Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 1/12 1 ф.
  • Ӕмбаргӕйӕ «цӕвӕм»

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Ӕмбаргӕйӕ «цӕвӕм»
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2012
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Цы пайда у, цӕмӕй дын участок уа?
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2013
  • Кӕм хъусын кӕнай, уый дын ис?
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2006
  • Фарстыты асыкк
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2000
  • Хъусын кӕныны мадзӕлттӕ
    Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уыцы организаци
Фылдӕр фенын
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2012
km 1/12 1 ф.

Ӕмбаргӕйӕ «цӕвӕм»

1. Куыд ис 1 Коринфӕгтӕм 9:26 уацамындмӕ ахӕссӕн?

1 Апостол Павел ныффыста: «Ӕз афтӕ не згъорын, цыма, цӕй тыххӕй згъорын, уый нӕ зонын, ӕмӕ мӕ цӕфтӕ дӕр афтӕ не сты, цыма уӕлдӕф тымбылкъухӕй хойын» (1 Кор. 9:26). Павелӕн йӕ хъуыдытӕ ӕрмӕст ууыл уыдысты, цӕмӕй Йегъовӕйӕн фылдӕр лӕггад кодтаид. Павелы ныхӕстӕ ма ахӕссӕн ис уацамындмӕ дӕр. Мах нӕ «цӕфтӕ», кӕнӕ нӕ хъарутӕ, уымӕ саразын фӕнды, цӕмӕй фылдӕр пайда хӕссой. Куыд?

2. Павел ӕмӕ фыццаг ӕнусы чырыстӕттау махӕн дӕр нӕ бон куыд у ӕвзарын, кӕд ӕмӕ кӕм хъусын кӕнӕм, уый?

2 Адӕм кӕм ис, уырдӕм цӕуӕм. Павел ӕмӕ фыццаг ӕнусы иннӕ хъусынгӕнджытӕ уацамынды цыдысты, адӕм кӕм уыдаид, уырдӕм (Хъуыд. 5:42; 16:13; 17:17). Кӕд нӕ территорийы адӕмӕн сӕ фылдӕр хӕдзары изӕры вӕййынц, уӕд хуыздӕр уыдзӕн уыцы рӕстӕг хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнын. Адӕм райсомӕй раджы ӕмӕ изӕрӕй куыстмӕ кӕнӕ фӕстӕмӕ куы фездӕхынц, уӕд автобустӕ кӕнӕ электричкӕтӕ кӕцӕй фӕцӕуынц, уым бирӕ адӕм нӕ вӕййы? Дуканитӕ ӕмӕ базарты фылдӕр адӕм кӕд вӕййы? Ахӕм рӕстӕг уынджы хъусын кӕнын хорз уаид.

3. Нӕ территорийы хъусын кӕнгӕйӕ ӕмбаргӕйӕ «цӕвӕн» куыд ис?

3 Нӕ территорийы ӕмбаргӕйӕ хъусын кӕнӕм. Хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй хъусын кӕнгӕйӕ ӕмбаргӕйӕ «цӕвӕм». Зӕгъӕм, иу территоримӕ хъусын кӕнынмӕ бирӕйӕ ацыдыстут, уӕд бирӕ рӕстӕг бахъӕудзӕн, цӕмӕй алкӕмӕндӕр цыдӕр бахӕс кӕнат ӕмӕ хуыздӕр уыдзӕн, къордтыл куы адих уат, уӕд. Афтӕ кӕнын хъӕуы, хъӕумӕ уацамынды куы цӕуӕм, уӕд дӕр, цӕмӕй нӕ территорийыл тагъд ӕрзилӕм ӕмӕ фылдӕр адӕмимӕ аныхас кӕнӕм, кӕд бирӕйӕ нӕ ацыдыстӕм, уӕддӕр. Нӕ бон у нӕ хӕдзармӕ ӕввахс участок райсын, цӕмӕй йӕм бирӕ рӕстӕг цӕуын ма хъӕуа?

4. Ӕнтыстджын «адӕмахсджытӕ» цӕй фӕрцы уыдзыстӕм?

4 Йесо хъусынгӕнджыты схуыдта «адӕмахсджытӕ» (Мар. 1:17). Кӕсагахсджытӕн сӕ нысан доны хыз баппарын нӕу, фӕлӕ кӕсаг ӕрцахсын. Уымӕ гӕсгӕ хорз кӕсагахсджытӕ зонынц, кӕсаг кӕм ӕмӕ кӕд ӕрцахсӕн ис, уый ӕмӕ фӕстиат нӕ фӕкӕнынц. Уыдон алцӕуылдӕр лӕмбынӕг фӕхъуыды кӕнынц. Уӕдӕ мах дӕр афтӕ зӕрдиагӕй архайӕм уацамынды (Дзут. 6:11).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын