Уарзондзинад – арфӕйаг миниуӕг
АПОСТОЛ Павел Йегъовӕйы фӕндӕй ныффыста, сыгъдӕг тых кӕй рӕзын кӕны, ахӕм миниуджыты тыххӕй, сты фараст (Гал. 5:22, 23). Уыцы арфӕйаг миниуджытӕ иууылдӕр иумӕ схуыдта «Хуыцауы сыгъдӕг тых цы дыргъ дӕтты, уый»a. Ацы миниуджытӕ дӕр хауынц ног удыхъӕдмӕ (Кол. 3:10). Зӕгъӕм, бӕласмӕ хорз куы зилай, уӕд дыргъ дӕтдзӕн. Раст афтӕ, адӕймаджы царды сыгъдӕг тых сӕрибарӕй куы архайа, уӕд ӕм ацы рӕсугъд миниуджытӕ уыдзысты (Пс. 1:1–3).
Павел фыццаг скодта уарзондзинады кой. Цымӕ арфӕйаг ӕмӕ ахсджиаг миниуӕг цӕмӕн у? Павел загъта, ӕнӕ уарзондзинадӕй, дам, ӕз «ницы дӕн» (1 Кор. 13:2). Фӕлӕ цы у уарзондзинад? Ӕмӕ йӕ нӕ бон куыд у нӕ удыхъӕды рӕзын кӕнын ӕмӕ йӕ алы бон дӕр ӕвдисын?
ЦЫ У УАРЗОНДЗИНАД?
Уарзондзинад цы у, уый ныхӕстӕй бамбарын кӕнын ӕнцон нӕу. Фӕлӕ Библи ӕвдисы, уарзгӕ чи кӕны, уыцы адӕймаг куыд фӕхъуыды кӕны ӕмӕ куыд фӕархайы, уый. Зӕгъӕм, фыст дзы ис, уарзондзинад «бирӕ фӕразы ӕмӕ у хӕларзӕрдӕ», зӕгъгӕ. Уый «цин кӕны рӕстдзинадыл», стӕй «алцӕмӕн дӕр быхсы, алцӕуыл дӕр ӕууӕнды, алцӕуыл дӕр йӕ ныфс дары, алцӕмӕн дӕр фидар лӕууы». Уарзондзинад ма уый у, ӕмӕ адӕймаг иннӕтыл зӕрдӕйӕ куы уа ӕмӕ сыл зӕрдиагӕй куы тыхса, стӕй сыл иузӕрдион ӕмӕ ӕнувыд куы уа. Уарзондзинад кӕмӕ нӕй, уый та кӕны хӕлӕг, у сӕрбӕрзонд, чи не ’мбӕлы, ахӕм митӕ кӕны, у хиуарзон, стӕй иннӕтӕн хатыр кӕнын нӕ зоны. Ацы миниуджыты хорзӕй ницы ис. Ӕмӕ мах та фӕнды, цӕмӕй нӕм уа ӕцӕг уарзондзинад – «йӕхицӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл [чи] нӕ хъуыды кӕны», ахӕм уарзондзинад (1 Кор. 13:4–8).
ЙЕГЪОВӔ ӔМӔ ЙЕСОЙЫ УАРЗОНДЗИНАД У ФӔЗМИНАГ
«Хуыцау у уарзондзинад» (1 Иоан. 4:8). Цыдӕриддӕр аразы, уый дзурӕг у йӕ уарзондзинадыл. Адӕмы кӕй уарзы, уый ӕппӕты тынгдӕр рабӕрӕг, Йесойы мах тыххӕй фӕхъизӕмар кӕнынмӕ ӕмӕ амӕлынмӕ кӕй рарвыста, уымӕй. Апостол Иоанн ныффыста: «Хуыцау нӕ кӕй уарзы, уый уымӕй равдыста, ӕмӕ йӕ иунӕг Фырты дунемӕ рарвыста, цӕмӕй уый фӕрцы цардӕй хайджын уӕм. Уарзондзинад уый мидӕг нӕй, ӕмӕ мах бауарзтам Хуыцауы, фӕлӕ уый мидӕг ис, ӕмӕ нӕ Хуыцау бауарзта ӕмӕ йӕ Фырты дунемӕ рарвыста, цӕмӕй йӕ цард нӕ тӕригъӕдты тыххӕй фидауынгӕнӕг нывондӕн ӕрхастаид» (1 Иоан. 4:9, 10). Хуыцау нӕ кӕй уарзы, уымӕ гӕсгӕ нын хатыр кӕны нӕ тӕригъӕдтӕ, стӕй нын дӕтты ныфс ӕмӕ цард.
Йесо адӕмы кӕй уарзы, уый равдыста, Хуыцауы фӕндон сӕххӕст кӕнынмӕ цӕттӕ кӕй уыд, уымӕй. Павел ныффыста: «[Йесо] зӕгъы: „Ӕз ӕрцыдтӕн дӕ фӕндон сӕххӕст кӕнынмӕ“. [...] Мах растдӕр уыцы „фӕндонмӕ“ гӕсгӕ ссыгъдӕг стӕм, Йесо Чырысти йӕхи ӕрмӕстдӕр иу хатт нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый фӕрцы» (Дзут. 10:9, 10). Уымӕй стырдӕр уарзондзинад никуы ничи равдыста. Йесо афтӕ загъта: «Уымӕй стырдӕр уарзондзинад нӕй, ӕмӕ исчи йӕ хӕлӕртты сӕрвӕлтау йӕ уд куы ратта» (Иоан. 15:13). Цымӕ махӕн дӕр, ӕнӕххӕст адӕмӕн, нӕ бон у Йегъовӕ ӕмӕ Йесойы уарзондзинад бафӕзмын? Бӕгуыдӕр! Цӕй ӕмӕ ӕркӕсӕм, уый нӕ бон куыд у аразын, уымӕ.
«ЦӔРУТ УАРЗГӔЙӔ»
Павел нын бафӕдзӕхста: «Хуыцауы фӕзмут, уымӕн ӕмӕ йӕ уарзон хъӕбултӕ стут, ӕмӕ Чырысти сымах куыд бауарзта ӕмӕ йӕхи сымах тыххӕй... нывондӕн куыд ӕрхаста, афтӕ сымах дӕр цӕрут уарзгӕйӕ» (Еф. 5:1, 2). Цӕмӕй уарзгӕйӕ цӕрӕм, уый тыххӕй хъуамӕ уарзондзинад ӕвдисӕм нӕ царды алы фӕзилӕны дӕр. Ӕмӕ нӕ уарзондзинад афтид ныхӕстӕй не ’вдисӕм, фӕлӕ хъуыддӕгтӕй. Иоанн ныффыста: «Мӕ хъӕбултӕ, уӕдӕ кӕрӕдзийы ӕрмӕст дзыхӕй, ныхӕстӕй ма уарзӕм, фӕлӕ хъуыддагӕй, сыгъдӕгзӕрдӕйӕ» (1 Иоан. 3:18). Зӕгъӕм, Йегъовӕйы ӕмӕ адӕмы кӕй уарзӕм, уымӕ гӕсгӕ хъусын кӕнӕм «Хуыцауы паддзахады тыххӕй... хорз хабар» (Матф. 24:14; Лук. 10:27). Стӕй фӕразон, хӕларзӕрдӕ ӕмӕ хатыргӕнаг кӕй стӕм, уый дӕр ууыл дзурӕг у, ӕмӕ «цӕрӕм уарзгӕйӕ». Библийы дӕр ахӕм уынаффӕ ис: «Йегъовӕ уын зӕрдӕйӕ куыд ныххатыр кодта, сымах дӕр хъуамӕ кӕрӕдзийӕн афтӕ хатыр кӕнат» (Кол. 3:13).
Фӕлӕ, зӕгъӕм, кӕмӕндӕр уынаффӕ радтам кӕнӕ йын бауайдзӕф кодтам. Уӕд уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йӕ нӕ уарзӕм? Иуӕй-иу ныййарджытӕ, цӕмӕй сӕ сывӕллон мауал кӕуа, уый тыххӕй, цыдӕриддӕр ӕй фӕхъӕуы, уый саразынц. Фӕлӕ йӕ сывӕллоны ӕцӕгдӕр чи уарзы, ахӕм ныййарӕг, кӕм бахъӕуы, уым фидардзинад дӕр равдисы. Уӕдӕ кӕд Хуыцау уарзондзинад у, уӕддӕр, кӕй уарзы, уыдонӕн зонд дӕр амоны (Дзут. 12:6). Мах дӕр иннӕты куы уарзӕм, уӕд сын, кӕм хъӕуа, уым зонд дӕр бацамондзыстӕм ӕмӕ сын уайдзӕф дӕр бакӕндзыстӕм (Ӕмб. 3:11, 12). Фӕлӕ нӕ хъуамӕ рох ма уа, нӕхӕдӕг дӕр тӕригъӕдджын кӕй стӕм ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕ алкӕд уарзондзинадыл дзурӕг кӕй нӕ вӕййынц. Ӕмӕ нӕ алкӕй дӕр хъӕуы кӕмдӕр цыдӕр фӕхуыздӕр кӕнын, цӕмӕй фылдӕр уарзондзинад ӕвдисӕм. Цы нын баххуыс кӕндзӕн? Ӕркӕсӕм ӕртӕ хъуыддагмӕ.
