрц кӕй хъуыди цӕуын. Йереми бынатмӕ куы ’рхӕццӕ, уӕд рон уым къӕдзӕхы скъуыды бамбӕхста ӕмӕ фӕстӕмӕ Иерусалиммӕ фӕцыд. Цасдӕры фӕстӕ та йӕ Хуыцау арвыста уыцы рон райсынмӕ. (Бакӕс Йеремийы 13:1–9.) Ӕдӕппӕтӕй Йереми фӕцыд 2 000 километры бӕрц. Библийы ныхмӕ чи дзуры, уыдоны нӕ уырны, ӕмӕ Йереми, цалдӕр мӕйы кӕдӕм хъуыд цӕуын, ахӕм дард ранмӕ фӕцыдаид (Езд. 7:9)b. Фӕлӕ йын афтӕ загъта Йегъовӕ, ӕмӕ уый дӕр афтӕ бакодта.
18 Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, Йереми уыцы дард балцы куыд цыди, уый. Фыццаг уал Иудӕйы хӕхтыл ахызт ӕмӕ стӕй, чи зоны, ӕдзӕрӕг быдырыл Евфраты ’рдӕм араст. Ӕмӕ дӕлӕмӕ дӕр уӕлӕмӕ дӕр кӕттаг рон бамбӕхсынмӕ! Йереми уыйбӕрц рӕстӕг Иерусалимы куы нӕ уыд, уӕд, хӕрзаг, адӕм кӕрӕдзи рафӕрс-бафӕрс кодтой, ай кӕм ис, зӕгъгӕ. Ӕмӕ фӕстӕмӕ куы ӕрыздӕхт, уӕд йӕ рон йӕ уӕлӕ нал уыд. Стӕй йын Хуыцау загъта, цӕмӕй уыцы дард фӕндагыл ногӕй ацыдаид ӕмӕ уыцы рон райстаид, афтӕмӕй та рон уӕдмӕ бамбыд ӕмӕ «ӕппындӕр ницӕмӕнуал бӕззыд». Чи зоны, исчи загътаид: «Дыккаг хатт та цӕмӕн, иу хатт мын фаг нӕ уыди?» Фӕлӕ Йереми афтӕ нӕ загъта. Хуыцау ын куыддӕриддӕр бафӕдзӕхста, афтӕ ӕнӕ хъуыр-хъуырӕй бакодта.
Йегъовӕ нын цы дзуры, уый кӕронмӕ куы не ’мбарӕм, уӕд дӕр ӕм цӕмӕн хъуамӕ хъусӕм?
19 Йереми дыккаг хатт балцӕй куы ӕрыздӕхт, Хуыцау ын хабар ӕрмӕстдӕр уӕд бамбарын кодта. Йереми цы сарӕзта, уый уыд цӕстуынгӕ цӕвиттон. Уый фӕрцы Йегъовӕ йӕ адӕмӕн бамбарын кодта, цы сӕм ӕнхъӕлмӕ каст, уый. Загъта сын: «Ацы фыдадӕм дӕр,– мӕ ныхасмӕ мын чи нӕ хъусы, йӕ хивӕнд зӕрдӕйы фӕдыл ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕутты фӕдыл чи цӕуы ӕмӕ сын чи кувы, сӕ разы йӕ зонгуытыл чи ’рхауы, уыдон,– суыдзысты раст ацы роны хуызӕн, уый куыд ницӕмӕнуал бӕззы, афтӕ» (Йер. 13:10). Йегъовӕ ма йӕ адӕмӕн зонд уымӕй хуыздӕр куыд хъуамӕ бацамыдтаид! Кӕд дзырд цыдӕр хъуымацы гӕбазыл цыди, уӕддӕр Йереми Йегъовӕйы ныхасмӕ ӕнӕзивӕгӕй байхъуыста, ӕмӕ уый фӕрцы Йегъовӕ йӕ адӕмӕн бамбарын кодта, цы уавӕры уыдысты, уый (Йер. 13:11).
20. Хуыцаумӕ кӕй хъусыс, уый иуӕй-иутӕм диссаг цӕмӕн фӕкӕсы, фӕлӕ фидарӕй цы зоныс?
20 Абон чырыстӕтты дард искуыдӕм цӕуын нӕ хъӕуы, цӕмӕй сын Хуыцау зонд бацамона. Фӕлӕ чырыстон фӕндагыл кӕй цӕуыс, уый дӕ сыхӕгтӕм йе та, арӕх кӕимӕ ӕмбӕлыс, уыдонмӕ, чи зоны, диссаг кӕса кӕнӕ та уый тыххӕй дӕ ныхмӕ дӕр цӕуой. Чи зоны, дзурой, зӕгъгӕ, дӕ конд ӕмӕ дӕ уындӕй иннӕтӕй цӕмӕн хицӕн кӕныс, уӕлдӕр ахуырмӕ кӕнӕ, фылдӕр ӕхца кӕм фидынц, ахӕм куыстмӕ цӕуылнӕ бацӕуыс, йе та иннӕтау цӕуылнӕ нуазыс. Адӕм дын цыфӕнды ма дзурой, уӕддӕр Йеремийау Хуыцауы разамындмӕ хъусдзынӕ? Хуыцауы къухы дӕ зӕрдӕ фӕлмӕн ӕлыджы хуызӕн куы уа, уӕд раст уынаффӕтӕ хӕсдзынӕ ӕмӕ-иу дын, чи зоны, фадат дӕр фӕзына иннӕтӕн дӕ уырнындзинады тыххӕй радзурынӕн. Куыдфӕнды ма уа,– Йегъовӕ дын йӕ Ныхасы уылты цы дзуры, уымӕ куы хъусай ӕмӕ ӕууӕнкджын цагъары разамындмӕ гӕсгӕ куы архайай, уӕд дын уый пайда уыдзӕн ныр дӕр ӕмӕ фидӕны дӕр. Уӕдӕ дӕ мӕнгард зӕрдӕйы фӕдыл макуы ацу, фӕлӕ Йеремийау Хуыцауӕн уый бар дӕтт, цӕмӕй дӕ, ӕнустӕм кӕмӕй пайда кӕндзӕн, ахӕм кадджын мигӕнӕн сараза.
Ӕдзухдӕр нӕ Сайтаны, нӕ мӕнгард зӕрдӕйы ӕмӕ дунейы ныхмӕ тох кӕнын цӕмӕн хъӕуы?
a Ацы стих ӕндӕр тӕлмацы афтӕ у: «Ацы дунейы хуызӕн ма сут» (NET Bible. 2005). Адӕймаг ацы дунейы хуызӕн куыд свӕййы, уый фӕдыл ацы стихмӕ ахӕм фиппаинаг ис: «Иуӕй, адӕймаг ацы дунейы хуызӕн свӕййы, ӕмбаргӕ дӕр ӕй нӕ бакӕны, афтӕмӕй. Иннӕмӕй та... афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ цы аразы, уый ӕппындӕр нӕ фембары».
b Иуӕй-иуты хъуыдымӕ гӕсгӕ, Йереми Евфраты цурмӕ нӕ ацыд, фӕлӕ Иерусалиммӕ хӕстӕг ранмӕ. Афтӕ цӕмӕн хъуыды кӕнынц? Иу ахуыргонд зӕгъы: «Афтӕ уымӕн дзурынц, ӕмӕ, дам, пехуымпар Иерусалимӕй Евфратмӕ ӕмӕ фӕстӕмӕ дыууӕ хатты куыд хъуамӕ фӕцыдаид».