Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • ijwfq 65 статья
  • Йегъовӕйы организацийы цавӕр скъолатӕ ис?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Йегъовӕйы организацийы цавӕр скъолатӕ ис?
  • Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй арӕхдӕр кӕй фӕдӕттынц, уыцы фарстатӕ
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕ организаци куыд ахуыр кӕны?
  • Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты скъолатӕ
  • Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн сӕ ахуырадон программӕ цӕуыл арӕзт у?
  • Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕ ахуырӕн фидын хъӕуы?
  • Паддзах ахуыр кӕны йӕ фӕдылдзӕуджыты
    Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ райста!
  • Нӕ организацийы скъолатӕ дзурӕг сты Йегъовӕйы уарзондзинадыл
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
  • Дӕуӕн дӕр Йегъовӕ дӕ ахуыргӕнӕг у?
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2011
  • Лӕггад фӕхуыздӕр кӕныны скъола гом кӕны стыр ӕмӕ фӕтӕн дуар
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2004
Фылдӕр фенын
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй арӕхдӕр кӕй фӕдӕттынц, уыцы фарстатӕ
ijwfq 65 статья
Кусгӕ бонты чи вӕййы, уыцы фембӕлды рӕстӕг дыууӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕны сценӕйыл лӕууынц ӕмӕ ӕвдисынц, адӕймагимӕ ныхас райдайӕн куыд ис, уый.

Йегъовӕйы организацийы цавӕр скъолатӕ ис?

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕдзух ахуыр кӕнынц, цӕмӕй сӕ царды алы хъуыддаджы дӕр Чырыстийы фӕзмой. Стӕй ма ӕххӕст кӕнынц, Йесо Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытӕн цы бахӕс кодта, уый – Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнын ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын (Матфейы 24:14; 28:19, 20). Цӕмӕй уыцы хъуыддагмӕ хуыздӕр арӕхсӕм, уый тыххӕй нын алы къуыри дӕр вӕййы фембӕлдтӕ, стӕй ма нын алы аз дӕр вӕййы конгресстӕ. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй ӕмбырды кӕнӕ нӕ организацийы цавӕрдӕр хӕстӕ чи феххӕст кӕны, уыдон ма фӕахуыр кӕнынц нӕ организацийы кӕцыдӕр скъолаты.

Ацы статьяйы

  • Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕ организаци куыд ахуыр кӕны?

  • Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты скъолатӕ

  • Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн сӕ ахуырадон программӕ цӕуыл арӕзт у?

  • Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕ ахуырӕн фидын хъӕуы?

  • Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ се скъолаты тыххӕй цы дзурынц?

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕ организаци куыд ахуыр кӕны?

Ӕмбырды фембӕлдтӕ. Къуыри дыууӕ хатты нын вӕййы фембӕлдтӕ, Хуыцауӕн кӕм фӕкувӕм, уыцы рӕтты. Хуыйнынц Паддзахады залтӕ. Иу фембӕлд нын вӕййы кусгӕ бонты, иннӕ та – улӕфгӕ бонты. Фембӕлдтӕм алкӕй бон дӕр у ӕрбацӕуын. Ӕхца фидын дзы нӕ хъӕуы.

  • Кусгӕ бонты нын чи вӕййы, уыцы фембӕлд. Ацы фембӕлды ахуыр кӕнӕм хуыздӕр кӕсын, адӕмимӕ ныхас кӕнын, раныхӕстӕ дзурын, хорз хабар хъусын кӕнын ӕмӕ иннӕты ахуыр кӕнынмӕ хуыздӕр арӕхсын. Вӕййы дзы раныхӕстӕ, раныхӕстӕ фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытимӕ, равдыстытӕ ӕмӕ видеороликтӕ. Уыдӕттӕ нын ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй хуыздӕр арӕхсӕм, Библийы цы фыст ис, уый иннӕтӕн дзурынмӕ ӕмӕ, фылдӕр базонын кӕй фӕфӕнды, уыдонимӕ Библи ахуыр кӕнынмӕ. Ацы фембӕлдмӕ чи ’рбацӕуы, уыдонӕй алкӕмӕн дӕр стыр пайда ӕрхӕссы. Уымӕй уӕлдай ма фембӕлдты нӕ уырнындзинад бафидар вӕййы, стӕй нын ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй Хуыцауы дӕр ӕмӕ не ’мчырыстӕтты дӕр тынгдӕр уарзӕм.

  • Улӕфгӕ бонты нын чи вӕййы, уыцы фембӕлд. Ацы фембӕлд дыууӕ хайӕ конд у. Фыццаг хайы вӕййы раныхас, ӕмӕ уӕлдай пайда вӕййы, фылдӕр базонын кӕй фӕнды, уыдонӕн. Дыккаг хайы та фарстатӕ ӕмӕ дзуаппыты фӕрцы равзарынц статья журналӕй «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» (ахуыр кӕнынӕн чи у, уыцы журналӕй)a. Уыцы статьяты дзырд фӕцӕуы Библийӕ алыхуызон темӕтыл ӕмӕ уагӕвӕрдтыл ӕмӕ нын нӕ царды ӕмӕ нӕ лӕггады цы пайда сты, ууыл.

Конгресстӕ. Алы аз дӕр нын вӕййы ӕртӕ стыр фембӕлды. Уыцы фембӕлдтӕм ӕрбацӕуы бирӕ адӕм алы ӕмбырдтӕй. Дзырд дзы фӕцӕуы Библийӕ цавӕрдӕр темӕйыл ӕмӕ дзы вӕййы раныхӕстӕ, равдыстытӕ, интервьютӕ ӕмӕ видеороликтӕ. Ӕмбырды фембӕлдтӕ нын куыд ӕххуыс кӕнынц, афтӕ нын конгресстӕ дӕр ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй Библи хуыздӕр ӕмбарӕм ӕмӕ хорз хабар хъусын кӕнынмӕ хуыздӕр арӕхсӕм. Конгресмӕ дӕр алкӕй бон дӕр у ӕрбацӕуын ӕмӕ уым дӕр ӕхца фидын нӕ хъӕуы.

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты скъолатӕ

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй кӕйдӕрты фӕхонынц нӕ организацийы кӕцыдӕр скъолатӕм. Цавӕр скъолатӕ сты? Скъолатӕн сӕ нысан цы у? Цас фӕцӕуынц ӕмӕ дзы кӕй бон у ахуыр кӕнын?

Пионерты скъола

  • Йӕ нысан: ацы скъолайӕн йӕ нысан у, Хуыцауӕн йӕ лӕггадгӕнджытӕй иуӕй-иуты, хуыйнынц пионертӕb, сахуыр кӕнын, цӕмӕй хъусын кӕныны ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы ноджы ӕнтыстджындӕр уой. Ахуыры рӕстӕг цавӕрдӕр темӕтыл фӕныхас кӕнынц, равдыстытӕ ӕмӕ раныхӕстӕ бацӕттӕ кӕнынц ӕмӕ сын вӕййы практикӕ.

  • Цас фӕцӕуы: ӕхсӕз боны.

  • Кӕй фӕхонынц: иу аз пионерӕй чи лӕггад кӕны, уыдоны. Пионерӕй бирӕ азты дӕргъы чи лӕггад кӕны ӕмӕ ацы скъолайы фӕстаг фондз азы чи нӕ ахуыр кодта, уыдонӕй дӕр кӕйдӕрты ногӕй фӕхонынц.

Пионерты скъолайы дыууӕ хъусынгӕнӕджы равдыст бацӕттӕ кодтой. Иннӕтӕ сӕм лӕмбынӕг хъусынц.

Хуыцауы Паддзахад хъусынгӕнджыты скъола

  • Йӕ нысан: фӕлтӕрдджын лӕггадгӕнджыты – пионерты – сахуыр кӕнын, цӕмӕй хъусын кӕнынмӕ ӕмӕ иннӕты ахуыр кӕнынмӕ ноджы хуыздӕр арӕхсой. Уыдон Библи ноджы лӕмбынӕгдӕр фӕиртасынц. Ацы скъолайы фӕстӕ бирӕты снысан кӕнынц, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм рӕттӕм.

  • Цас фӕцӕуы: дыууӕ мӕйы.

  • Кӕй фӕхонынц: скъолайы домӕнтӕм гӕсгӕ йӕ бон кӕмӕн у ахуыр кӕнын ӕмӕ, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, уым лӕггад кӕнын йӕ бон кӕмӕн уыдзӕн, ахӕм пионерты.

Хуыцауы Паддзахад хъусынгӕнджыты скъолайы студенттӕ сӕ къухтыл схӕцыдысты, цӕмӕй дзуапп раттой.

Хистӕр нӕлгоймӕгты скъола

  • Йӕ нысан: хистӕр нӕлгоймӕгтӕнc баххуыс кӕнын, цӕмӕй сыл ӕмбырды цы хӕстӕ ис, уыдон ӕххӕст кӕной, зӕгъӕм, се ’мчырыстӕтты ахуыр кӕной, ӕххуыс сын кӕной ӕмӕ Хуыцауы ӕмӕ се ’мчырыстӕтты ноджы тынгдӕр уарзой (1 Петры 5:2, 3).

  • Цас фӕцӕуы: фондз боны.

  • Кӕй фӕхонынц: хистӕр нӕлгоймӕгтӕй ӕрӕджы кӕй снысан кодтой, уыдоны, стӕй ацы скъолайы фӕстаг фондз азы чи нӕ ахуыр кодта, ахӕм фӕлтӕрдджын хистӕр нӕлгоймӕгты.

Хистӕр нӕлгоймӕгты скъолайы студент дзуапп дӕтты.

Скъола районон цӕстдарджытӕн ӕмӕ сӕ устытӕн

  • Йӕ нысан: цӕуӕг цӕстдарджыты, хонынц сӕ районон цӕстдарджытӕd, сахуыр кӕнын, цӕмӕй сӕ хӕстӕ ноджы хуыздӕр ӕххӕст кӕной (1 Тимофеймӕ 5:17). Уыцы чырыстон хистӕр нӕлгоймӕгтӕн ӕмӕ сӕ устытӕн ацы скъола ӕххуыс кӕны, цӕмӕй Библи хуыздӕр ӕмбарой.

  • Цас фӕцӕуы: иу мӕй.

  • Кӕй фӕхонынц: районон цӕстдарджытӕй иу аз чи лӕггад кӕны, уыдоны сӕ устытимӕ. Уый фӕстӕ сӕ ногӕй фӕхонынц, ацы скъолайы куы ахуыр кодтой, уымӕй иу-фондз азы фӕстӕ.

Студенттӕ лӕмбынӕг хъусынц (Скъола районон цӕстдарджытӕн ӕмӕ сӕ устытӕн).

Бӕрнон ӕфсымӕрты скъола

  • Йӕ нысан: хистӕр нӕлгоймӕгтӕн ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕнe баххуыс кӕнын, цӕмӕй сыл ӕмбырды цы хӕстӕ ис, уыдон ӕххӕст кӕной (2 Тимофеймӕ 3:1). Ацы скъола фӕцӕуы алы дыууӕ кӕнӕ ӕртӕ азы.

  • Цас фӕцӕуы: арӕхдӕр иу бон.

  • Кӕй фӕхонынц: районон цӕстдарджыты, хистӕр нӕлгоймӕгты ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрты.

Бӕрнон ӕфсымӕрты скъолайы студенттӕ сӕ къам исынц.

Ног вефилӕгты скъола

  • Йӕ нысан: Вефилыf чи лӕггад кӕны, уыдонӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй сӕ куысты ӕнтыстджын уой ӕмӕ Хуыцауы ӕмӕ кӕрӕдзи тынгдӕр уарзой.

  • Цас фӕцӕуы: фондз боны ӕмӕ ’рдӕг.

  • Кӕй фӕхонынц: Вефилы лӕггад кӕнын чи райдыдта, уыдоны. Вефилы рагӕй чи лӕггад кӕны ӕмӕ, ацы скъолайы фӕстаг фондз азы чи нӕ ахуыр кодта, уыдоны, гӕнӕн ис, ногӕй фӕхоной.

Ног вефилӕгты скъолайы студент раныхас дзуры.

Галаады скъола

  • Йӕ нысан: чи дзы ахуыр кӕны, уыдонӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй Хуыцауы Ныхас тынгдӕр бауарзой, хуыздӕр ӕй бамбарой ӕмӕ, цы базонынц, уымӕ гӕсгӕ архайой (1 Фессалоникӕгтӕм 2:13). Ацы скъола чи фӕвӕййы, уыцы иузӕрдион нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ стыр ӕххуыс вӕййынц, Йегъовӕйы организаци ӕнӕхъӕн дунейы дӕр цы куыст кӕны, уым. Чи йӕ фӕвӕййы, уыдоны снысан кӕнынц сӕхи бӕстӕйы кӕнӕ ӕндӕр бӕстӕйы филиалмӕ кӕнӕ сӕ снысан кӕнынц сӕрмагонд пионертӕй, районон цӕстдарджытӕй йе та миссионертӕй.

  • Цас фӕцӕуы: фондз мӕйы.

  • Кӕй фӕхонынц: филиал кӕмӕн загъта, цӕмӕй ацы скъолайы ахуыр кӕныны тыххӕй анкетӕ байдзаг кӕной, уыцы сӕрмагонд ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнджыты. Скъола фӕцӕуы Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ахуырадон центры Паттерсоны (штат Нью-Йорк).

Галаады скъолайы ахуыргӕнӕг студенттӕн Иерусалимы кувӕндоны макет ӕвдисы.

Скъола филиалты комитетты уӕнгтӕн ӕмӕ сӕ устытӕн

  • Йӕ нысан: филиалты комитеттыg уӕнгтӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй сӕ хъус дарой филиалы куыстмӕ ӕмӕ, сӕ филиалмӕ чи хауы, уыцы бӕстӕйы кӕнӕ бӕстӕты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цы куыст кӕнынц, уымӕ.

  • Цас фӕцӕуы: дыууӕ мӕйы.

  • Кӕй фӕхонынц: Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕйраг хайад фӕхоны филиалты комитетты ӕмӕ бӕстӕты комитетты чи ис, уыцы ӕфсымӕрты ӕмӕ сӕ устыты. Скъола фӕцӕуы Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ахуырадон центры Паттерсоны (штат Нью-Йорк).

Скъолайы филиалты комитетты уӕнгтӕн ӕмӕ сӕ устытӕн ахуыргӕнӕг лекци кӕсы.

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн сӕ ахуырадон программӕ цӕуыл арӕзт у?

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕйраджыдӕр Библи ахуыр кӕнынц. Мах фидарӕй зонӕм, Библи Хуыцауы фӕндӕй кӕй ӕрцыд фыст ӕмӕ дзы ис, чырыстонӕн алы хъуыддаджы дӕр стыр пайда чи у, ахӕм уынаффӕтӕ (2 Тимофеймӕ 3:16, 17).

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕ ахуырӕн фидын хъӕуы?

Нӕ. Ахуырӕн фидын нӕ хъӕуы. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн сӕ куыст цӕуы барвӕндон мысайнӕгты фӕрцы (2 Коринфӕгтӕм 9:7).

a Библи ӕмӕ, Библи кӕй фӕрцы фӕахуыр кӕнӕм, уыцы публикацитӕ, уыимӕ видеороликтӕ, сты нӕ сайты jw.org.

b Пионер у фӕзминаг донаргъуыд Йегъовӕйы Ӕвдисӕн (нӕлгоймаг кӕнӕ сылгоймаг). Уый алы мӕй дӕр хорз хабар бӕлвырд сахӕттӕ хъусын кӕны.

c Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сты фӕлтӕрдджын чырыстӕттӕ. Уыдон ӕмбырды иннӕты Библийы фӕрцы ахуыр кӕнынц, ӕххуыс сын кӕнынц ӕмӕ сын сӕ уырнындзинад фидар кӕнынц. Уый тыххӕй сын ӕхца нӕ фидынц.

d Районон цӕстдарӕг у ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнӕг ӕмӕ алы къуыри дӕр алыхуызон ӕмбырдтӕ фӕбӕрӕг кӕны, цы территори йӕм хауы, уым. Уый йӕ чырыстон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн сӕ уырнындзинад бафидар кӕны, Библийыл арӕзт раныхӕсты фӕрцы ӕмӕ, семӕ хорз хабар хъусын кӕнынмӕ кӕй фӕцӕуы, уый фӕрцы.

e Кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ ӕмбырды алыхуызон хӕстӕ ӕххӕст кӕнынц. Уый фӕрцы хистӕр нӕлгоймӕгтӕн фылдӕр рӕстӕг ис, цӕмӕй иннӕты ахуыр кӕной ӕмӕ сын сӕ уырнындзинад фидар кӕной.

f Вефилтӕ хуыйнынц Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты филиалтӕ. Филиалты чи лӕггад кӕны, уыдон ӕххуыс кӕнынц, сӕ филиалы территоримӕ чи хауы, уыцы ӕмбырдты хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн хорз хабар хъусын кӕнынӕн.

g Филиалы комитеты вӕййы ӕртӕ кӕнӕ фылдӕр фӕлтӕрдджын нӕлгоймаджы.

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ се скъолаты тыххӕй цы дзурынц?

  • Наташӕ.

    «Ӕфсӕрмыгӕнаг кӕй дӕн, уый тыххӕй мын зын вӕййы ӕнӕзонгӕ адӕмимӕ Библийыл ныхас кӕнын. Фӕлӕ нын кусгӕ бонты цы ӕмбырд вӕййы, уый мын баххуыс кодта, цӕмӕй ныфсджындӕр уон ӕмӕ иннӕты ахуыр кӕнынмӕ хуыздӕр арӕхсон. Ныр мын ӕнцондӕр вӕййы ӕмбырды ӕмӕ куысты иннӕтимӕ ныхас кӕнын» (Наташӕ, Америкӕйы Иугонд Штаттӕ).

  • Стивен.

    «Хуыцауы Паддзахад хъусынгӕнджыты скъола мын баххуыс кодта мӕ удыхъӕды хорз миниуджытӕ сфидар кӕнын, зӕгъӕм, уарзондзинад, фӕразондзинад ӕмӕ хӕларзӕрдӕдзинад. Афтӕ мӕм кӕсы, ӕмӕ уый фӕрцы ныр дӕн хуыздӕр чырыстон, ӕмбал ӕмӕ сыхаг. Скъолайы ма сахуыр дӕн Библийӕ цавӕрдӕр фарстатӕ иртасын ӕмӕ Хуыцауы Ныхас иннӕтӕн афтӕ ӕмбарын кӕнын, цӕмӕй сын сӕ зӕрдӕтӕ агайа» (Стивен, Нигери).

  • Лука.

    «Скъола хистӕр нӕлгоймӕгтӕн мын баххуыс кодта, цӕмӕй ноджы сӕрныллӕгдӕр уон. Цы раныхӕстӕ дзы уыд, уыдоны фӕрцы ноджы хуыздӕр бамбӕрстон, Чырыстийы фӕзмын мӕ кӕй хъӕуы, уый» (Лука, Итали).

  • Самьюэл.

    «Бӕрнон ӕфсымӕрты скъолайы фӕрцы бамбӕрстон, ахсджиаг кӕй у, цӕмӕй хӕларзӕрдӕ ӕмӕ фӕлмӕн уон, ӕмӕ хотӕн ӕмӕ ’фсымӕртӕн мемӕ ӕнцондӕр уа. Иннӕтӕн хъуамӕ ӕххуыс кӕнон, уый мӕ хӕс кӕй у, уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ сӕ кӕй уарзын, уый тыххӕй» (Самьюэл, Великобритани).

  • Элнатан и Принсесс.

    «Галаады скъола нын баххуыс кодта Хуыцауы Ныхасы фӕрцы нӕ зӕрдӕтӕм ныккӕсын, раст цыма нӕхимӕ кӕсӕнмӕ кастыстӕм, афтӕ» (Иаковы 1:22–25). Уый фӕрцы бамбӕрстам, нӕ удыхъӕды ӕмӕ нӕ нӕ лӕггады фӕхуыздӕр кӕнын цы хъӕуы, уый. Сахуыр ма стӕм фылдӕр нӕхиуыл нӕ, фӕлӕ иннӕтыл хъуыды кӕнын. Ӕмӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй, цы дзурӕм ӕмӕ цы аразӕм, уымӕй бӕрӕг уа, иннӕты кӕй уарзӕм, уый» (Элнатан ӕмӕ Принсесс, Филиппинтӕ).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын