Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w12 1/1 12–15 фф.
  • Арӕнтӕ сӕ нӕ хъыгдарынц

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Арӕнтӕ сӕ нӕ хъыгдарынц
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Бӕстӕты ’хсӕн – арӕнтӕ, адӕмы ’хсӕн – иудзинад
  • Ноджы ӕнгомдӕр. Цӕй фӕрцы?
  • Хуыцауӕн кӕм кувӕм, уыцы бынӕттӕ
    Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уыцы организаци
  • Уӕ Паддзахады залмӕ зилут?
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2006
  • Ног программӕ Паддзахады Залтӕ аразынӕн
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2000
  • Хуыцауӕн кӕм кувӕм, уыцы бынат
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2015
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
w12 1/1 12–15 фф.

Арӕнтӕ сӕ нӕ хъыгдарынц

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ архайынц, цӕмӕй се ’хсӕн иудзинад уа, цыфӕнды адӕмыхаттӕй ма уой, уӕддӕр. Уыдон сӕ зӕрдӕмӕ арф исынц, Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн цы загъта, уый, «уе ’ппӕт дӕр ӕфсымӕртӕ стут», зӕгъгӕ (Матфейы 23:8). Ӕмӕ уый ӕцӕгдӕр афтӕ кӕй у, уый фенӕн ис, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕм фембырд кӕнынц, дыууӕ ахӕм бынаты – иу дзы ис Португалийы, иннӕ та – Испанийы.

ЦӔГАТ Португалийы ис горӕт Валенсӕ ду Минью. Ацы горӕт тӕссаг заманты арӕзт кӕй ӕрцыд, уымӕ гӕсгӕ йӕ алыварс ис сис амад. Йӕ цыргъфындз цъуппытӕ фӕлгӕсынц Миньюмӕ, Испани ӕмӕ Португали чи хицӕн кӕны, уыцы цӕугӕдонмӕ. Цӕугӕдоны иннӕ фарс та ӕрӕнцад испайнаг горӕт Туи. Горӕты ис, фидар мӕсыджы хуызӕн чи у, ахӕм аргъуан. Туийы ӕмӕ Валенсӕйы цы фидӕрттӕ ис, уыдонӕн сӕ рагондӕртӕ арӕзт ӕрцыдысты 17 ӕнусы, Испани ӕмӕ Португалийы ’хсӕн хӕст куыд уыд, уыцы рӕстӕг.

1995 азы ацы дыууӕ европӕйаг бӕстӕйы ’хсӕн арӕнтӕ бӕргӕ байгом кодтой, фӕлӕ цӕмӕй адӕмы ’хсӕн иудзинад уа, уый тыххӕй ӕрмӕст уый фаг нӕу – адӕмы хъӕуы сӕ зондахаст фӕивын. Валенсӕйы ис иу гыццыл рӕсугъд агъуыст – испайнаг ӕмӕ португайлаг Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдтӕ кӕм фӕцӕуынц, ахӕм бынат, хуыйны Паддзахады зал. Чи дзы ӕрӕмбырд вӕййы, уыдоны хабарӕй бӕрӕг у, алыхуызон адӕмыхӕттытӕн сӕ бон кӕй у кӕрӕдзиимӕ хӕларӕй цӕрын.

2001 азы горӕт Туийы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты бахъуыд, кӕм ӕмбырд кодтой, уыцы агъуыст суӕгъд кӕнын. Фӕлӕ цӕмӕй сӕхи зал сарӕзтаиккой, уый фаг сӕм ӕхца нӕ уыд, стӕй бирӕ кӕй нӕ уыдысты, уый тыххӕй сын ӕндӕр агъуыст баххуырсын дӕр ӕгӕр зынаргъ лӕууыд. Португайлаг горӕт Валенсӕйы се ’фсымӕртӕ кӕм ӕмбырд кодтой, уырдӕм сӕ горӕтӕй цалдӕр километры йеддӕмӕ кӕй нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ сӕм бахатыдысты, цӕмӕй сын бар радтаиккой сӕ залы ӕмбырд кӕнынӕн.

