«Афтӕ-иу кӕнут». Ӕрымысӕн изӕр уыдзӕн 5 апрелы
1. Ӕрымысӕн изӕр бӕрӕг кӕнын ахсджиаг цӕмӕн у?
1 «Афтӕ-иу кӕнут мӕн ӕрымысыны тыххӕй» (Лук. 22:19). Йесо Чырысти ацы фӕдзӕхст радта йӕ фӕдылдзӕуджытӕн, цӕмӕй йын йӕ мӕлӕт бӕрӕг кодтаиккой. Ахӕсты аргъ стыр арфӕдзинӕдтӕ кӕй хӕссы, уымӕ гӕсгӕ чырыстӕттӕн алы аз дӕр Ӕрымысӕн изӕрӕй ахсджиагдӕр ӕмӕ кадджындӕр бон нӕ вӕййы. Ацы аз уыцы бӕрӕгбон уыдзӕн 5 апрелы. Йегъовӕйӕ бузныг кӕй стӕм, уый нӕ бон куыд у равдисын? (Кол. 3:15).
2. Ӕрымысӕн изӕрӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый нӕ бон куыд у равдисын?
2 Нӕхи бацӕттӕ кӕнӕм. Мах алы хатт дӕр нӕхи фӕцӕттӕ кӕнӕм ахсджиаг хъуыддӕгтӕм. Ӕрымысӕн изӕрмӕ нӕ бон у нӕ зӕрдӕтӕ бацӕттӕ кӕнын, Йесойы зӕххон царды фӕстаг бонты цы цаутӕ ӕрцыд, уыдоны тыххӕй ӕнӕхъӕн бинонтӕй дӕр куы бакӕсӕм ӕмӕ сыл куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд (Езд. 7:10). Уыцы стихтӕ ссарӕн ис къӕлиндары ӕмӕ брошюрӕйы «Алы бон дӕр Фыстад иртас», фылдӕр ӕрмӕг та ис брошюрӕйы «Иумӕ цӕрӕнбонтӕм. Цӕй фӕрцы?» 23, 24 фӕрстыл ӕмӕ дзы амынд ис сӕртӕ чиныгӕй «Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг».
3. Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕг фылдӕр куы балӕггад кӕнӕм, уӕд куыд равдисдзыстӕм, Чырыстийы нывондӕн кӕй аргъ кӕнӕм?
3 Хъусын кӕнӕм. Чырыстийы нывондӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый ма нӕ бон у равдисын, Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕг фылдӕр куы хъусын кӕнӕм, уымӕй (Лук. 6:45). Ӕгас дунейы дӕр Ӕрымысӕн изӕрмӕ хонын райдайдзыстӕм 17 мартъийӕ, сабатӕй. Дӕ бон у дӕ хъуыддӕгтӕ афтӕ спълан кӕнын, цӕмӕй уыцы рӕстӕг фылдӕр балӕггад кӕнай, зӕгъӕм, ӕххуысгӕнӕг пионерӕй? Хорз уаид, ууыл ног къуыри уӕ бинонты ахуыры рӕстӕг куы аныхас кӕниккат.
4. Ӕрымысӕн изӕр кӕй фӕбӕрӕг кӕнӕм, уый нын цы пайда ӕрхӕссы?
4 Алы аз дӕр Ӕрымысӕн изӕр кӕй фӕбӕрӕг кӕнӕм, уый нын ӕрхӕссы стыр пайда! Йегъовӕ йӕ хӕларзӕрдӕйӕ йӕ иунӕггуырд Фырты нывондӕн кӕй ӕрхаста, ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ циныл бафты ӕмӕ Хуыцаумӕ ноджы фенгомдӕр вӕййӕм (Иоан. 3:16; 1 Иоан. 4:9, 10). Уый нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй ӕрмӕст нӕхи тыххӕй мауал цӕрӕм (2 Кор. 5:14, 15). Уый ма нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй Йегъовӕйы кадджын кӕнӕм, адӕм кӕмдӕриддӕр ис, уым (Пс. 102:19–21). Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ ахӕсты аргъы тыххӕй бузныг кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ сӕ зӕрдиагӕй фӕнды «фехъусын кӕнын нӕ Хицауы мӕлӕты тыххӕй», ӕмӕ нын уый фадат уыдзӕн 5 апрелы Ӕрымысӕн изӕры (1 Кор. 11:26).