ФЫЛДӔР УАРЗОНДЗИНАД НӔМ ЦӔЙ ФӔРЦЫ УЫДЗӔН?
Фыццаг: хъуамӕ Хуыцауӕй йӕ сыгъдӕг тых курӕм, уымӕн ӕмӕ уарзондзинад сыгъдӕг тых рӕзын кӕны. Йесо загъта, Йегъовӕ кӕй ратты йӕ «сыгъдӕг тых, чи дзы куры, уыдонӕн» (Лук. 11:13). «Хуыцауы сыгъдӕг тыхы коммӕ [куы] кӕсӕм», уӕд нӕ уарзондзинад рӕздзӕн ӕмӕ иннӕты тынгдӕр уарздзыстӕм (Гал. 5:16). Зӕгъӕм, кӕд хистӕр нӕлгоймаг дӕ, уӕд дӕ бон у Хуыцаумӕ кувын, цӕмӕй дын йӕ сыгъдӕг тыхӕй баххуыс кӕна уынаффӕтӕ фӕлмӕнӕй дӕттынӕн. Кӕд дын сывӕллӕттӕ ис, уӕд та дӕ бон у курын, цӕмӕй дын сыгъдӕг тых ӕххуыс кӕна дӕ сывӕллӕттӕн зонд мӕстыйӕ нӕ, фӕлӕ сабырӕй амонынӕн ӕмӕ семӕ фӕлмӕнӕй ныхас кӕнынӕн.
Дыккаг: хъуамӕ хъуыды кӕнӕм, Йесойы куы ’фхӕрдтой, уӕд дӕр уарзондзинад куыд ӕвдыста, ууыл (1 Пет. 2:21, 23). Уый нын уӕлдайдӕр баххуыс кӕндзӕн, исчи нӕ куы фӕхъыг кӕна кӕнӕ нӕ дзӕгъӕлы куы бафхӕра, уӕд. Ахъуыды-иу кӕнӕм ахӕм фарстайыл: «Йесо та куыд бакодтаид?» Иу хо, Ли, зӕгъгӕ, загъта, уыцы фарста йын иу уавӕры кӕй баххуыс кодта, цӕмӕй исты саразыны размӕ уал фыццаг дзӕбӕх ахъуыды кодтаид. Ли дзуры: «Иухатт мӕ куысты иу сылгоймаг иннӕ кусджытӕм интернетӕй писмо арвыста ӕмӕ дзы мӕ кой, стӕй, куыд кусын, уый кой фӕкодта. Уый мын тынг хъыг уыди. Фӕлӕ стӕй ахъуыды кодтон, зӕгъын, ацы уавӕры мӕ бон куыд у Йесойы бафӕзмын. Мӕ бынаты Йесо куыд бакодтаид, ууыл дзӕбӕх куы ахъуыды кодтон, уӕд мӕхицӕн загътон, уыцы хабар кӕй ницӕмӕ ӕрдардзынӕн ӕмӕ йӕ кӕй нӕ ныддиссаг кӕндзынӕн. Фӕстӕдӕр ӕй базыдтон, уыцы сылгоймаг уӕззау низимӕ кӕй тох кодта ӕмӕ тынг тыхст кӕй уыд. Ӕмӕ ахъуыды кодтон, зӕгъгӕ, чи зоны йӕ уӕвгӕ дӕр нӕ фӕндыд мӕн фӕхъыг кӕнын. Йесойы куы ’фхӕрдтой, уӕд дӕр-иу цы уарзондзинад равдыста, ууыл кӕй хъуыды кодтон, уый фӕрцы мӕнӕн дӕр мӕ бон уыд ме ’мкусӕгмӕ ахӕм уарзондзинад равдисын». Йесойы куы фӕзмӕм, уӕд нӕ хъуыддӕгтӕ алкӕддӕр уыдзысты уарзондзинадыл дзурӕг.
Ӕртыккаг: хъуамӕ ахуыр кӕнӕм удуӕлдай уарзондзинадыл. Ӕцӕг чырыстӕттӕ уымӕй хицӕн кӕнынц (Иоан. 13:34, 35). Библи нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй, Йесо «куыд хъуыды кодта», мах дӕр афтӕ хъуыды кӕнӕм. Уый уӕлӕрвтӕ ныууагъта ӕмӕ мах тыххӕй «йӕхи алцӕмӕй дӕр фӕцух кодта», суанг ма мӕлгӕ дӕр акодта (Фил. 2:5–8). Мах дӕр Йесойау адӕмы удуӕлдай уарзтӕй куы уарзӕм, уӕд нӕ зондахаст дӕр уый зондахасты хуызӕн кӕндзӕн, ӕмӕ уӕд фылдӕр нӕхиуыл нӕ хъуыды кӕндзыстӕм, фӕлӕ иннӕтыл. Фӕлӕ ма уарзондзинад ноджыдӕр цавӕр арфӕдзинӕдтӕ хӕссы?
УАРЗОНДЗИНАД ЦАВӔР АРФӔДЗИНӔДТӔ ХӔССЫ
Иннӕты куы фӕуарзӕм, уӕд уый бирӕ арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕссы. Ӕркӕсӕм дзы дыууӕмӕ.
Иннӕты кӕй уарзӕм, уый цавӕр арфӕдзинӕдтӕ хӕссы?
ХОТӔ ӔМӔ ’ФСЫМӔРТӔ ӔГАС ДУНЕЙЫ ДӔР. Кӕрӕдзийы кӕй уарзӕм, уымӕ гӕсгӕ йӕ зонӕм, зӕххы цъарыл кӕцыфӕнды бӕстӕйы дӕр кӕцыфӕнды ӕмбырдмӕ дӕр куы бацӕуӕм, уӕддӕр нӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ зӕрдиагӕй кӕй суазӕг кӕндзысты ӕмӕ ныл тынг кӕй фӕцин кӕндзысты. Ӕгас дунейы дӕр дӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ уарзой, уый стыр арфӕдзинад куыннӕ у! (1 Пет. 5:9). Цымӕ ма Хуыцауы адӕмы йеддӕмӕ кӕрӕдзи исчи афтӕ уарзы?
ФАРН. «Уарзондзинады фӕрцы кӕрӕдзийӕн [кӕй] барӕм», уый фӕрцы баст стӕм «фарны тӕгтӕй» (Еф. 4:2, 3). Уыцы фарн нӕхи цӕстӕй фенӕм нӕ фембӕлдты ӕмӕ нӕ конгрессты. Ныртӕккӕ дуне у дихтӕ ӕмӕ змӕст. Ӕмӕ дзы кӕмдӕр ахӕм фарн ӕмӕ сабырдзинад кӕй ис, уый стыр диссаг нӕу? (Пс. 119:165; Ис. 54:13). Иннӕтимӕ фӕрнӕй ӕмӕ хӕларӕй цӕрыныл куы фӕархайӕм, уӕд уымӕй бӕрӕг вӕййы, куыд тынг сӕ уарзӕм, уый. Ӕмӕ уый нӕ уӕларвон Фыдӕн тынг ӕхсызгон у (Пс. 133:1–3; Матф. 5:9).
«УАРЗОНДЗИНАД... ФИДАР КӔНЫ»
Павел ныффыста: «Уарзондзинад... фидар кӕны» (1 Кор. 8:1). Уый куыд ӕмбаргӕ у? 1 Коринфӕгтӕм 13 сӕры Павел ӕмбарын кӕны, уарзондзинад куыд фидар кӕны, уый. Зӕгъӕм, иннӕты чи уарзы, уый хъуыды кӕны, иннӕтӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл (1 Кор. 10:24; 13:5). Уымӕй уӕлдай ма, уарзондзинад ӕрхъуыдыджын, фӕразон ӕмӕ хӕларзӕрдӕ кӕй у, уый фӕрцы бинонтӕ ӕмӕ ӕмбырдтӕ фидар кӕнынц: бинонтӕ кӕнынц ӕнгомдӕр ӕмӕ ӕмбырдты ис иудзинад (Кол. 3:14).
Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый та ӕппӕты стырдӕр хӕзна у. Уый хуызӕн нын нӕ иудзинады тӕгтӕ ницы фидар кӕны. Алыхуызон уавӕрты чи схъомыл, алыхуызон ӕвзӕгтыл чи дзуры ӕмӕ алы адӕмыхӕттытӕй чи у, уыцы адӕм Йегъовӕйӕн иумӕ, «уӕхски-уӕхск», лӕггад кӕнынц (Соф. 3:9). Цӕй уӕдӕ ацы арфӕйаг миниуӕг алы бон дӕр нӕ царды ӕвдисӕм!
a Сыгъдӕг тыхы дыргъмӕ чи хауы, уыцы фараст миниуӕгӕй алкӕцыйыл дӕр дзырд цӕудзӕн хицӕн статьяйы. Ӕмӕ уыцы статьятӕй ай у фыццаг.