Эдуардо Вилья, испайнаг ӕфсымӕр, загъта: «2001 азы декабры дыууӕ ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ уыцы хъуыддаджы фӕдыл фембӕлдысты. Йегъовӕйы фӕрцы нын нӕ португайлаг ӕфсымӕртӕ нӕ уавӕр бамбӕрстой. Кӕд сӕ рӕсугъд зал саразыны тыххӕй бирӕ фӕфыдӕбон кодтой, уӕддӕр нын сӕ цӕст бауарзта, цӕмӕй дзы мах дӕр ӕмбырд кодтаиккам ӕмӕ нын уый нӕ уырнындзинад тынг бафидар кодта».

Уыцы фембӕлды чи уыд, уыцы португайлаг ӕфсымӕртӕй иу, Америко Алмейда, загъта, сӕ испайнаг ӕфсымӕрты сын сӕ Паддзахады залы суазӕг кӕнын ӕхсызгон кӕй уыд. Стӕй ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Йегъовӕ ацы хъуыддагӕн кӕй раарфӕ кӕндзӕн, ууыл нӕ дызӕрдыг кодтам. Уымӕ гӕсгӕ, уынаффӕ куы хастам, уӕд нӕ иу дӕр „нӕ“ нӕ загъта». Испани ӕмӕ Португалийы ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ кӕрӕдзи хорз ӕмбарынц. «Чи зоны искӕмӕ диссаг фӕкӕса, фӕлӕ махмӕ нымады дӕр нӕу, иу бӕстӕйӕ кӕй не стӕм. Мах стӕм хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ»,– зӕгъы Валенсӕйы цӕрӕг Паоло.

Паддзахады залмӕ уазӕг куы ’рбацӕуы, уӕд фыццаг фены, къулыл дыууӕ ӕмхуызон сахаты алыхуызон рӕстӕг кӕй амонынц. Испанийы рӕстӕг иу сахат раздӕр цы у, уый йеддӕмӕ ацы дыууӕ ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты ницы хицӕн кӕны. Зал цалцӕг кӕнын куы бахъуыд, уӕд дыууӕ ӕмбырды зӕрдӕргъӕвд кусджытӕн разамынд лӕвӕрдта, Испанийы цы Регионалон арӕзтадон комитет ис, уый. Паоло дзуры: «Испанийӕ нӕм баххуыс кӕнынмӕ бирӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ ссыд, чидӕртӕ дзы фӕцыдысты суанг 160 километры бӕрц. Иумӕ кӕй куыстам, уый руаджы кӕрӕдзи ноджы тынгдӕр бауарзтам».

Ныр та ӕркӕсӕм, арӕнтӕ адӕмы иудзинадӕн къуылымпыйы хос кӕй не сты, уый чи ’вдисы, ӕндӕр ахӕм хабармӕ.

Бӕстӕты ’хсӕн – арӕнтӕ, адӕмы ’хсӕн – иудзинад

Испайнаг горӕт Пучсердӕ ис Францийы арӕныл. Ацы горӕт ӕрбынат кодта Пиренейаг хӕхты астӕу, йӕ зӕххы бӕркадӕй хъуыстгонд дӕлвӕз Серданы. Сердань кӕддӕр хауд Испанимӕ, фӕлӕ 1659 азы «Пиренейаг фидыды бадзырд» кӕй хонынц, уымӕ гӕсгӕ Испани уыцы зӕххӕн йе ’мбис радта Францийӕн.

