Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w17 июль 17–21 фф.
  • Йагъы цӕмӕн хъуамӕ кадджын кӕнӕм?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Йагъы цӕмӕн хъуамӕ кадджын кӕнӕм?
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2017
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • ЙЕГЪОВӔ ДЗӔБӔХ КӔНЫ, ЗӔРДӔСАСТ ЧИ У, УЫДОНЫ
  • ЙЕГЪОВӔ НЫН ДӔТТЫ, ӔНӔМӔНГ НӔ ЦЫ ХЪӔУЫ, УЫДӔТТӔ
  • ХУЫЦАУ НЫН ӔХХУЫС КӔНЫ
  • Йагъы кадджын кӕн!
    Йегъовӕйӕн зӕрдӕрайгӕйӕ зарут!
  • Йагъы мемӕ кадджын кӕн
    Зарут Йегъовӕйӕн!
  • Дӕ зӕрдӕ дар Йегъовӕйыл, «удӕнцойдӕттӕг Хуыцауыл»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
  • Йегъовӕйы хъуамӕ ӕмвӕнд-ӕмзондӕй кадджын кӕнӕм
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2009
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2017
w17 июль 17–21 фф.
Псаломзарӕггӕнӕг Иерусалимы ӕддейӕ лӕууы, стъалытӕм кӕсы ӕмӕ Йегъовӕйы кадджын кӕны

Йагъы цӕмӕн хъуамӕ кадджын кӕнӕм?

«Кадджын кӕнут Йагъы! ...Уый у зӕрдӕйӕн ӕхсызгон. Хуыцауы ӕмбӕлы кадджын кӕнын» (ПС. 147:1).

ЗАРДЖЫТӔ: 59, 3

147 ПСАЛОМ ДЫН КУЫД БАХХУЫС КӔНДЗӔН...

  • ...цӕмӕй аргъ кӕнай, Йегъовӕ дыл кӕй тыхсы, уымӕн?

  • ...цӕмӕй ма дызӕрдыг кӕнай, Йегъовӕ дӕ кӕй фервӕзын кӕндзӕн, ууыл?

  • ...цӕмӕй йӕ ӕмбарай, Йегъовӕ йӕ адӕмӕн Библийы фӕрцы кӕй ӕххуыс кӕны?

1–3. а) 147-ӕм псалом кӕд ӕрцыдаид фыст? б) 147-ӕм псаломӕй нӕ бон цы у базонын?

ЧИДӔР йӕ хӕслӕвӕрд хорз куы сӕххӕст кӕны кӕнӕ хорзӕй исты куы саразы, уӕд дзы раппӕлӕм. Ӕмӕ уӕд Йегъовӕ та цас тынгдӕр у кад ӕмӕ ӕппӕлды аккаг! Мах Йегъовӕйы фӕкадджын кӕнӕм, йе сконд дунемӕ йын куы фӕкӕсӕм ӕмӕ йын йе стыр хъару куы фӕуынӕм, уӕд. Стӕй ма йӕ фӕкадджын кӕнӕм, бирӕ нӕ кӕй уарзы, уый тыххӕй дӕр, ӕмӕ уый та бӕрӕг у, йӕ Фырты нывондӕн кӕй ӕрхаста, уымӕй.

2 147-ӕм псаломӕй бӕрӕг у, чи йӕ ныффыста, уый тынг кӕй фӕндыд Йегъовӕйы кадджын кӕнын. Суанг ма иннӕты дӕр разӕнгард кодта, цӕмӕй Хуыцауы йемӕ кадджын кодтаиккой. (Бакӕс Псалом 147:1, 7, 12.)

3 147-ӕм псалом чи ныффыста, уый нӕ зонӕм, фӕлӕ уыцы адӕймаг, ӕвӕццӕгӕн, цард, израилӕгтӕ Вавилонӕй куы ссӕрибар сты ӕмӕ Иерусалиммӕ куы ӕрыздӕхтысты, уӕд (Пс. 147:2). Псаломзарӕггӕнӕг Йегъовӕйы кадджын кодта, Хуыцауӕн йӕ адӕм ногӕй сӕхи бӕстӕйы кӕй лӕггад кодтой, уый тыххӕй. Фӕлӕ ма стӕй ранымадта, Йегъовӕйы ма ноджыдӕр цӕмӕн хъуамӕ кадджын кӕнӕм, уыдӕттӕ. Цымӕ цӕй кой ракодта? Ӕмӕ дӕуӕн та дӕ бон цӕй тыххӕй у Йагъы кадджын кӕнын?

