Йегъовӕ дын «дӕ фӕндтӕ иууылдӕр сӕххӕст кӕнӕд»
«Йегъовӕ уӕд де стыр цин, ӕмӕ дын дӕ зӕрдӕйы фӕндтӕ сӕххӕст кӕндзӕн» (ПС. 37:4).
1. Алы ӕрыгон адӕймаджы дӕр цы фӕхъӕуы аскъуыддзаг кӕнын, фӕлӕ ууыл ӕгӕр мӕт кӕнын цӕуылнӕ хъӕуы? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)
ӔРЫГӔТТӔ, ӕвӕццӕгӕн, сразы уыдзыстут, цалынмӕ адӕймаг балцы ацӕуа, уӕдмӕ уал кӕй хъуамӕ спълан кӕна, бӕлвырдӕй кӕдӕм ацӕудзӕн, уый. Цард абарӕн ис балцимӕ, ӕмӕ йӕ спълан кӕнын фӕхъӕуы ӕрыгонӕй. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый хуымӕтӕг хъуыддаг нӕу. Иу ӕрыгон чызг, Хетер, загъта: «Адӕймаг уымӕ йӕ ныфс нӕ фӕхӕссы, уымӕн ӕмӕ фембары, цы уынаффӕ рахӕсдзӕн, уымӕй кӕнгӕ кӕй уыдзӕн йӕ цард ӕнӕхъӕнӕй дӕр». Кӕд дӕумӕ дӕр уыцы хъуыддаг зын кӕсы, уӕд ма рох кӕн, Йегъовӕ дын цы зӕгъы, уый: «Ма тӕрс, уымӕн ӕмӕ ӕз демӕ дӕн. Тарст ракӕс-бакӕс ма кӕн, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕ Хуыцау дӕн. Ӕз дӕ сфидар кӕндзынӕн. Ӕз дын баххуыс кӕндзынӕн» (Ис. 41:10).
2. Кӕцӕй йӕ зоныс, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй дӕ разы ахӕм нысӕнттӕ сӕвӕрай, ӕмӕ фидӕны амондджын уай?
2 Йегъовӕ дын дзуры, цӕмӕй дӕ разы нысӕнттӕ ’вӕргӕйӕ лӕмбынӕг хъуыды кӕнай (Еккл. 12:1; Матф. 6:20). Уый фӕнды, цӕмӕй амондджын уай. Ӕмӕ уый бӕрӕг у, цы сфӕлдыста, уымӕй дӕр. Ӕрдзы рӕсугъд нывтӕ ӕмӕ ӕхсызгон зӕлтӕ, алыхуызон адджын хӕринӕгтӕ,– уыдӕттӕ иууылдӕр дзурӕг сты, Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы, ууыл. Уый ма бӕрӕг у, кӕй нӕ ахуыр кӕны ӕмӕ нын царды ӕппӕты хуыздӕр фӕндаг кӕй амоны, уымӕй дӕр. Йӕ уынаффӕтӕм ын чи нӕ хъусы, уыдонӕн та Йегъовӕ зӕгъы: «Сымах... ӕвзӕрстат, мӕ зӕрдӕмӕ цы нӕ цӕуы, уый. [...] Мӕ лӕггадгӕнджытӕ цин кӕндзысты, сымахӕн та фырхудинагӕй уӕ цӕсгом судздзӕн. Мӕ лӕггадгӕнджытӕ цины хъӕр кӕндзысты, сӕ зӕрдӕ кӕй райдзӕн, уый тыххӕй» (Ис. 65:12–14). Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм уынаффӕтӕ куы хӕссӕм, уӕд ӕй уымӕй кадджын кӕндзыстӕм (Ӕмб. 27:11).
ФИДӔНЫ АМОНДДЖЫН КӔЙ ФӔРЦЫ УЫДЗЫНӔ, УЫЦЫ НЫСӔНТТӔ
3. Йегъовӕ дын цы зӕгъы, дӕ разы цавӕр нысӕнттӕ у дӕ бон сӕвӕрын, уый тыххӕй?
3 Цавӕр нысӕнттӕ у дӕ бон дӕ разы сӕвӕрын? Йегъовӕ дын цы зӕгъы уый тыххӕй? Хуыцау адӕймаджы афтӕ сфӕлдыста, ӕмӕ, цӕмӕй амондджын уа, уый тыххӕй хъуамӕ зона йе Сфӕлдисӕджы ӕмӕ йын иузӕрдионӕй лӕггад кӕна (Пс. 128:1; Матф. 5:3). Уый тынг хицӕн кӕны, цӕрӕгойты куыд сфӕлдыста, уымӕй – уыдонӕн сӕ цард у ӕрмӕст хӕрын, нуазын ӕмӕ цот уадзын. Фӕлӕ адӕймагӕн уыдӕттӕ фаг не сты. Уӕдӕ Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй дӕ цард афтӕ аразай, ӕмӕ ӕцӕг амондӕй хайджын уай. Не Сфӕлдисӕг у «уарзондзинады... Хуыцау» ӕмӕ «амондджын Хуыцау», ӕмӕ адӕмы сфӕлдыста «йӕхимӕ гӕсгӕ» (2 Кор. 13:11; 1 Тим. 1:11; Райд. 1:27). Уӕдӕ нӕ уарзӕгой Хуыцауы куы фӕзмай, уӕд уыдзынӕ амондджын. Ӕвӕццӕгӕн ӕй дӕхицӕй зоныс, Библийы фыст ныхӕстӕ раст кӕй сты: «Райсынӕй раттын амондджындӕр хъуыддаг у» (Хъуыд. 20:35). Ӕмӕ, ӕцӕгдӕр, адӕймаг ацы уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ куы нӕ цӕра, уӕд амондджын нӕ уыдзӕн. Йегъовӕйы дӕр уый тыххӕй фӕнды, цӕмӕй йын йӕхи дӕр ӕмӕ адӕмы дӕр уарзай ӕмӕ уый бӕрӕг уа, дӕ разы цавӕр нысӕнттӕ ӕвӕрыс, уымӕй. (Бакӕс Матфейы 22:36–39.)
4, 5. Йесойӕн стыр цины хос цы уыд?
4 Ӕрыгӕттӕ, Йесо Чырысти уын алы хъуыддаджы дӕр у фӕзминаг. Гыццыл куы уыди, уӕд-иу хъазгӕ дӕр куыннӕ кодтаид ӕмӕ-иу йӕхи дӕр куыннӕ ирхӕфстаид. Хуыцауы Ныхасы дӕр фыст ис, кӕй ис «рӕстӕг худынӕн... ӕмӕ рӕстӕг кафынӕн» (Еккл. 3:4). Фӕлӕ ма уымӕй уӕлдай Йесо Фыстад дӕр ахуыр кодта, ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕмӕ ӕнгомдӕр кодта. 12 азы йыл куы цыд, уӕд иухатт кувӕндоны ахуыргӕнджытимӕ Хуыцауимӕ баст хъуыддӕгтыл ныхас кодта, ӕмӕ уыдон дисӕй мардысты, «куыд ӕмбаргӕ у ӕмӕ цы дзуаппытӕ дӕтты», зӕгъгӕ (Лук. 2:42, 46, 47).
5 Йесо куы сыстыр, уӕд ын Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын хаста стыр циндзинад. Хуыцау ын цы хъуыддӕгтӕ бахӕс кодта, уыдонӕй иу уыди «мӕгуыртӕн хорз хабар хъусын кӕнын» ӕмӕ «куырмытӕн... цӕстӕй кӕй ракӕсдзысты», уый дзурын (Лук. 4:18). Йесо уыцы хъуыддагмӕ цы цӕстӕй каст, уый фыст ис Псаломы 40:8 стихы: «О мӕ Хуыцау, дӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын мын у цины хос». Йесо уарзта адӕмӕн йӕ уӕларвон Фыды тыххӕй дзурын. (Бакӕс Лукайы 10:21.) Иу сылгоймагимӕ раст дины тыххӕй куы аныхас кодта, уӕд уый фӕстӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Мӕнӕн мӕ хӕринаг у, чи мӕ рарвыста, уымӕн йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын ӕмӕ йын йӕ хъуыддаг кӕронмӕ ахӕццӕ кӕнын» (Иоан. 4:31–34). Йесо хъуыддагӕй ӕвдыста, Хуыцауы ӕмӕ адӕмы кӕй уарзта, ӕмӕ йын уый уыд стыр цины хос. Ӕмӕ ды дӕр афтӕ куы кӕнай, уӕд Йесойау амондджын уыдзынӕ.
6. Фидӕнмӕ дӕм цы фӕндтӕ ис, уый тыххӕй иннӕтимӕ аныхас кӕнын хорз цӕмӕн уаид?
6 Чырыстӕттӕй бирӕтӕ ӕрыгонӕй райдыдтой пионертӕй лӕггад кӕнын, ӕмӕ сын уый стыр циндзинад хаста. Хорз уаид, искӕимӕ сӕ куы аныхас кӕнис, фидӕнмӕ дӕм цы фӕндтӕ ис, уый тыххӕй. «Ӕргом ныхас кӕм нӕ уа, уым фӕндтӕ фехӕлдзысты, бирӕ уынаффӕгӕнджытӕ кӕм уа, уым та алцыдӕр рауайдзӕн» (Ӕмб. 15:22). Уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ дын, ӕвӕццӕгӕн, зӕгъдзысты, пионерӕй лӕггад кӕнгӕйӕ бирӕ цӕуылдӕрты кӕй сахуыр уыдзынӕ ӕмӕ дын уый царды стыр ӕххуыс кӕй фӕуыдзӕн. Йесо уӕлӕрвты куы уыд, уӕд йӕ Фыдӕй бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр. Ӕмӕ зӕххыл куы лӕггад кодта, уӕд дӕр ма ног цыдӕртӕ базыдта, зӕгъӕм, адӕмӕн хорз хабар дзурын стыр циндзинад кӕй хӕссы, уый. Стӕй-иу фӕлварӕнты Хуыцауыл иузӕрдионӕй кӕй баззад, уый дӕр ын уыди цины хос. (Бакӕс Исайы 50:4; Дзут. 5:8; 12:2.) Уӕдӕ аныхас кӕнӕм, ӕххӕстрӕстӕг лӕггад дын цавӕр циндзинад ӕрхӕсдзӕн, ууыл.
АХУЫРГӔНИНӔГТӔ ЦӔТТӔ КӔНЫН ӔППӔТЫ ХУЫЗДӔР КУЫСТ ЦӔМӔН У?
7. Ӕрыгӕттӕй бирӕтӕн ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын сӕ зӕрдӕмӕ цӕмӕн цӕуы?
7 Йесо загъта: «Ацӕут ӕмӕ мын... цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ. ...Ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнут» (Матф. 28:19, 20). Ацы хъуыддаг дын ӕппӕты сӕйрагдӕр куы суа, уӕд дӕ цард уыдзӕн арфӕйаг ӕмӕ Хуыцауӕн кад хӕсдзӕн. Цыфӕнды хъуыддаджы куыд у, афтӕ ацы хъуыддаджы дӕр хъӕуы рӕстӕг, цӕмӕй фӕлтӕрдджын суай. Иу ӕфсымӕр, йӕ ном Тимофей, пионерӕй лӕггад кӕнын райдыдта, 19 азы йыл куы цыди, уӕд, ӕмӕ афтӕ зӕгъы: «Пионерӕй лӕггад кӕнын мӕ зӕрдӕмӕ тынг цӕуы, уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕйӕн хъуыддагӕй ӕвдисын, кӕй йӕ уарзын. Фыццаг рӕстӕг мын искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайын не ’нтыст. Фӕлӕ фӕстӕдӕр лӕггад кӕнынмӕ ӕндӕр ранмӕ ацыдтӕн, ӕмӕ уым иу мӕймӕ цалдӕр адӕймагимӕ райдыдтон Библи ахуыр кӕнын. Сӕ иу ӕмбырдтӕм цӕуын дӕр райдыдта. Уый фӕстӕ дыууӕ мӕйы ахуыр кодтон, ӕнӕус ӕфсымӕртӕн цы скъолаa уыд, уым, ӕмӕ йӕ куы фӕдӕн, уӕд мӕ ног ранмӕ снысан кодтой, ӕмӕ уым цыппар адӕймагимӕ райдыдтон Библи ахуыр кӕнын. Ӕз уарзын адӕмӕн Хуыцауы Ныхас амонын. Сыгъдӕг тыхы фӕрцы сӕ цард кӕй ивынц, уый куы фӕуынын, уӕд тынг фӕцин кӕнын» (1 Фес. 2:19).
8. Иуӕй-иу ӕрыгӕттӕ цы сарӕзтой, цӕмӕй сӕ бон уа фылдӕр адӕмӕн хъусын кӕнын?
8 Ӕрыгӕттӕй иуӕй-иутӕ сахуыр кодтой ӕндӕр ӕвзаг. Америкӕйы Иугонд Штаттӕй чи у, иу ахӕм ӕфсымӕр, Джейкоб, ныффыста: «Авд азы мыл куы цыди, уӕд мӕ къласӕгтӕй бирӕтӕ уыдысты вьетнаймӕгтӕ. Фӕндыди мӕ, цӕмӕй сын Йегъовӕйы тыххӕй радзырдтаин, ӕмӕ сын цасдӕры фӕстӕ се ’взаг сахуыр кӕнын сфӕнд кодтон. Уыцы хъуыддаджы мын тынгдӕр баххуыс кодта, „Хъахъхъӕнӕн мӕсыг“ англисагау дӕр ӕмӕ вьетнаймагау дӕр кӕй кастӕн ӕмӕ сӕ кӕрӕдзиимӕ кӕй барстон, уый. Стӕй ма нӕм хӕстӕгдӕр чи уыд, уыцы вьетнаймаг ӕмбырдӕй дӕр кӕимӕдӕрты балымӕн дӕн. 18 азы мыл куы цыди, уӕд райдыдтон пионерӕй лӕггад кӕнын. Фӕстӕдӕр фӕдӕн Скъола ӕнӕус ӕфсымӕртӕн. Уый мын стыр ӕххуыс фӕци, уымӕн ӕмӕ ныр пионерӕй лӕггад кӕнын вьетнаймаг ӕвзагыл дзурӕг къорды, стӕй дзы мӕн йеддӕмӕ хистӕр нӕлгоймаг нӕй. Вьетнаймӕгтӕн сӕхи ӕвзагыл куы фӕхъусын кӕнын, уӕд сӕ бирӕтӕ тынг бадис кӕнынц, се ’взаг сын кӕй сахуыр кодтон, ууыл. Мидӕмӕ мӕ бахонынц, ӕмӕ дзы арӕх кӕимӕдӕрты Библи ахуыр кӕнын райдайын. Чидӕртӕ сӕ донаргъуыд дӕр райстой. (Абар Хъуыддӕгтӕ 2:7, 8.)
9. Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы куы архайай, уӕд цӕуыл сахуыр уыдзынӕ?
9 Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы куы архайай, уӕд дын уый баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕ рауайа куыстуарзаг, ӕнӕзӕрдӕхудт кусӕг, стӕй фӕныфсджындӕр уыдзынӕ ӕмӕ ма сахуыр уыдзынӕ адӕмимӕ уӕзданӕй ныхас кӕнын (Ӕмб. 21:5; 2 Тим. 2:24, фип.). Фӕлӕ дын ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаг циндзинад уӕлдайдӕр уымӕн хӕсдзӕн, ӕмӕ хуыздӕр арӕхсдзынӕ, цӕуыл ӕууӕндыс, уымӕн Библийӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ хӕссынмӕ. Стӕй ма сахуыр уыдзынӕ Йегъовӕимӕ ӕмгуыст кӕнын дӕр (1 Кор. 3:9).
10. Адӕм хорз хабармӕ уазал цӕстӕй куы кӕсой, уӕддӕр дын хъусын кӕнын цины хос цӕй фӕрцы уыдзӕн?
10 Чи зоны, кӕм цӕрыс, уым Библи ахуыр кӕныныл бирӕтӕ не сразы вӕййынц. Фӕлӕ дын уӕддӕр хъусын кӕнын уыдзӕн цины хос. Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын у ӕнӕхъӕн ӕмбырды куыст. Ӕмӕ кӕд, Чырыстийы ахуыргӕнинаг чи свӕййы, ахӕм адӕймаджы иу хо кӕнӕ иу ӕфсымӕр ссары, уӕддӕр не ’ппӕт дӕр фӕцин кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ ахӕм адӕмы не ’ппӕт дӕр фӕагурӕм. Зӕгъӕм, Брэндон фараст азы пионерӕй лӕггад кодта, адӕмӕн сӕ фылдӕр хорз хабармӕ уазал цӕстӕй кӕм кӕсынц, ахӕм ран. Брэндон загъта: «Ӕз уарзын хорз хабар хъусын кӕнын, уымӕн ӕмӕ нын ацы хъуыддаг Йегъовӕ бахӕс кодта. Пионерӕй лӕггад кӕнын райдыдтон, скъола куы фӕдӕн, уӕд. Мӕнӕн мӕ зӕрдӕмӕ цӕуы не ’мбырды ӕрыгон ӕфсымӕртӕн сӕ ныфсыл ныфс ӕфтауын. Ӕмӕ мын ӕхсызгон вӕййы, Хуыцауы хъуыддаджы сын фылдӕр куы фентысы. Ӕнӕус ӕфсымӕртӕн чи уыд, уыцы скъола куы фӕдӕн, уӕд мӕ пионерӕй лӕггад кӕнынмӕ ӕндӕр ранмӕ снысан кодтой. Ӕцӕг, ацы ран Библи ахуыр кӕнын кӕимӕ райдыдтон, уыдонӕй донаргъуыд ничи райста. Фӕлӕ иннӕтӕн сӕ ахуыргӕнинӕгтӕ райсынц донаргъуыд, ӕмӕ ууыл ӕз дӕр цин кӕнын. Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы ӕппӕт тыхтӕй кӕй архайын, уый фӕрцы дӕн тынг амондджын» (Еккл. 11:6).
ЦАВӔР ФАДӔТТӔ ДЫН ФӔЗЫНДЗӔН?
11. Бирӕ ӕрыгӕттӕн ма цавӕр фадат ис?
11 Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн бирӕ фадӕттӕ ис. Зӕгъӕм, ӕрыгӕттӕй бирӕтӕ ӕххуыс кӕнынц арӕзтадон куыстыты. Ӕгас дунейы дӕр нырма хъӕуы саразын сӕдӕгай Паддзахады залы. Залтӕ аразын дӕр хауы Хуыцауӕн лӕггад кӕнынмӕ, ӕмӕ уыцы куысты куы архайай, уӕд Йегъовӕйӕн кад хӕсдзынӕ ӕмӕ амондджын уыдзынӕ. Стӕй ма дын стыр цин хӕсдзӕн, дӕ хотӕ ӕмӕ де ’фсымӕртимӕ ӕмгуыст кӕй кӕныс, уый дӕр. Уымӕй уӕлдай ма ног цыдӕртӕ дӕр базондзынӕ. Зӕгъӕм, афтӕ кусын сахуыр уыдзынӕ, цӕмӕй-иу кусгӕ-кусын дӕхицӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр зиан ма ӕрхӕссай. Стӕй ма сахуыр уыдзынӕ дӕ куыст хорз аразын ӕмӕ цӕстдарджытимӕ ӕмгуыст кӕнын.
Ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын чи райдайы, уыдон схайджын вӕййынц бирӕ арфӕдзинӕдтӕй (кӕс 11–13 абзацтӕ)
12. Пионерӕй лӕггад кӕныны фӕрцы ма дын цавӕр фадӕттӕ фӕзындзӕн?
12 Иу ӕфсымӕр, Кевин, загъта: «Мӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ мӕ фӕндыд Йегъовӕйӕн ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын. Ӕмӕ мыл 19 азы куы цыди, уӕд пионерӕй лӕггад кӕнын райдыдтон. Цӕмӕй мӕхи дарынхъом уыдаин, уый тыххӕй къуыри цалдӕр боны куыстон, арӕзтадон куыстытӕ чи кодта, иу ахӕм ӕфсымӕрмӕ. Сахуыр дӕн хӕдзары сӕртӕ ӕмбӕрзын, рудзгуытӕ ӕмӕ дуӕрттӕ ӕвӕрын. Уый фӕстӕ дыууӕ азы лӕггад кодтон ӕххуысгӕнджыты къорды – тыхдымгӕ зиан кӕм ӕрхаста, уым цалцӕг кодтам Паддзахады залтӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты хӕдзӕрттӕ. Хуссар-Африкаг Республикӕйы ӕфсымӕртӕм арӕзтадон куыстыты фӕкӕсын кӕй хъӕуы, уый куы фехъуыстон, уӕд анкетӕ байдзаг кодтон, ӕмӕ мӕ фӕхуыдтой. Ам иу зал цалдӕр къуыримӕ арӕзт фӕвӕййӕм, ӕмӕ та стӕй ӕндӕр ранмӕ ног Паддзахады зал аразынмӕ ацӕуӕм. Кӕимӕ кусын, уыцы аразджыты къордимӕ иу бинонтау стӕм. Иумӕ цӕрӕм, иумӕ Библи ахуыр кӕнӕм, иумӕ кусӕм. Бирӕ уарзын алы къуыри дӕр бынӕттон ӕфсымӕртимӕ хъусын кӕнын дӕр. Гыццылӕй цы уынаффӕ рахастон, уый фӕрцы абон, ӕнхъӕл дӕр куыд нӕ уыдтӕн, афтӕ амондджын дӕн».
13. Вефилы лӕггад кӕнын ӕрыгӕттӕн стыр циндзинад цӕмӕн хӕссы?
13 Пионерӕй чи лӕггад кодта, уыдонӕй иуӕй-иутӕ ныр лӕггад кӕнынц Вефилы. Вефилы лӕггад кӕнын стыр циндзинад хӕссы, уымӕн ӕмӕ дзы цыдӕриддӕр аразыс, уый аразыс Йегъовӕйӕн. Цы куыст дзы кӕнынц, уый фӕрцы сӕрныллӕг адӕм исынц уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг. Вефилы чи лӕггад кӕны, иу ахӕм ӕфсымӕр, Дастин, загъта: «Фараст азы мыл куы цыд, уӕд мӕ разы нысан сӕвӕрдтон пионерӕй лӕггад кӕнын. Ӕмӕ скъола куы фӕдӕн, уӕд пионерӕй лӕггад кӕнын райдыдтон. Уымӕй афӕдз ӕмӕ ’рдӕг куы рацыд, уӕд мӕ Вефилмӕ фӕхуыдтой. Ам сахуыр дӕн мыхуыргӕнӕн станокыл кусын, фӕстӕдӕр та – компьютерон программӕтӕ фыссын. Вефилы фехъусӕм, ӕнӕхъӕн дунейы дӕр ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаг размӕ куыд цӕуы, уый тыххӕй, ӕмӕ мын уый тынг ӕхсызгон вӕййы. Мӕ зӕрдӕмӕ тынг цӕуы ам лӕггад кӕнын, уымӕн ӕмӕ дзы цы куыст кӕнӕм, уый фӕрцы адӕмӕн Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнынӕн ӕххуыс кӕнӕм».
ДӔ РАЗЫ ЦАВӔР НЫСӔНТТӔ СӔВӔРДЗЫНӔ?
14. Дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй дӕхи ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнынмӕ бацӕттӕ кӕнай?
14 Дӕ бон куыд у дӕхи ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнынмӕ бацӕттӕ кӕнын? Цӕмӕй Йегъовӕйӕн, хуыздӕр куыд у, афтӕ лӕггад кӕнай, уый тыххӕй дӕ фыццаджыдӕр хъӕуы дӕ удыхъӕды чырыстон миниуджытӕ сфидар кӕнын. Ӕмӕ дӕ уый тыххӕй та хъӕуы ӕдзухдӕр Хуыцауы Ныхас ахуыр кӕнын, арф ыл хъуыды кӕнын ӕмӕ ӕмбырды дзуапп дӕттын. Цалынмӕ ма скъолайы ахуыр кӕныс, уӕдмӕ архай, цӕмӕй хуыздӕр хъусынгӕнӕг суай. Адӕмыл зӕрдиагӕй тыхс – сӕ хъуыды базоныны тыххӕй-иу сӕм уӕзданӕй фарстатӕ дӕтт ӕмӕ-иу сӕм стӕй лӕмбынӕг байхъус. Ӕмбырды-иу исты саразын куы хъӕуа, зӕгъӕм, Паддзахады зал бафснайын кӕнӕ дзы исты бацалцӕг кӕнын, уӕд-иу фӕкӕсынмӕ ма фӕзивӕг кӕн. Йегъовӕйӕн ӕхсызгон вӕййы, йӕ лӕггадгӕнджытӕ сӕрныллӕг ӕмӕ ӕнӕзивӕг куы вӕййынц, уый. (Бакӕс Псалом 110:3; Хъуыд. 6:1–3.) Апостол Павел Тимофейы йемӕ миссионерӕй лӕггад кӕнынмӕ фӕхуыдта, уымӕн ӕмӕ дзы ӕфсымӕртӕ «тынг ӕппӕлыдысты» (Хъуыд. 16:1–5).
15. Цы ис саразӕн, цӕмӕй фидӕны дӕ бон уа дӕхи фӕдарын?
15 Пионерты сӕхи фӕдарыны тыххӕй фылдӕр хатт фӕхъӕуы кусын (Хъуыд. 18:2, 3). Чи зоны, дӕ бон у исты курсытӕ фӕуын, цӕмӕй стӕй, ӕнӕхъӕн бон кусын кӕм нӕ хъӕуы, ахӕм куыст ссарай. Аныхас кӕн районон цӕстдарӕгимӕ ӕмӕ пионертимӕ, ӕмӕ дын исты уынаффӕ раттой. Ӕмӕ стӕй, Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй «дӕ хъуыддӕгтӕ Йегъовӕйы бар бакӕн, ӕмӕ дӕ фӕндтӕ дӕ къухы бафтдзысты» (Ӕмб. 16:3; 20:18).
16. Пионерӕй лӕггад кӕныны фӕрцы дӕхи ӕндӕр ахсджиаг хъуыддӕгтӕм дӕр куыд бацӕттӕ кӕндзынӕ?
16 Дызӕрдыг дӕр ма кӕн, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй ныр дӕр ӕмӕ фидӕны дӕр амондджын уай. (Бакӕс 1 Тимофеймӕ 6:18, 19.) Пионерӕй куы лӕггад кӕнай, уӕд иннӕ пионертимӕ ӕмгуыст кӕндзынӕ ӕмӕ суыдзынӕ фӕлтӕрдджын чырыстон. Бирӕтӕн, ӕрыгонӕй пионертӕй кӕй лӕггад кодтой, уый фӕстӕдӕр стыр ӕххуыс фӕци сӕ бинонты царды дӕр. Ус ракурыны кӕнӕ смой кӕныны размӕ пионерӕй чи лӕггад кодта, уыдонӕй бирӕтӕ сӕ цардӕмбӕлттимӕ дарддӕр пионертӕй фӕлӕггад кӕнынц (Ром. 16:3, 4).
17, 18. Дӕ разы цавӕр нысӕнттӕ сӕвӕрдзынӕ, уый дӕ зӕрдӕимӕ куыд у баст?
17 Дӕ разы цавӕр нысӕнттӕ сӕвӕрдзынӕ, уый баст у дӕ зӕрдӕимӕ. Псаломы 20:4 стихы Йегъовӕйы тыххӕй фыст ис: «Дӕхи зӕрдӕйы фӕндиаг дӕ фӕкӕнӕд ӕмӕ дын дӕ фӕндтӕ иууылдӕр сӕххӕст кӕнӕд». Уӕдӕ лӕмбынӕг ахъуыды кӕн, куыд дӕ фӕнды цӕрын. Ахъуыды кӕн, Йегъовӕ нӕ рӕстӕджы цы хъуыддӕгтӕ аразы ӕмӕ дзы дӕуӕн дӕ бон куыд у архайын, ууыл. Ӕмӕ стӕй, йӕ зӕрдӕ йын кӕмӕй барухс кӕндзынӕ, ахӕм нысан сӕвӕр дӕ разы.
18 Йегъовӕйӕн ӕххӕстрӕстӕг куы лӕггад кӕнай, уӕд уыдзынӕ тынг амондджын, уымӕн ӕмӕ йын дӕ цардӕй кад хӕсдзынӕ. Уӕдӕ «Йегъовӕ уӕд де стыр цин, ӕмӕ дын дӕ зӕрдӕйы фӕндтӕ сӕххӕст кӕндзӕн» (Пс. 37:4).
a Ныр йӕ бӕсты ис ӕндӕр скъола – Хуыцауы Паддзахад хъусынгӕнджыты скъола.