Абон французӕгты исты ӕлхӕнын куы фӕхъӕуы, уӕд фӕцӕуынц Пучсердӕмӕ, Серданы сӕйраг горӕтмӕ. 1997 азӕй фӕстӕмӕ ацы горӕты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Паддзахады залы ӕмбырд кӕнын райдыдтой сӕ французаг хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ дӕр. Уыцы аз французаг Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты бахъуыд, цы залы ӕмбырд кодтой, уый суӕгъд кӕнын. Францийы сӕм хӕстӕгдӕр цы Паддзахады зал ис, уырдӕм машинӕйӕ хъӕуы иу сахаты бӕрц цӕуын, зымӕгон та комы уыйбӕрц мит ныууары, ӕмӕ дзы ацӕуӕнтӕ нал вӕййы.

Французаг Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕ испайнаг ӕфсымӕртӕн хабар куы бамбарын кодтой, уӕд уыдон уайтагъд сразы сты, цӕмӕй сын сӕ Паддзахады залы ӕмбырд кӕной. «Испайнаг хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн ӕхсызгон уыд се ’фсымӕртӕн баххуыс кӕнын»,– загъта Прем, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн Испанийӕ. «Кӕрӕдзимӕ ахӕм зӕрдӕ кӕй дарӕм, уый у, Библи бирӕ азты дӕргъы кӕй ахуыр кӕнӕм, уый фӕрцы. Сӕ курдиат нын куы загътой, уымӕй нӕм цалдӕр къуырийы фӕстӕ цӕуын райдыдтой, ӕмӕ ныр иу залы ӕмбырд кӕнӕм 13 азы дӕргъы».

«Ӕмбырдтӕн Пучсердӕйӕ хуыздӕр бынат хъуыды дӕр не ’ркодтаиккам,– зӕгъы Ерик, французаг ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕй иу.– Абон дӕр ма мӕ зӕрдыл лӕууы, куыд тынг ныл бацин кодтой испайнаг хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ. Не ’рбацыдмӕ зал дидинджытӕй срӕсугъд кодтой ӕмӕ ныффыстой: „Ӕгас цӕут, нӕ зынаргъ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ!“»

Ерик ма радзырдта: «Францийы-иу нын ӕмбырдтӕ кӕм уыд, уыцы бынатӕй нӕ цӕуын куы бахъуыд, уӕд адӕм хъуыды кодтой, ӕмбырдтӕ нын кӕй нал уыдзӕн. Фӕлӕ ӕдзух Хуыцауы ныхас кӕй хъусын кодтам ӕмӕ адӕмы не ’мбырдтӕм Испанимӕ кӕй хуыдтам, уымӕ гӕсгӕ бамбӕрстой, рӕдигӕ кӕй кодтой. Фылдӕр базонын кӕй фӕнды, уыдонӕн тынг ӕхсызгон у ӕмбырдтӕм Испанимӕ цӕуын. Иннӕ хорз хъуыддаг та уый у, ӕмӕ нӕ испайнаг ӕфсымӕртимӕ иу залы кӕй ӕмбырд кӕнӕм, уый фӕрцы семӕ ӕнгомдӕр кӕнӕм. Уымӕй размӕ дӕр куыннӕ зыдтам, арӕны иннӕ фарс испайнаг ӕмбырд кӕй ис, фӕлӕ кӕрӕдзийыл арӕх не ’мбӕлдыстӕм. Ныр та кӕрӕдзи арӕх уынӕм, ӕмӕ нӕм афтӕ нал кӕсы, цыма ацы дард комы мах йеддӕмӕ ничи ис».

Цымӕ, алы адӕмыхӕттытӕй кӕй сты, уый сӕ исты хъыгдары? 80-аздзыд сылгоймаг, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн Францийӕ, дзуры: «Куы йӕ фехъуыстон, не ’мбырдтӕ Испанийы цӕудзысты, уӕд мӕхимидӕг батыхстӕн. Фӕлӕ ныл нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ Пучсердӕйӕ тынг куы бацин кодтой ӕмӕ нӕм хорз цӕстӕй куы ракастысты, уӕд ӕй бамбӕрстон, дзӕгъӕлы кӕй тыхстыстӕм. Иу Паддзахады залы кӕй ӕмбырд кӕнӕм, уый фӕрцы иууылдӕр уынынц, Йегъовӕйы адӕм кӕмфӕнды ма цӕрой, уӕддӕр се ’хсӕн иудзинад кӕй ис».

Ноджы ӕнгомдӕр. Цӕй фӕрцы?

Европӕйы бӕстӕтӕм цӕдис саразыны хъуыды куы фӕзынд, уӕд «сӕ фӕндыд, цӕмӕй Европӕйы бӕстӕты цӕрӕг адӕмы ’хсӕн уыдаид, уӕдмӕ чи никуы уыд, ахӕм иудзинад». Ӕмӕ цӕмӕй уыцы хъуыддаг сӕ къухы тагъддӕр бафтыдаид, уый тыххӕй 1980-ӕм ӕмӕ 1990-ӕм азты арӕнтӕ гом кӕнын райдыдтой. Фӕлӕ адӕмы баиу кӕнынӕн ӕрмӕст ӕрӕнтӕ айсын фаг нӕу – уый тыххӕй ма адӕмы хъӕуы сӕ зондахаст дӕр фӕивын.

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕ тых сӕ бонӕй архайынц, цӕмӕй макӕй хъулон кӕной ӕмӕ адӕммӕ ӕнӕууӕнк цӕстӕй ма кӕсой. Уыдон ӕмбарынц, хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ алы адӕмыхаттӕй кӕй сты, уый Хуыцауы арфӕдзинад кӕй у ӕмӕ «Хуыцау кӕй никӕй хъулон кӕны» (Хъуыддӕгтӕ 10:34). Ӕхсӕнадӕмон конгрессты ӕмӕ Паддзахады залты куы ӕрӕмбырд вӕййынц, уӕд сӕ бон вӕййы зӕгъын, Библийы куыд фыст ис, афтӕ: «Уымӕй хуыздӕр, уымӕй ӕхсызгондӕр ницы ис, ӕмӕ ӕфсымӕртӕ иумӕ ӕмвӕнд-ӕмзондӕй куы цӕрой!» (Псалом 133:1). Ӕцӕгдӕр афтӕ кӕй у, уый бӕрӕг у, Валенсӕ ӕмӕ Пучсердӕйы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн сӕ сыхаг бӕстӕты хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ цы иудзинад ис, уымӕй.

[Хицӕнгонд текст 13 фарсыл]

«Чи зоны искӕмӕ диссаг фӕкӕса, фӕлӕ махмӕ нымады дӕр нӕу, иу бӕстӕйӕ кӕй не стӕм. Мах стӕм хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ»

[Хицӕнгонд текст 14 фарсыл]

«Иумӕ кӕй куыстам, уый руаджы кӕрӕдзи ноджы тынгдӕр бауарзтам»

[Хицӕнгонд текст 15 фарсыл]

«Уымӕй хуыздӕр, уымӕй ӕхсызгондӕр ницы ис, ӕмӕ ӕфсымӕртӕ иумӕ ӕмвӕнд-ӕмзондӕй куы цӕрой!» (ПСАЛОМ 133:1)

[Ныв 12, 13 фӕрстыл]

Валенсӕ ду Миньюйӕ кӕсгӕйӕ горӕт Туи ӕмӕ цӕугӕдон Минью

[Ныв 14 фарсыл]

Испайнаг ӕмӕ португайлаг Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ иумӕ цалцӕг кӕнынц зал

[Ныв 15 фарсыл]

Пиренейы хӕхтӕ ӕмӕ Серданы дӕлвӕз

[Ныв 15 фарсыл]

Пучсердӕйы залы фембӕлдтӕ кӕмӕн вӕййы, уыцы ӕмбырдты хистӕр нӕлгоймӕгтӕй дыууӕ – иу Испанийӕ, иннӕ та Францийӕ

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын