«Свидетели Иеговы — вера в действии. Часть 2. Да воссияет свет»
1919 азы ӕфсымӕр Рутерфорды ӕмӕ иннӕ ӕфсымӕрты ахӕстонӕй куы рауагътой, уӕд Библииртасджытӕм ӕнхъӕлмӕ каст стыр куыст. Кинонывы «Свидетели Иеговы — вера в действии. Часть 2. Да воссияет свет» ӕвдыст у, Библииртасджыты ныхмӕ бирӕтӕ кӕй цыдысты, Фыстад дӕр хуыздӕр ӕмбарын кӕй райдыдтой ӕмӕ сӕ уырнындзинадимӕ баст хъуыддӕгтӕм дӕр ӕндӕр цӕстӕй кӕсын кӕй райдыдтой (Ӕмб. 4:18; Мал. 3:1–3; Иоан. 15:20). Ацы кинонывмӕ куы бакӕсай, уӕд дӕ бон уыдзӕн ацы фарстатӕн дзуапп раттын?
1) Библииртасджытӕ хорз хабар куыд хъусын кодтой? 2) 1931 ӕмӕ 1935 азты ахсджиаг конгрессты цы фехъусын кодтой? 3) 1939 азы 1 ноябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» цавӕр ахсджиаг фарстайыл цыди ныхас? 4) Радзур, ӕфсымӕр Рутерфорды раныхасы рӕстӕг Мэдисон-сквер-гардены цы ӕрцыд, уый тыххӕй (йӕ раныхас хуынди «Владычество и мир»). 5) Нейтан Норры раныхас «Мир – долго ли он продлится?» цымыдисаг цӕмӕн уыд? 6) 1942 азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цы сфӕнд кодтой, цӕмӕй хъусын кӕныны хъуыддаг парахат кодтаид? 7) Радзур, Америкӕйы Иугонд Штатты, Канадӕйы ӕмӕ Грецийы тӕрхондӕтты цы хъуыддӕгтӕ ӕвзӕрстой, уыдоны тыххӕй. 8) Галаады скъола хъусын кӕныны хъуыддагӕн куыд баххуыс кодта? 9) 1946 азы цавӕр ахсджиаг хъуыддагмӕ бавнӕлдтой ӕмӕ цӕмӕн? 10) Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цы сарӕзтой, цӕмӕй сӕ хъуыддӕгтӕ Библимӕ гӕсгӕ уыдаиккой? 11) Бамбарын кӕн, 1970 азы цавӕр ивындзинӕдтӕ скодтой, цӕмӕй нӕ организацийы алцыдӕр Библимӕ гӕсгӕ уыдаид. 12) Ацы киноныв дын куыд баххуыс кодта, Йегъовӕ йӕ организацимӕ йӕ хъус кӕй дары ӕмӕ ӕцӕгдӕр йӕ организаци кӕй у, уый хуыздӕр бамбарынӕн? 13) Ацы киноныв дӕ фылдӕр ныфс куыд бауагъта, цӕмӕй зындзинӕдты рӕстӕг дӕр зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнай? 14) Ацы кинонывы фӕрцы нӕ бон куыд у нӕ хиуӕттӕн, нӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ӕмӕ иннӕтӕн баххуыс кӕнын?
Алы бон дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты историйы фыст ӕрцӕуы ног хабӕрттӕ. Цы фыст дзы ӕрцӕудзӕн, мах цы аразӕм, уый тыххӕй та? Цӕй уӕдӕ не ’фсымӕртау мах дӕр зынгзӕрдӕйӕ архайӕм, цӕмӕй дарддӕр дӕр «ӕрттива рухс»! (2 Кор. 4:6).