Зонындзинӕдтӕ чи дӕтты, разӕнгард чи кӕны ӕмӕ уырнындзинад чи фидар кӕны, ахӕм фӕрӕзтӕ
1 Уыдон тынг ӕххуыс кӕнынц адӕмы Библи ӕмӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ зонгӕ кӕнынӕн. Уыдон бирӕты сразӕнгард кодтой ӕцӕгады фарс фидар слӕууынмӕ. Уыдон фидар кӕнынц Хуыцауы иузӕрдион адӕмы уырнындзинад ӕмӕ сӕ руаджы уыдон бузныг сты Хуыцауӕй. Цы сты уыдон? Иегъовӕйы организаци цы видеофильмтӕ рауагъта, уыдон. Цыппар дӕр федтай? Фӕстаг хатт сӕм кӕд кастӕ? Уацамынды сӕ пайда кӕныс? Куыд ис уыцы диссаджы фӕрӕзтӕй фылдӕр пайда исӕн?
2 «Хъахъхъӕнӕг мӕсыджы», 1999 аз, 1 июль, статьяйы «Хуыцауы Ныхас уӕ бинонтимӕ ӕппынӕдзух ахуыр кӕнут» уыд ахӕм уынаффӕ, зӕгъгӕ, «уӕ бон у, бинонтимӕ ахуыргӕнгӕйӕ, Ӕхсӕнады видеофильмтӕй искӕцымӕ бакӕсын... ӕмӕ йыл уый фӕстӕ аныхас кӕнын». Уыцы хорз уынаффӕмӕ гӕсгӕ лӕггаддзинады фембӕлды алы дыккаг мӕй дӕр дзырд цӕудзӕн иу видефильмыл. Хорз уаид, ӕмбырды алчидӕр куы бакӕсид видеофильммӕ чиныгахуыркӕнынады къордимӕ кӕнӕ та иунӕгӕй лӕггаддзинады фембӕлды размӕ.
3 Ацы мӕй дзурдзыстӕм, фыццаг цы видеофильм рауагътам, ууыл — «Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ — йӕ номмӕ гӕсгӕ архайӕг организаци». Бакӕс ӕм ӕмӕ дзы ссар дзуаппытӕ дӕлдӕр лӕвӕрд фарстытӕн:
◼ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ тынгдӕр цӕмӕй сты зындгонд?
◼ Вефилы цы хъуыддӕгтӕ цӕуы арӕзт, уыдон иууылдӕр цавӕр библион стихимӕ сты баст?
◼ Видеофильмы Библийӕ равдыстой цавӕрдӕр цау, систой йын йӕ къам ӕмӕ йӕ сныв кодтой, цӕмӕй нывӕй публикациты пайда кӕной. Цавӕр цау у?
◼ Нӕ литературӕ мыхуырмӕ цӕттӕгонд куыд цӕуы, уый тыххӕй цы хъуыды кӕныс?
◼ Ӕхсӕнад 1920 азӕй 1990 азы онг цас литература рауагъта?
◼ Хуыцауы адӕмӕй Вефилы лӕггад кӕнынмӕ уӕлдай тынгдӕр чи хъуамӕ тырна? (Фӕс. н. 20:29).
◼ Вефилы бинонтӕ цавӕр хъуыддӕгты ӕвдисынц диссаджы дӕнцӕг Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн се ’ппӕтӕн дӕр?
◼ Вефилы цы куыст кӕнынц, цӕмӕй, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, фылдӕр адӕм фехъусой хорз уацхъуыд, уый тыххӕй цы хъуыды кӕныс?
◼ Ӕппӕтдунеон хъуыддаг аразынӕн ӕхца кӕцӕй цӕуы?
◼ Зӕрдиагӕй нӕ бон цавӕр хъуыддагӕн у ӕххуыс кӕнын ӕмӕ цавӕр зӕрдӕйы уагимӕ? (Иоан. 4:35; Ап. к. 1:8).
◼ Нӕ номмӕ гӕсгӕ цы организаци архайы, уый тыххӕй цы хъуыды кӕныс?
◼ Уацамынды дӕ бон куыд у ацы видеофильмӕй пайда кӕнын? Декабры дзурдзыстӕм видеофильм «Библи: ӕцӕг историон цаутӕ, ӕууӕнчы аккаг пехуымпарӕдтӕ»-йыл.
◼ Нӕ номмӕ гӕсгӕ цы организаци архайы, уый тыххӕй цы хъуыды кӕныс?
◼ Уацамынды дӕ бон куыд у ацы видеофильмӕй пайда кӕнын? Декабры дзурдзыстӕм фидеофильм «Библи: ӕцӕг историон цаутӕ, ӕууӕнчы аккаг пехуымпарӕдтӕ»-йыл.