Дӕ ныхас араз уавӕртӕм гӕсгӕ
Адӕмыл зӕрдӕйӕ куы уӕм, уӕд цӕуыл тыхсынц, уый ӕмбардзыстӕм ӕмӕ сын ӕвдисдзыстӕм, Хуыцауы Паддзахад сын сӕ зындзинӕдтӕ кӕй аиуварс кӕндзӕн (Фил. 2:4). Бирӕ хъусынгӕнджытӕ сӕ ныхас саразынц уавӕртӕм гӕсгӕ: адӕймагӕн фӕзӕгъынц, цӕмӕй йӕ хъуыды зӕгъа, нӕ литературӕйы Дзӕнӕты нывтӕ кӕм ӕвдыст цӕуы, уый тыххӕй. Ахӕм нывтӕ кӕм ӕмбӕлынц, уый фенӕн ис, ацы сыфыл рахиз фарсыл цы фӕлгӕт ис, уым. Дӕ бон зӕгъын у афтӕ:
◼ «Цы хъуыды кӕныс, искуы адӕм афтӕ цӕрдзысты?»
◼ «Алкӕйдӕр нӕ фӕнды, йӕ сывӕллӕттӕ мӕнӕ ахӕм уавӕрты куы цӕриккой. Дӕумӕ гӕсгӕ, уый тыххӕй цы хъӕуы?»
◼ «Ацы нывы уынӕм, Хуыцауы фӕндон уӕлӕрвты куыд ӕххӕст кӕны, зӕххыл дӕр афтӕ куы ӕххӕст кӕна, уӕд зӕхх цыхуызӕн уыдзӕн. Ацы ныв абоны цардӕй цӕмӕй хицӕн кӕны?»
◼ «Дӕу фӕндид ахӕм уавӕрты цӕрын? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Цымӕ мах уӕдмӕ фӕцӕрдзыстӕм?»
Адӕймагмӕ лӕмбынӕг байхъус ӕмӕ йӕм йӕ хъуыды базоныны тыххӕй зӕрдӕхӕларӕй иу-дыууӕ фарсты ратт. Зӕгъӕм исчи загъта, нӕ мӕ фӕнды ахӕм уавӕрты цӕрын кӕнӕ мӕ нӕ уырны, афтӕ цӕрӕн кӕй ис, уӕд хатдзӕгтӕ кӕнынмӕ ма тагъд кӕн, зӕгъгӕ йӕ ницы фӕнды базонын. Уӕзданӕй йӕ бафӕрс, афтӕ цӕмӕн хъуыды кӕны. Цы зӕгъа, уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, адӕм цы зындзинӕдтӕ ӕвзарынц, уыдон ӕй тынг кӕй тыхсын кӕнынц (Иез. 9:4).
Куы бамбарай, адӕймаджы цы тыхсын кӕны, уӕд уымӕ гӕсгӕ дӕ ныхас фӕив. Ӕрдзур, адӕймагӕн ӕнцой цы нӕ дӕтты, сӕрмагондӕй уый тыххӕй Хуыцауы Паддзахады хабары цы дзырдӕуы, ууыл. Цы йӕ тыхсын кӕны, уый фӕдыл ын бакӕс иу кӕнӕ дыууӕ стихы Библийӕ. (Кӕс рахиз фарсыл фӕлгӕты стихтӕ.) Йӕхицӕн ын фенын кӕн, Хуыцауы Ныхас цы дзуры. Куы бацымыдис кӕна, уӕд ын кӕсынӕн исты ныууадз ӕмӕ иннӕ фембӕлдыл баныхас кӕн. Дарддӕр дӕ ныхас араз, фыццаг хатт цӕуыл дзырдтай, ууыл.
[Рамкӕ 6 фарсыл]
Дзӕнӕты нывтӕ
Чиныг «Сфӕлдыстад», уыр.: 237, 243, 251 фф.
Чиныг «Номдзыд Ахуыргӕнӕг», уыр.: 251–254 фф.
Чиныг «Базонынад»: 4, 5, 188, 189 фф.
Брошюрӕ «Цы домы»: 11, 13 фф.
Чиныг «Кувут»: 92, 93 фф.
[Рамкӕ 6 фарсыл]
Адӕмы цы тыхсын кӕны
Ӕнӕгъдаудзинад
Зӕрдӕсаст
Зӕхх сафын
Гӕртӕмттӕ, ӕнӕрастдзинад
Мӕлӕт, хъынцъым кӕнын
Мӕгуырдзинад, ӕфхӕрд
Низтӕ, сахъат
Тыхми, фыддзинад
Уӕззау царды уавӕртӕ
Хӕринагӕй цух, ӕххормагдзинад
Хӕстытӕ, терроризм
Хицауады ӕдыхдзинад
Хъулон кӕнын, ӕнӕмсӕрдзинад
Цӕрӕгойты тухӕнӕй марын