Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 4/10 3 ф.
  • Фарстаты асыкк

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Фарстаты асыкк
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2010
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Фарстыты асыкк
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2002
  • Размӕ тындз
    Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола — стыр ӕххуыс дӕуӕн
  • Аудиозаписьтӕй куыд ис пайда кӕнӕн
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2015
  • Фарстыты асыкк
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2005
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2010
km 4/10 3 ф.

Фарстаты асыкк

◼ Цымӕ раст у раныхӕстӕ дисктыл (кассетӕтыл) кӕнӕ гӕххӕттыл иннӕтӕн дӕттын?

Ӕмбырды цы раныхӕстӕ фехъусӕм, уыдон нын нӕ уырнындзинад бафидар кӕнынц ӕмӕ нӕ ныфс бауадзынц (Ап. хъ. 15:32). Уӕдӕ уым диссагӕй ницы ис, кӕй нӕ фӕфӕнды, цӕмӕй, ӕмбырды чи нӕ уыд, уыдон дӕр сӕ фехъусой. Абон бирӕ алыхуызон мадзӕлттӕ кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ нӕ бон у раныхӕстӕ ӕнцонтӕй рафыссын ӕмӕ сӕ иннӕтӕм фӕхӕццӕ кӕнын. Иуӕй-иутӕ ахӕм раныхӕстӕ ӕмбырд фӕкӕнынц, вӕййы сӕм, суанг бирӕ азты размӕ кӕй радзырдтой, ахӕмтӕ дӕр. Се ’мбӕлттыл зӕрдиагӕй кӕй тыхсынц, уымӕ гӕсгӕ сын сӕ байхъусынмӕ авӕрынц кӕнӕ сын сӕ рафыссынц. Чидӕр та Интернеты скӕны вебсайт ӕмӕ дзы сӕвӕры раныхӕстӕ, ӕмӕ сӕ алкӕй бон дӕр вӕййы рафыссын.

Адӕймаг раныхӕстӕ йӕхицӕн кӕнӕ йӕ бинонтӕй искӕмӕн рафысса, уым ӕвзӕрӕй ницы ис. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр иуӕй-иу хатт ӕфсымӕртӕн бахӕс кӕнынц, цӕмӕй рынчын чи у ӕмӕ йӕ бон ӕмбырдтӕм цӕуын кӕмӕн нӕу, уыдонӕн-иу раныхӕстӕ рафыссой. Фӕлӕ уӕддӕр раст нӕ уаид, раныхӕстӕ дисктыл кӕнӕ гӕххӕттыл иннӕтӕн куы дӕттиккам.

Дискыл кӕнӕ гӕххӕттыл фыст раныхас, чи зоны, раст ма бамбарӕм, уымӕн ӕмӕ йӕ нӕ фӕзонӕм, цы ’мбырды йӕ радзырдтой, уым цы уавӕртӕ ис, уыдон. Стӕй, раныхас чи радзырдта ӕмӕ йӕ кӕд радзырдта, уый дӕр нӕ зонӕм. Уымӕ гӕсгӕ бӕрӕг нӕу, уыцы хабӕрттӕ ма абон дӕр афтӕ сты, стӕй бӕлвырд сты ӕви нӕ. (Лук. 1:1–4). Уымӕй уӕлдай, раныхӕстӕ дисктыл кӕнӕ гӕххӕттыл иннӕтӕн куы дӕттӕм, уӕд тӕссаг у, адӕймагӕн ӕгӕр стыр кад кӕй кӕндзыстӕм кӕнӕ та, раныхас кӕмӕн уыди, уый йӕхицӕй куы ныббуц уа (1 Кор. 3:5–7).

Ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар бирӕ фыдӕбон кӕны, цӕмӕй нын «нӕ хӕринаджы хай афоныл дӕтта» (Лук. 12:42). Уыцы хӕринагмӕ хауы, ӕмбырды раныхӕстӕ кӕй вӕййы, уый, стӕй нӕ организацийы вебсайтӕй цы рафыссӕн ис, уый дӕр. Ма дызӕрдыг кӕнӕм, ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар ӕмӕ нын Разамонӕг совет кӕй дӕтдзысты, нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн нӕ цыдӕриддӕр хъӕуы, уый (Ап. хъ. 16:4, 5).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын