Разамонӕг советы писмо
Зынаргъ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ!
Нӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕйы сӕйраг миниуӕг у уарзондзинад. Библийы дӕр уый тыххӕй ис фыст: «Хуыцау у уарзондзинад» (1 Иоан. 4:8). Кӕд Йегъовӕ Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау у, уӕддӕр йӕ Ныхасы никуы ис фыст, «Хуыцау у тых» кӕнӕ «Хуыцау у хъару». Цы разамынд нын дӕтты, уым дӕр зыны йӕ уарзондзинад, ӕмӕ нӕ уый разӕнгард кӕны, цӕмӕй Хуыцаумӕ ӕввахсдӕр кӕнӕм.
Йегъовӕ нӕ йӕхицӕн тыхӕй нӕ лӕггад кӕнын кӕны. Уый дурзӕрдӕ хицау нӕу. Фӕнды йӕ, цӕмӕй йын лӕггад кӕнӕм, ӕппӕт зӕрдӕйӕ йӕ кӕй уарзӕм, уый тыххӕй. Уӕд бӕрӕг вӕййы, йӕ закъӕттӕм гӕсгӕ цӕрын нӕ кӕй фӕнды, уымӕн ӕмӕ нӕ уырны, йӕ разамынд раст кӕй у ӕмӕ уарзондзинадыл дзурӕг кӕй у. Уый бӕрӕг у, адӕмы куы сфӕлдыста, уӕдӕй фӕстӕмӕ.
Йегъовӕ Адам ӕмӕ Евӕйӕн бар радта, цӕмӕй сӕхӕдӕг равзӕрстаиккой, йӕ коммӕ кӕсдзысты ӕви нӕ. Уыдон Йегъовӕйы ӕцӕгдӕр куы уарзтаиккой ӕмӕ сын цы хорздзинӕдтӕ арӕзта, уымӕн куы аргъ кодтаиккой, уӕд Сайтаны зондыл нӕ ацыдаиккой.
Бирӕ рӕстӕг рацыд, ӕмӕ Моисей йӕ мӕлӕты размӕ израилӕгтӕн загъта: «Мӕнӕ, абон уӕ разы ис цард ӕмӕ хорздзинад, мӕлӕт ӕмӕ фыддзинад» (Дык. з. 30:15). Адӕмӕн сӕ бон уыд равзарын, цавӕр фӕндагыл ацӕудзысты, уый. Йесо Навин дӕр израилӕгтӕн загъта: «Кӕд уӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын нӕ фӕнды, уӕд та равзарут абон, кӕмӕн лӕггад кӕндзыстут». Адӕм ын дзуапп радтой: «Нӕ! Уый никуы уыдзӕн, ӕмӕ мах Йегъовӕйы ныууадзӕм» (Йес. Н. 24:15, 16). Абон мах дӕр афтӕ хъуыды кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйы уарзӕм ӕмӕ йӕ никуы ныууадздзыстӕм.
Ӕцӕг чырыстӕттӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ зонӕм, сӕрибардзинадмӕ цы хауы, уый. Кӕд хистӕр нӕлгоймӕгтӕн бар ис, цӕмӕй уынаффӕтӕ дӕттой ӕмӕ суанг зонд дӕр амоной, уӕддӕр иннӕты цардӕн кӕнӕ уырнындзинадӕн сӕхи нӕ хицау кӕнынц. Апостол Павел ныффыста: «Ӕз афтӕ нӕ зӕгъын, ӕмӕ нӕхи уӕ уырнындзинадӕн хицау кӕнӕм, фӕлӕ стӕм уе ’мкусджытӕ, цӕмӕй уын уӕ циныл цин ӕфтауӕм, уымӕн ӕмӕ сымах уӕ уырнындзинады фӕрцы лӕуут фидар» (2 Кор. 1:24).
Куыд ӕхсызгон вӕййы адӕймагӕн, цавӕрдӕр хъуыддаг тыхӕй куы нӕ фӕаразы, фӕлӕ йӕхи зӕрдӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ! Йегъовӕ нын дзуры, цӕмӕй нӕ хорздзинад аразынмӕ разӕнгард кӕна уарзондзинад. Ацы хъуыддаг ахсджиаг кӕй у, уый зыны Павелы ныхӕстӕй: «Ӕмӕ мӕм цыдӕриддӕр ис, уый иннӕты бафсадынӕн куы раттон, ӕмӕ мӕ цард дӕр нывондӕн куы ’рхӕссон, цӕмӕй мӕхицӕй раппӕлон, фӕлӕ мӕм уарзондзинад куы нӕ уа, уӕд мын уыдӕттӕ ницы пайда сты» (1 Кор. 13:3).
Абон нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕй милуантӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынц, ӕппӕт зӕрдӕйӕ йӕ кӕй уарзынц, уый тыххӕй. Уый стыр цин ӕмӕ стыр кад хӕссы Йегъовӕйӕн!
Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты се ’ппӕты дӕр тынг бирӕ уарзы, уыимӕ ма, ацы дуне ӕмӕ йӕ зӕрдӕйы фӕндты фӕдыл чи нӕ цӕуы ӕмӕ йӕ чи уарзы, уыцы ӕрыгӕтты ӕмӕ сывӕллӕтты дӕр. Зонут ӕй, мах дӕр уӕ бирӕ кӕй уарзӕм (Лук. 12:42, 43).
Нӕ зынаргъ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ, нӕ зынаргъ ӕрыгӕттӕ, Йегъовӕйы кӕй уарзут, уый тыххӕй фарон хорз хабар хъусын кодтат 1 748 697 447 сахаты. Ӕгас дунейы дӕр 7 782 346 адӕймаджы уарзондзинад разӕнгард кодта хъусын кӕнынмӕ. Тынг ӕхсызгон нын у, 268 777 адӕймаджы, уыимӕ ӕрыгӕттӕ дӕр, сӕ цард Йегъовӕйӕн кӕй снывонд кодтой ӕмӕ донаргъуыд кӕй райстой. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ алы къуыри дӕр 5 168 адӕймаджы донаргъуыд кӕй иста. Куыд ӕхсызгон хъуыддаг у уый!
Ацы дунейы кӕрон Хуыцауы адӕм ӕййафынц бирӕ зындзинӕдтӕ ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ, сӕ ныхмӕ цӕуынц, низтимӕ тох кӕнынц ӕмӕ зӕронды бонтӕн быхсынц. Фӕлӕ нӕ фидар фӕнд у, цӕмӕй Хуыцауы ма ныууадзӕм ӕмӕ нӕ ныфс сӕттын ма бауадзӕм. Уӕ зӕрдыл дарут, тынг уӕ кӕй уарзӕм (Дзут. 10:39; 2 Кор. 4:16).
Уе ’фсымӕртӕ,
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Разамонӕг совет