ЙЕГЪОВӔ ДЗӔБӔХ КӔНЫ, ЗӔРДӔСАСТ ЧИ У, УЫДОНЫ

4. Паддзах Кир израилӕгты куы ссӕрибар кодта, уӕд сыл уый куыд фӕзындаид ӕмӕ цӕмӕн?

4 Ахъуыды-ма кӕн, израилӕгтӕн Вавилоны уацары сӕ цард цыхуызӕн уыдаид, ууыл. Уырдӕм сӕ чи акодта, уыдон сӕ хынджылӕг кодтой, «Сионы зарджытӕй-ма нын азарут», зӕгъгӕ. Фӕлӕ сӕм зарын кӕцӕй цыдаид. Иерусалим, се стырдӕр цин чи уыд, уыцы горӕт, пырхгонд ӕрцыд (Пс. 137:1–3, 6). Израилӕгтӕ уыдысты зӕрдӕсаст, ӕмӕ сӕ хъуыди бафидар кӕнын ӕмӕ сӕ ныфс бауадзын. Фӕлӕ Хуыцауы ныхасы рагацау фыст ӕрцыд, Йегъовӕ йӕ адӕмӕн кӕй баххуыс кӕндзӕн. Цымӕ куыд? Персы паддзах Кир Вавилон куы бацахста, уӕд загъта: «[Йегъовӕ] мын бахӕс кодта, цӕмӕй йын... Иерусалимы хӕдзар саразон. Уӕдӕ, уе ’хсӕн йӕ адӕмӕй чи ис, уыдонӕн сӕ Хуыцау Йегъовӕ семӕ уӕд. Ӕмӕ уырдӕм ацӕуӕнт» (2 Аз. 36:23). Израилӕгтӕн Вавилоны ахӕм ныхӕстӕ удӕнцойы хос куыннӕ уыдаиккой!

5. Псаломзарӕггӕнӕг цы загъта, Йегъовӕ нӕ йӕ хъаруйы фӕрцы куыд дзӕбӕх кӕны, уый тыххӕй?

5 Йегъовӕ-иу Израилы адӕмы ӕрмӕст ӕмткӕй райсгӕйӕ нӕ бафидар кодта, фӕлӕ алы израиладжы дӕр хицӕнӕй. Ӕмӕ абон дӕр афтӕ фӕкӕны. Псаломзарӕггӕнӕг ныффыста, Йегъовӕ кӕй «дзӕбӕх кӕны, зӕрдӕсаст чи у, уыдоны» (Пс. 147:3). Рынчын кӕнӕ ныфссаст куы уӕм, уӕд хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ ныл кӕй тыхсы, ууыл. Йегъовӕйы зӕрдиагӕй фӕнды махӕн удӕнцой раттын ӕмӕ нын нӕ зӕрдӕйы хъӕдгӕмттӕ байгас кӕнын (Пс. 34:18; Ис. 57:15). Йегъовӕ нын дӕтты зонд ӕмӕ хъарутӕ, цӕмӕй цыфӕнды зындзинад дӕр сфӕразӕм (Иак. 1:5).

6. Псаломы 147:4 стихы цы ныхӕстӕ ис фыст, уыдон нын цы пайда сты? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

6 Уый фӕстӕ та псаломзарӕггӕнӕг йе ’ргом аздӕхта арвмӕ ӕмӕ загъта, Йегъовӕйӕн «стъалытӕ... иууылдӕр нымад сты» ӕмӕ дзы «алкӕцы дӕр... хоны йӕ номӕй», зӕгъгӕ (Пс. 147:4). Псаломзарӕггӕнӕгӕн йӕ бон уыд стъалытӕ уынын, фӕлӕ ӕцӕгӕй цас сты, уый йӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр нӕ уыд. Абон ахуыргӕндтӕ сбӕрӕг кодтой, нӕ галактикӕйы, Ӕрфӕны фӕды, кӕй ис миллиардгай стъалытӕ. Фӕлӕ ӕгас Дун-дунейы та ис триллионгай галактикӕтӕ! Адӕмӕн сӕ бон нӕу стъалытӕ банымайын, фӕлӕ Сфӕлдисӕгӕн та йӕ бон у. Уымӕй уӕлдай ма алы стъалы дӕр афтӕ хорз зоны, ӕмӕ дзы алкӕцыйӕн дӕр радта ном (1 Кор. 15:41). Уӕдӕ, алы стъалы дӕр кӕм ис, уый чи зоны, уыцы Хуыцау дӕу дӕр хорз зоны. Уый алкӕддӕр фӕзоны, кӕм дӕ, цы уавӕры дӕ ӕмӕ дӕ цы хъӕуы, уый!

7, 8. а) Йегъовӕйӕ рох цы нӕ вӕййы ӕмӕ хорз цы ’мбары? б) Ӕрхӕсс цӕвиттон, Йегъовӕ нӕ кӕй ӕмбары, уымӕн.

7 Йегъовӕ дын дӕ уавӕр тынг хорз ӕмбары, стӕй йӕм уыйбӕрц хъару ис, цӕмӕй дын дӕ зындзинӕдты баххуыс кӕна. (Бакӕс Псалом 147:5.) Чи зоны дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ дӕ уавӕр ӕгӕр уӕззау у ӕмӕ дӕ бон ӕппындӕр ницы у саразын. Нӕ бон алцы кӕй нӕу, уый Йегъовӕ хорз ӕмбары, стӕй, «сыджыт кӕй стӕм, уый дзы рох нӕу» (Пс. 103:14). Мах стӕм ӕнӕххӕст, ӕмӕ, гӕнӕн ис, уыцы иу рӕдыд цалдӕр хатты дӕр саразӕм ӕмӕ уый тыххӕй нӕхи хӕрӕм. Хатт тынг фӕфӕсмон кӕнӕм, цы фӕзӕгъӕм, ууыл, кӕнӕ нӕм худинаг фӕкӕсы, буары монцтӕ ныл кӕй тых кодтой йе та кӕмӕдӕр кӕй хӕлӕг кодтам, уый. Йегъовӕмӕ иу лӕмӕгъдзинад дӕр нӕй, фӕлӕ нын не ’нкъарӕнтӕ тынг хорз ӕмбары (Ис. 40:28).

8 Ӕвӕццӕгӕн ӕй ды дӕр дӕхиуыл бавзӕрстай, Йегъовӕ йӕ фидар къухы фӕрцы зындзинӕдты сӕрты хизынӕн куыд ӕххуыс кӕны (Ис. 41:10, 13). Иу пионер-хойы, Кийокойы, ӕндӕр ранмӕ куы снысан кодтой, уӕд йӕ ныфс асаст. Фӕлӕ йын Йегъовӕ куыд равдыста, цӕуыл тыхсы, уый кӕй ӕмбары? Йӕ ног ӕмбырды, йе ’нкъарӕнтӕ йын чи ӕмбӕрста, ахӕмтӕ бирӕ уыд. Афтӕ йӕм каст, цыма йын Йегъовӕ дзуры: «Пионер кӕй дӕ, ӕрмӕст уый тыххӕй дӕ нӕ уарзын, фӕлӕ мӕ хъӕбул кӕй дӕ ӕмӕ мын дӕхи кӕй снывонд кодтай, уый тыххӕй. Мӕн фӕнды, цӕмӕй уай ме ’вдисӕн ӕмӕ дӕ цардӕй райгонд уай!» Ды та йӕ дӕхиуыл куыд бавзӕрстай, Йегъовӕйы «зондыл лӕджы зонд [кӕй] не ’ххӕссы» ӕмӕ дӕ хорз кӕй ӕмбары?

ЙЕГЪОВӔ НЫН ДӔТТЫ, ӔНӔМӔНГ НӔ ЦЫ ХЪӔУЫ, УЫДӔТТӔ

9, 10. Йегъовӕ ныл сӕйраджыдӕр куыд батыхсы? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

9 Не ’ппӕты дӕр хъӕуы хӕринаг, дзаумӕттӕ ӕмӕ, кӕм цӕрӕм, уый. Чи зоны, фӕтыхсыс, фаг хӕринаг дын уыдзӕн ӕви нӕ, ууыл. Фӕлӕ Йегъовӕ зӕхх афтӕ скодта, цӕмӕй тыллӕг дӕтта ӕмӕ алкӕмӕн дӕр, суанг ма «халоны лӕппынтӕн» дӕр, хӕринаг уа. (Бакӕс Псалом 147:8, 9.) Кӕд Йегъовӕ халӕттӕн ратты хӕринаг, уӕд, мах ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, ууыл нӕ батыхсдзӕн? (Пс. 37:25).

10 Фӕлӕ ӕппӕты ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ нын Йегъовӕ дӕтты, нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн цыдӕриддӕр хъӕуы, уый, стӕй «Хуыцауы фарн, зонд кӕуыл не ’ххӕссы, уыцы фарн» (Фил. 4:6, 7). Ӕркӕсӕм, иу ӕфсымӕрӕн ӕмӕ йӕ бинойнагӕн Йегъовӕ куыд баххуыс кодта, уымӕ. 2011 азы Японийы уыд стыр цунами, ӕмӕ Муцуо ӕмӕ йӕ бинойнаг сӕ хӕдзары сӕрмӕ сбырыдысты ӕмӕ уый фӕрцы тыххӕйты аирвӕзтысты. Уыцы бон, зӕгъӕн ис, ӕмӕ ӕнӕ ницӕмӕй аззадысты. Уыдон ӕнӕхъӕн ӕхсӕв арвыстой талынг ӕмӕ уазал уаты сӕ хӕдзары дыккаг уӕладзыджы. Райсомӕй агурын райдыдтой, сӕ уырнындзинад сын цы бафидар кодтаид, ахӕм исты, ӕмӕ ссардтой 2006 азы «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕрвылазон чиныг». Муцуо чиныг рафӕлдӕхта ӕмӕ фӕкомкоммӕ дӕлсӕргондмӕ ӕппӕты стырдӕр цунамийы тыххӕй. Фыст дзы уыди, 2004 азы Суматрӕйы зӕххӕнкъуыст цы стыр цунами расайдта, уый тыххӕй. Историйы уымӕй стырдӕр цунами никуы уыд. Муцуо ӕмӕ йӕ ус сӕ цӕссыг калгӕйӕ кастысты, хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ цытӕ бавзӕрстой, уый тыххӕй. Ӕмӕ йӕ бамбӕрстой, Йегъовӕ сӕ йӕ тӕккӕ афоныл ныфс кӕй бауагъта. Фӕлӕ ма сыл Йегъовӕ ӕндӕр хуызы дӕр батыхст. Японийы иннӕ рӕттӕй сын хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ хӕринаг ӕмӕ дзаумӕттӕ ӕрбарвыстой. Фӕлӕ сӕ ӕппӕты тынгдӕр та бафидар кодта, се ’мбырд сын Филиалы комитетӕй ӕфсымӕртӕ кӕй бӕрӕг кодтой, уый. Муцуо загъта: «Афтӕ мӕм каст, цыма Йегъовӕ нӕ дыууӕйӕн дӕр нӕ фарсмӕ ис ӕмӕ нын ӕххуыс кӕны. Уый нын стыр удӕнцойы хос уыди!» Йегъовӕ нын сӕйраджыдӕр нӕ уырнындзинадыл батыхсы, фӕлӕ нӕ ӕнӕмӕнг цы фӕхъӕуы, уыдӕттӕ дӕр нын ратты.

ХУЫЦАУ НЫН ӔХХУЫС КӔНЫ

11. Цы хъӕуы, цӕмӕй нын Йегъовӕ ӕххуыс кӕна?

11 Йегъовӕ «ӕххуыс кӕны сабыр адӕмӕн». Уый нӕ тынг уарзы ӕмӕ алкӕддӕр цӕттӕ у баххуыс кӕнынмӕ (Пс. 147:6а). Фӕлӕ цы хъӕуы, цӕмӕй нын ӕххуыс кӕна? Хъуамӕ Йегъовӕ уа не ’ввахс Хӕлар. Ӕмӕ уый тыххӕй та хъуамӕ уӕм сабыр, фӕлмӕн адӕймӕгтӕ (Соф. 2:3, фип.). Сабыр адӕймаг ӕнхъӕлмӕ кӕсы, цы ’фхӕрд ӕййафы ӕмӕ цы зындзинӕдтӕ ӕвзары, уыдонӕн Йегъовӕ кӕрон кӕд скӕндзӕн, уымӕ. Йегъовӕ ахӕм адӕмӕй у райгонд.

12, 13. а) Цӕмӕй нын Йегъовӕ арфӕ кӕна, уый тыххӕй нӕхи цӕмӕй хъуамӕ хизӕм? б) Йегъовӕйы зӕрдӕйӕн циндзинад чи хӕссы?

12 Фӕлӕ ма Библийы фыст ис, Йегъовӕ «фегад кӕны фыдгӕнджыты», зӕгъгӕ (Пс. 147:6б). Ӕмӕ нӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй ныл сӕ бон акӕна. Мах фӕнды, цӕмӕй нӕ Йегъовӕ ӕнувыд уарзтӕй уарза, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ не сӕфт уынӕм, Йегъовӕ йе сӕфт цӕмӕй уыны, уымӕй (Пс. 97:10). Зӕгъӕм, хъуамӕ не сӕфт уынӕм хӕтындзинадӕй. Уый та ууыл дзурӕг у, ӕмӕ, хӕтындзинадмӕ цыдӕриддӕр ӕркӕны, уымӕй хъуамӕ нӕхи хизӕм, уыимӕ порнографийӕ дӕр (Пс. 119:37; Матф. 5:28). Чи зоны, уый ӕнцон тох ма уа, фӕлӕ Йегъовӕйы арфӕдзинад уый аргъ у.

13 Фӕлӕ уыцы тохы нӕхи хъарутӕй ницы бакӕндзыстӕм. Хъуамӕ нӕ ныфс дарӕм Йегъовӕйыл. Цымӕ йӕ зӕрдӕмӕ фӕцӕуид, нӕ ныфс «бӕхты хъаруйыл» куы дариккам, ома, адӕм ӕххуыс кӕм фӕагурынц, уыдӕттыл? Науӕд «адӕймагӕн йӕ къӕхты цӕрдӕгдзинадӕй» ныфсджын куы уаиккам, ома нӕм афтӕ куы кӕсид, ӕмӕ нӕхи фӕрцы кӕнӕ адӕмӕй ӕндӕр искӕй фӕрцы фервӕздзыстӕм? Уый йын ӕхсызгон нӕ уаид (Пс. 147:10). Хъуамӕ Йегъовӕмӕ дарддӕр дӕр кувӕм, цӕмӕй нын нӕ тохы ӕххуыс кӕна. Йегъовӕ нын нӕ куывдтытӕй никуы бафӕллайдзӕн. Библийы фыст ис: «Йегъовӕйы зӕрдӕйӕн циндзинад хӕссынц, чи дзы тӕрсы, уыдон, йе ’нувыд уарзтмӕ йын чи ’нхъӕлмӕ кӕсы, уыцы адӕм» (Пс. 147:11). Йегъовӕ нӕ ӕнувыд уарзтӕй кӕй уарзы, уымӕ гӕсгӕ йӕ зонӕм, кӕй нын ӕххуыс кӕндзӕн нӕ буары монцтыл уӕлахиз кӕнынӕн.

14. Псаломзарӕггӕнӕджы фидар ныфс цӕмӕй уыд?

14 Йегъовӕ нын зӕрдӕ ӕвӕры, зындзинӕдтыл куы ’мбӕлӕм, уӕд нын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн. Израилӕгтӕ Иерусалиммӕ куы ӕрыздӕхтысты, уӕд псаломзарӕггӕнӕг хъуыды кодта, Йегъовӕ сын куыд ӕххуыс кодта, ууыл. Уый зарыд: «Уый дын дӕ дуарӕхгӕнӕн хъӕдтӕ сфидар кодта, раарфӕ дын кодта дӕ фырттӕн. Дӕ зӕххыл дын фарн ӕрцӕрын кодта» (Пс. 147:13, 14). Йегъовӕ горӕты кулдуӕрттӕ кӕй сфидар кӕндзӕн, уый зонгӕйӕ псаломзарӕггӕнӕджы уыд фидар ныфс, Йегъовӕ йӕ адӕмы кӕй бахъахъхъӕндзӕн, уымӕй.

Хойы йӕ лӕг ныууагъта ӕмӕ у зӕрдӕсаст; хистӕр нӕлгоймӕгтӕ йӕ бабӕрӕг кодтой; Библи кӕсгӕйӕ удӕнцой ссардта

Зындзинӕдтыл ӕмбӕлгӕйӕ тынг куы тыхсӕм, уӕд нын Хуыцауы Ныхас куыд баххуыс кӕндзӕн? (кӕс 15–17 абзацтӕ)

15–17. а) Иуӕй-иу хатт зындзинӕдты тыххӕй цы уавӕры вӕййӕм, фӕлӕ нын Йегъовӕ йӕ Ныхасы фӕрцы куыд баххуыс кӕны? б) Йегъовӕйы ныхас «тынг тагъд [кӕй] тӕхы», цӕмӕй нын баххуыс кӕна, уымӕн цӕвиттон ӕрхӕсс.

15 Чи зоны, зындзинӕдтыл ӕмбӕлгӕйӕ тынг тыхсыс. Фӕлӕ Йегъовӕйӕн йӕ бон у, цӕмӕй дын сӕ сӕрты ахизынӕн зонд ратта. Псаломзарӕггӕнӕг Хуыцауы тыххӕй загъта, зӕгъгӕ, «зӕхмӕ ӕрвиты йӕ ныхас, йӕ дзырд тынг тагъд тӕхы». Стӕй та мит, халас ӕмӕ ихы кой скодта ӕмӕ бафарста: «Йӕ уазалӕн чи бафӕраздзӕн?» Уый фӕстӕ та загъта, зӕгъгӕ, Йегъовӕ «рарвиты йӕ ныхас, ӕмӕ атайынц» (Пс. 147:15–18). Нӕ Хуыцау алцыдӕр зоны ӕмӕ йӕ бон алцыдӕр у, йӕ бар цӕуы ихыл дӕр ӕмӕ митыл дӕр. Ӕмӕ уӕд дӕуӕн куыннӕ баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй цыфӕнды зындзинадыл дӕр фӕуӕлахиз уай!

16 Абон нын Йегъовӕ разамынд дӕтты йӕ Ныхас Библийы уылты. Псаломзарӕггӕнӕг загъта, зӕгъгӕ, йӕ ныхас «тынг тагъд тӕхы», цӕмӕй нын ӕххуыс кӕна. Йегъовӕ нын хорз разамынд ратты йӕ тӕккӕ афоныл. Ахъуыды-ма кӕн, цы пайда дын хӕссынц Библи, «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» цы публикацитӕ уадзы, уыдон, нӕ интернет-телеуынынад, нӕ сайт, стӕй дын хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ куыд ӕххуыс кӕнынц, ууыл (Матф. 24:45). Ды дӕр ӕй дӕхи царды уыныс, Йегъовӕ дын разамынд куыд тагъд ратты, уый?

17 Иу хо, Симонӕ, зӕгъгӕ, йӕхиуыл бавзӕрста Хуыцауы Ныхасы тых. Йӕхимӕ тынг ницӕйаг каст ӕмӕ афтӕ хъуыды кодта, ӕмӕ дзы Йегъовӕ райгонд нӕу. Фӕлӕ-иу йӕ ныфс куы асаст, уӕд-иу Йегъовӕмӕ куывта ӕмӕ йын лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йын баххуыс кодтаид. Уымӕй уӕлдай ма дарддӕр Библи иртӕста. Уый зӕгъы: «Афтӕ никуыма уыди, цӕмӕй мын Йегъовӕ ма баххуыс кӕна ӕмӕ мын разамынд ма ратта». Уый фӕрцы Симонӕйӕн йӕ зӕрдӕмӕ рухс бакӕлы ӕмӕ дзы ныфс бацӕуы.

18. Йегъовӕ дӕм ӕввахс кӕй у, уый дӕ фидарӕй цӕмӕн уырны ӕмӕ дӕ цӕмӕн фӕнды Йагъы кадджын кӕнын?

18 Псаломзарӕггӕнӕг зыдта, Йегъовӕ ӕппӕт адӕмтӕй дӕр рагон Израил кӕй равзӕрста, цӕмӕй йӕ адӕм уыдаиккой. Ӕрмӕстдӕр уыдонӕн радта йӕ «ныхас» ӕмӕ «йӕ уагӕвӕрдтӕ». (Бакӕс Псалом 147:19, 20.) Абон махмӕ ахӕм стыр кад ӕрхауд, ӕмӕ ӕрмӕстдӕр мах хӕссӕм Хуыцауы ном. Мах дзы тынг бузныг стӕм, кӕй йӕ зонӕм, йӕ Ныхасы фӕрцы нын разамынд кӕй дӕтты, стӕй йӕ хӕлӕрттӕ кӕй систӕм, уый тыххӕй. Уӕдӕ 147-ӕм псалом чи ныффыста, уыйау дӕуӕн дӕр дӕ бон бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй у Йагъы кадджын кӕнын ӕмӕ уымӕ иннӕты дӕр разӕнгард кӕнын.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын