Кӕсджыты фарстатӕ
Матфейы ӕмӕ Лукайы Евангелиты Йесо Чырыстийы райгуырды ӕмӕ йӕ сабибонты тыххӕй цы ис фыст, уыдӕттӕ кӕрӕдзийӕ цӕмӕн хицӕн кӕнынц?
Матфейы ӕмӕ Лукайы Евангелиты Йесо Чырыстийы райгуырды ӕмӕ йӕ сабибонты тыххӕй цы фыст ис, уыдӕттӕ уымӕн хицӕн кӕнынц, ӕмӕ Матфей фылдӕр Иосифы кой кӕны, Лука та – Марийӕйы.
Матфейы Евангелийы фыст ис, Марийӕ сывӕрджын кӕй у, уый базонгӕйӕ Иосиф цы бакӕнынмӕ хъавыд, уый тыххӕй. Дзырд ма дзы цӕуы, Иосифӕн зӕд фыны уыцы хабар куыд бамбарын кодта ӕмӕ йӕм Иосиф кӕй байхъуыста, ууыл (Матф. 1:19–25). Стӕй ма дзы фыст ис, зӕд Иосифы фыны кӕй бафӕдзӕхста, цӕмӕй Египетмӕ йӕ бинонтимӕ алыгъдаид, ӕмӕ Иосиф дӕр афтӕ кӕй бакодта. Дарддӕр дзы дзырд цӕуы, Иосиф ӕндӕр фын кӕй федта ӕмӕ йын уыцы фыны зӕд кӕй загъта, цӕмӕй фӕстӕмӕ Израилы зӕхмӕ аздӕхтаид, ӕмӕ Иосиф кӕй ацыд ӕмӕ йӕ бинонтимӕ горӕт Назареты кӕй ӕрцард (Матф. 2:13, 14, 19–23).
Лука та йӕ Евангелийы фылдӕр Марийӕйы кой кӕны. Фыст дзы ис, зӕд Гавриил ӕм кӕй фӕзынд, стӕй Марийӕ йӕ хӕстӕг Елизаветӕмӕ кӕй ацыд ӕмӕ Йегъовӕйы кӕй скадджын кодта, уый тыххӕй (Лук. 1:26–56). Фыст ма дзы ис, Симеон Марийӕйӕн кӕй загъта, Йесо фидӕны хъизӕмӕрттӕ кӕй бавзардзӕн. Суанг ма, Йесо 12-аздзыдӕй йӕ бинонтимӕ кувӕндонмӕ куы ацыд, уыцы хабары кой кӕнгӕйӕ дӕр Лука Иосифы ныхӕстӕ нӕ ныффыста, фӕлӕ Марийӕйы. Стӕй ма ныффыста, Марийӕ уыцы хабӕрттӕ йӕ зӕрдыл кӕй бадардта (Лук. 2:19, 34, 35, 48, 51). Куыд зыны, афтӕмӕй Матфей фылдӕр, Иосиф цы хъуыды кодта ӕмӕ цы арӕзта, уый кой кӕны, Лука та фылдӕр фыссы Марийӕйы тыххӕй.
Йесойы хӕдзарвӕндаджы номхыгъдтӕ дӕр ацы дыууӕ Евангелийы хицӕн кӕнынц. Матфей ныффыста Иосифы хӕдзарвӕндаджы номхыгъд ӕмӕ уымӕй равдыста, Йесойӕн, йӕ кӕнгӕ фыртӕн, закъонмӕ гӕсгӕ уый бар кӕй уыд, цӕмӕй Давиды паддзахбадӕныл ӕрбадтаид. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ Иосиф уыд паддзах Давиды байзӕддаг йӕ фырт Соломоны хӕдзарвӕндаджы уылты (Матф. 1:6, 16). Лука та ныффыста Марийӕйы хӕдзарвӕндаджы номхыгъд ӕмӕ уымӕй равдыста, Йесо «туг ӕмӕ стӕгӕй» Давиды байзӕддаг кӕй у, ӕмӕ йын уымӕ гӕсгӕ дӕр уый бар кӕй уыд, цӕмӕй Давиды паддзахбадӕныл ӕрбадтаид (Ром. 1:3). Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ Марийӕ уыд паддзах Давиды байзӕддаг йӕ фырт Нафаны хӕдзарвӕндаджы уылты (Лук. 3:31). Уӕдӕ цымӕ Лука уыцы номхыгъды Марийӕйы йӕ фыд Илийы чызг цӕуылнӕ хоны? Уымӕн ӕмӕ-иу хӕдзарвӕндаджы номхыгъды арӕхдӕр фыстой ӕрмӕстдӕр нӕлгоймӕгты нӕмттӕ. Гъемӕ кӕд Лука йӕ номхыгъды Иосифы Илийы фырт схуыдта, уӕддӕр-иу ӕй адӕймаг бамбӕрстаид, Иосиф Илийӕн йӕ сиахс кӕй уыд (Лук. 3:23).
Матфейы Евангелийы ӕмӕ Лукайы Евангелийы цы хӕдзарвӕндӕгты номхыгъдтӕ ис, уыдонӕй бӕрӕг у, Йесо кӕй уыд, Хуыцау зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы Мессийӕ. Йесо паддзах Давиды байзӕддаг кӕй уыд, уый алчидӕр афтӕ хорз зыдта, ӕмӕ ма суанг фарисейтӕн ӕмӕ саддукейтӕн дӕр сӕ бон нӕ уыд уый сдзырддаг кӕнын. Матфейы ӕмӕ Лукайы Евангелиты Йесойы хӕдзарвӕндӕгты номхыгъдтӕ кӕй ис, уый нын нӕ уырнындзинад тынг фидар кӕны ӕмӕ нӕ уый фӕрцы ис фидар ныфс, Хуыцауы зӕрдӕвӕрдтӕ иууылдӕр кӕй сӕххӕст уыдзысты.