32 сӕр
Цы аразӕн ис сабаты?
ИУ САБАТЫ та Йесо бацыд Галилейы денджызмӕ хӕстӕг ӕмбырдгӕнӕнмӕ. Уырдӕм ӕрбацыд, йӕ рахиз къух хуыскъ кӕмӕн у, ахӕм адӕймаг дӕр. Чиныджы дӕснытӕ ӕмӕ фарисейтӕ лӕмбынӕг сӕ хъус дарынц, Йесо йӕ сдзӕбӕх кӕндзӕн ӕви нӕ. Ӕппынфӕстаг ӕй фӕрсынц: «Сабаты ӕмбӕлы дзӕбӕх кӕнын?»
Иудейаг дины разамонджыты хъуыдымӕ гӕсгӕ дзӕбӕх кӕныны бар ис, ӕрмӕстдӕр адӕймагӕн мӕлӕтӕй тас куы уа, уӕд. Зӕгъӕм, уыдон амонынц, зӕгъгӕ, сабаты йӕ бынатӕй иртӕст стӕг сӕвӕрын кӕнӕ ӕлвӕст ӕрхӕг бабӕттын раст нӕу. Уӕдӕ ацы фарст Йесомӕ ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй раттой, цӕмӕй йӕм исты фау ӕрхӕссой.
Фӕлӕ сын Йесо зоны сӕ хъуыдытӕ. Уый ӕмбары, сабаты цы нӕй аразӕн, уый тыххӕй сын бынтон ӕнӕраст цӕстӕнгас кӕй ис, уый дӕр. Ӕмӕ сын цӕмӕй сӕ рӕдыд бамбарын кӕна, уымӕ гӕсгӕ Йесо хуыскъкъух адӕймагӕн барӕй загъта: «Слӕуу астӕуӕй».
Уый фӕстӕ Йесо чиныджы дӕснытӕ ӕмӕ фарисейты фӕрсы: «Сымахӕй искӕмӕ иу фыс куы уа, ӕмӕ уый сабаты куы ныххауа дзыхъхъмӕ, нӕ нывналдзӕн ӕмӕ йӕ не сласдзӕн?» Иу фысӕй дӕр ӕхца райсӕн кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ йӕ уыдон иннӕ райсоммӕ дзыхъхъы нӕ ныууагътаиккой, уымӕн ӕмӕ уым, гӕнӕн ис, фӕнизджын уыдаид, ӕмӕ ӕнӕфтиаг фӕуыдаид. Уымӕй уӕлдай ма Фыстады дзырдӕуы: «Рӕстаг адӕймаг йӕ фосыл дӕр мӕт кӕны».
Уыцы абарсты фӕстӕ Йесо дарддӕр дзуры: «Цас хуыздӕр у адӕймаг фысӕй! Уӕдӕ сабаты хорздзинад кӕнын ӕмбӕлы». Дины разамонджытӕн сӕ бон нӕу, цӕмӕй ахӕм раст ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ хатдзӕгыл ма сразы уой, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ныхъхъус сты.
Йесойы зӕрдӕ фӕтоны, фарисейтӕ афтӕ дурзӕрдӕ кӕй сты, ӕмӕ сӕм ӕдзынӕгӕй кӕсы. Уый фӕстӕ дзуры адӕймагӕн: «Аиваз дӕ къух». Ӕмӕ йӕ куы аивӕзта, уӕд йӕ къух сдзӕбӕх.
Уыцы адӕймаджы къух кӕй сдзӕбӕх, ууыл цин кӕныны бӕсты фарисейтӕ ацыдысты ӕмӕ уыцы тӕккӕ Ироды партийы фарсхӕцджытимӕ сусӕгӕй сфӕнд кодтой Йесойы амарын. Ӕвӕццӕгӕн саддукейтӕ дӕр ацы политикон партийы уӕнгтӕ сты. Ацы политикон парти ӕмӕ фарисейты ’хсӕн кӕддӕриддӕр уыдис ӕргом быцӕу, фӕлӕ ныр Йесойы ныхмӕ тохы уыдон балымӕн сты. Матфейы 12:9—14; Маркы 3:1—6; Лукайы 6:6—11; Фӕсномыг ныхӕстӕ 12:10; Рацыд 20:8—10.
▪ Йесо ӕмӕ иудейаг дины разамонджыты ’хсӕн быцӕу цавӕр уавӕрты рауад?
▪ Сабаты дзӕбӕх кӕныны тыххӕй иудейаг дины разамонджытӕ цы хъуыды кӕнынц?
▪ Цавӕр цӕвиттон ӕрхаста Йесо иудейаг дины разамонджыты цӕстӕнгас сраст кӕнынӕн?