Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 10/00 7 ф.
  • Фарстыты асыкк

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Фарстыты асыкк
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2000
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Хъусинӕгты фӕйнӕгмӕ бакӕсын дӕ нӕ ферох вӕййы?
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2013
  • Куыд ис Паддзахады залтӕ базонӕн
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2003
  • Фарстыты асыкк
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2000
  • Уӕ Паддзахады залмӕ зилут?
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2006
Фылдӕр фенын
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2000
km 10/00 7 ф.

Фарстыты асыкк

◼ Ӕмбырды хъусинӕгты фӕйнӕгыл цавӕр информаци хъуамӕ уа?

Паддзахады Залы хъусинӕгты фӕйнӕгыл вӕййы информаци ӕмбырды хъуыддӕгты тыххӕй. Уыцы фӕйнӕгыл иу хъусинаг дӕр нӕй бакӕнӕн, цалынмӕ сӕрдариуӕггӕнӕг цӕстдарӕг нӕ зӕгъа, уӕдмӕ.

Фӕйнӕгыл ӕдзухдӕр хъуамӕ уа лӕггаддзинады фембӕлды ӕмӕ Теократон лӕггаддзинады скъолайы расписани ӕмӕ хӕслӕвӕрдтӕ кӕмӕн ис, уыдоны нӕмттӕ; раныхӕсты расписани; ӕмбырды раныхас куы уа, уыцы фембӕлды сӕрдариуӕггӕнӕг чи уа ӕмӕ «Хъахъхъӕнӕг мӕсыг» чи кӕсдзӕн, уыдоны нӕмттӕ; чиныгахуыркӕнынады къордты чи ис, уыдоны нӕмттӕ ӕмӕ кӕм ӕмбырд кӕнынц, уый; иннӕ хатт ӕмбырды районон цӕстдарӕг кӕд уыдзӕн ӕмӕ уыимӕ баст информаци; хъусинаг, тагъд цы районон кӕнӕ облӕстон конгресс уыдзӕн, уый тыххӕй ӕмӕ Паддзахады Зал ӕфснайыны график. Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ Ӕхсӕнады амындмӕ гӕсгӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ фӕйнӕгыл бакӕнынц цавӕрдӕр фыстӕджытӕ кӕнӕ ӕндӕр хъусинӕгтӕ. Уымӕй уӕлдай ма ӕмбырды кӕд исты хабар уа, уӕд хистӕр нӕлгоймӕгты совет рахӕсдзӕн уынаффӕ, уыцы хъусинаг хъусинӕгты фӕйнӕгыл бакӕнын хъӕуы ӕви нӕ.

Паддзахады Залы чындзӕхсӕвы раныхас куы уа, уӕд уый тыххӕй цыбыртӕй ис зӕгъӕн кӕцыдӕр фембӕлды, фӕлӕ чындзӕхсӕвы тыххӕй хъусинаг хъусинӕгты фӕйнӕгыл кӕнын нӕ хъӕуы. Раст нӕ уыдзӕн бакӕнын хъусинӕгтӕ хъазтизӕрты тыххӕй дӕр, уымӕн ӕмӕ уыдон ӕмбырды хъуыддӕгтӕм нӕ хауынц.

Хъусинӕгты фӕйнӕг алкӕддӕр хъуамӕ уа сыгъдӕг ӕмӕ аив. Хъуамӕ дзы уа фаг бынат, цы ӕнӕмӕнгхъӕуӕг хъусинӕгтӕ ранымадтам, уыдонӕн. Йӕ ӕмгъуыд кӕмӕн фӕци, уыцы расписанитӕ ӕмӕ ӕмбырд цы хъусинӕгтӕ бакаст ӕмӕ чи нал хъӕуы, уыдон афойнадыл хъӕуы айсын. Иу залӕй цалдӕр ӕмбырды куы пайда кӕной, уӕд алы ӕмбырдӕн дӕр хъуамӕ уа йӕхи хъусинӕгты фӕйнӕг кӕнӕ та иу фӕйнӕгӕй куы пайда кӕной, уӕд ыл хицӕн хай, ӕмӕ йыл хъуамӕ уа фыст, кӕцы ӕмбырдмӕ хауы, уый. Хорз уаид, сӕрдариуӕггӕнӕг цӕстдарӕг кӕнӕ та уый кӕмӕн бабар кӕна, уыцы ӕфсымӕр фӕйнӕгмӕ рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ йӕ хъус куы дарид, цӕмӕй йыл зӕронд хъусинӕгтӕ ма уа, ӕмбӕлон уой ӕмӕ цӕмӕй афтӕ фыст уой, адӕм сӕ куыд ӕмбарой.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын