ДЫУУАДӔСӔМ СӔР
«Мӕн кӕй зыдта, уый тыххӕй нӕ кодта афтӕ?»
1, 2. Иоаким йӕхицӕн хӕдзар аразынмӕ кӕй бавнӕлдта, уый раст цӕуылнӕ уыди?
ПАДДЗАХ ИОАКИМ бавнӕлдта йӕхицӕн хӕдзар аразынмӕ. Ӕмӕ хӕдзар дӕр хӕдзары хуызӕн куы уыдаид! Хъуамӕ дзы ӕппынкъаддӕр уыдаид дыууӕ уӕладзыджы, алкӕцыйы дӕр – уӕрӕх уӕттӕ. Стыр рудзгуытӕй хъуамӕ мидӕмӕ рухс дзӕбӕх калдаид ӕмӕ дзы сыгъдӕг уӕлдӕф парахатӕй уыдаид, цӕмӕй паддзах ӕмӕ йӕ бинонтӕ уым сӕ рӕстӕг сӕ уды дзӕбӕхӕн ӕрвыстаиккой. Йӕ къултӕ хъуамӕ ӕмбӕрзт уыдаиккой, Ливаны хъӕдӕй кӕй ластой, уыцы хӕрздӕф кедрбӕласӕй. Ӕмӕ цӕмӕй хӕдзар мидӕгӕй хъӕздыгдӕр ӕмӕ рӕсугъддӕр зындаид, уый тыххӕй та къултӕ хъуамӕ ахуырст уыдаиккой сырх-сырхид ахорӕнӕй. Уыцы ахорӕн ластой дард рӕттӕй, ӕмӕ хъӕздгуытӕм тынг кадджын уыди, сӕ хӕдзар ахӕм ахорӕнӕй ахуырст уыдаид, уый (Йер. 22:13, 14).
2 Ахӕм хӕдзар саразынӕн гыццыл ӕхца нӕ хъуыди. Уыцы заман дзуттӕгтӕ Египеты дӕлбар уыдысты ӕмӕ сын стыр хъалон фыстой, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ, ӕвӕццӕгӕн, паддзахы хӕзнадон сафтид (2 Пад. 23:33–35). Фӕлӕ уӕддӕр паддзах Иоаким йӕ ног галуан саразынӕн мадзал ссардта – чи йын ӕй арӕзта, уыдонӕн мызд нӕ фыста. Цыма йын цагъартӕ уыдысты, афтӕ сӕ йӕхицӕн лӕвар кусын кодта.
3. Иоаким йӕ фыд Иосийӕ цӕмӕй хицӕн кодта ӕмӕ цӕмӕн?
3 Йеремийы уылты Хуыцау Иоакимӕн тӕрхон рахаста, афтӕ хиуарзон кӕй уыд, уый тыххӕйa. Йӕ зӕрдыл ын ӕрлӕууын кодта, йӕ фыды, паддзах Иосийы. Уый, сау куыст чи кодта ӕмӕ мӕгуыр чи цард, уыдонмӕ уыди хӕларзӕрдӕ ӕмӕ сын цӕстуарзонӕй ӕххуыс кодта. Уыцы ӕфхӕрд адӕмӕй-иу ӕм исчи хъаст куы бахаста, уӕд-иу ын йӕ хъуыддаг равзӕрста. Гъемӕ йын Йегъовӕ Иосийы цӕвиттонмӕ йӕ хъус куы ’рдардта, уӕд ӕй бафарста: «Мӕн кӕй зыдта, уый тыххӕй нӕ кодта афтӕ?» (Бакӕс Йеремийы 22:15, 16.)
4. Йегъовӕйы зонын дӕ ӕнӕмӕнг цӕмӕн хъӕуы?
4 Хӕйрӕджы дунейы уавӕр кӕны фыддӕрӕй-фыддӕр, ӕмӕ нӕ уӕлдай тынгдӕр хъӕуы, цӕмӕй нын Йегъовӕ ӕххуыс кӕна ӕмӕ нӕ хъахъхъӕна. Ахӕм ӕххуыс Йегъовӕ дӕтты, хорз ӕй чи зоны, уыдонӕн. Ӕмӕ нӕ уый тыххӕй хъӕуы Йегъовӕмӕ ноджы ӕввахсдӕр кӕнын. Уымӕй уӕлдай ма хъуамӕ нӕ удыхъӕды фидар кӕнӕм Хуыцауы рӕсугъд миниуджытӕ, цӕмӕй хъусын кӕнгӕйӕ ӕнтыстджын уӕм. Ӕвӕццӕгӕн, дӕу дӕр фӕнды Йегъовӕйы, паддзах Иоси йӕ куыд зыдта, афтӕ зонын. Цы хъӕуы уый тыххӕй?
КӔД ИС ЗӔГЪӔН, ӔМӔ АДӔЙМАГ ЙЕГЪОВӔЙЫ ЗОНЫ
5, 6. а) Хорз фыд йӕ фырты цардыл куыд фӕзыны? ӕ) Йегъовӕйы тыххӕй цы базонӕм, уый нӕ Иоакимӕй уӕлдай хъуамӕ цӕмӕ разӕнгард кӕна?
5 Ахъуыды-ма кӕн, хорз фыд йӕ фырты цардыл куыд фӕзыны, ууыл. Зӕгъӕм, фыд, цы йӕм ис, уымӕй тыхст адӕмӕн цӕстуарзонӕй куыд хай кӕны, уымӕ кӕсгӕйӕ, ӕвӕццӕгӕн, фырт йӕхӕдӕг дӕр суыдзӕн рӕдау адӕймаг. Фыд мады куыд уарзы ӕмӕ йын куыд аргъ кӕны, уый уынгӕйӕ, ӕвӕццӕгӕн, йӕхӕдӕг дӕр куы сыстыр уа, уӕд раст цӕстӕй кӕсдзӕн сылгоймӕгтӕм. Стӕй йӕ фыд куыд раст адӕймаг у ӕмӕ ӕхцаимӕ баст хъуыддӕгты куыд ӕнӕзӕрдӕхудтӕй архайы, уый тыххӕй хъусгӕйӕ, йӕхӕдӕг дӕр сахуыр уыдзӕн алы хъуыддаджы дӕр ӕнӕзӕрдӕхудтӕй архайын. Иудзырдӕй, йӕ фыд иннӕтимӕ куыд цӕры ӕмӕ йӕм цавӕр миниуджытӕ ис, уый цас хуыздӕр зона, уыйас ӕй тынгдӕр фӕнддзӕн, цӕмӕй йӕхӕдӕг дӕр иннӕтӕн афтӕ уа.
6 Уый зӕгъӕн ис махӕй дӕр. Йегъовӕйы Иосийау хорз зонай, уый ӕрмӕст уый нӕ нысан кӕны, ӕмӕ йӕ Дунедарӕг Стыр Хуыцауыл нымайай. Библи кӕсгӕйӕ базонӕм, нӕ уӕларвон Фыд адӕммӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый, ӕмӕ нӕхи дӕр бафӕнды, цӕмӕй сӕм мах дӕр ахӕм цӕстӕй кӕсӕм. Ӕмӕ Йегъовӕйы цас тынгдӕр фӕзмӕм, уыйас ӕй уарзгӕ дӕр тынгдӕр кӕндзыстӕм. Ӕцӕг Хуыцауы закъӕттӕ ӕмӕ амындтӕ чи ницӕмӕ дары ӕмӕ йын йӕ цардыл хуыздӕрырдӕм фӕзына, уыцы фадат ын чи нӕ дӕтты, уыдон та йӕ никуы базондзысты. Ахӕм адӕм Иоакимӕй уӕлдай не сты. Йегъовӕ Иоакимӕн Йеремийы уылты цы ныхӕстӕ зӕгъинаг уыд, уыдон ын куы бакастысты, уӕд тыхтон арты баппӕрста. (Бакӕс Йеремийы 36:21–24.)
Иоси ӕмӕ Иоаким Хуыцауы ныхӕстӕм иухуызон цӕстӕй нӕ ракастысты
7. Цӕмӕн дӕ фӕнды Йегъовӕйы Иосийау хорз зонын?
7 Йегъовӕ цавӕр Хуыцау у, уый бӕлвырд зонын ӕнӕмӕнг хъуыддаг у. Уымӕй кӕнгӕ у, нӕ лӕггады ӕнтыстджын уыдзыстӕм ӕви нӕ, стӕй ууыл баст у не ’нусон фидӕн дӕр (Йер. 9:24). Йеремийы фыст чингуытӕй бирӕ ис базонӕн, Хуыцаумӕ цавӕр миниуджытӕ ис, уый тыххӕй. Ацы сӕры дзы ӕркӕсдзыстӕм иуӕй-иутӕм. Ӕмӕ сыл куы ныхас кӕнӕм, уӕд-иу ахъуыды кӕн, дӕ бон куыд у Йегъовӕйы Иосийау хорз зонын ӕмӕ йӕ фӕзмын.
Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ паддзах Иоси Йегъовӕйы хорз зыдта? Ды дӕр Йегъовӕйы, Иоси йӕ куыд зыдта, афтӕ кӕй зоныс, уый дӕ бон куыд у ӕвдисын?
«ЙЕ ’НУВЫД УАРЗТ У ӔНУСТӔМ!»
8. Цы у ӕнувыд уарзт?
8 Хуыцауы рӕсугъд миниуджытӕй иу у ӕнувыд уарзт. Бирӕ ӕвзӕгтыл тынг зын у, ацы миниуӕг ӕххӕстӕй чи ’вдисы, ахӕм дзырд ссарын. Библийы дзырдтӕ чи ӕмбарын кӕны, иу ахӕм дзырдуаты куыд фыст ис, афтӕмӕй ацы дзуттаг дзырд амоны ӕртӕ миниуӕджы: уарзондзинад, тых ӕмӕ фидардзинад. Фыст ма дзы ис, зӕгъгӕ йӕ иннӕ ӕвзӕгтӕм цы ныхасӕй ратӕлмац кӕнынц, уыцы ныхасы ацы ӕртӕ миниуӕджы дӕр куы нӕ уа, уӕд афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ йын йӕ хъуыды кӕронмӕ ӕмбарын кӕны. Уӕдӕ ӕнувыд уарзтӕй чи уарзы, уый йӕхи мӕт нӕ кӕны, фӕлӕ иннӕтыл зӕрдӕйӕ тыхсы ӕмӕ, йӕ бон цӕмӕйдӕриддӕр у, уымӕй сын ӕххуыс кӕны, уӕлдайдӕр та сӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн. Ахӕм адӕймаг афтӕ сӕйраджыдӕр уымӕн кӕны, ӕмӕ йӕ фӕнды Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнын.
9. Йегъовӕ израилӕгтӕн куыд уыди, уымӕй цы у бӕрӕг?
9 Цӕмӕй, Библийы дзырдбаст «ӕнувыд уарзт» цы нысан кӕны, уый хуыздӕр бамбарӕм, уый тыххӕй нӕ лӕмбынӕг ӕркӕсын хъӕуы, Хуыцау ӕнусты дӕргъы йӕ лӕггадгӕнджытӕн куыд уыди, уымӕ. Израилӕгтӕ 40 азы дӕргъы ӕдзӕрӕг быдыры куы уыдысты, уӕд сӕ Йегъовӕ хъахъхъӕдта ӕмӕ сӕ хӕринагцух никуы ныууагъта. Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ куы бацыдысты, уӕд та-иу сын тӕрхонгӕнджытӕ радта, ӕмӕ-иу сӕ уыдон се знӕгтӕй фервӕзын кодтой ӕмӕ-иу сӕ фӕстӕмӕ ӕцӕг Хуыцаумӕ раздӕхтой. Йегъовӕ йӕ адӕмимӕ уыди, алцыдӕр-иу хорз куы уыд, уӕд дӕр, ӕмӕ-иу бӕллӕхы куы бахаудысты, уӕд дӕр. Ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ загъта: «Ӕнусон уарзтӕй дӕ бауарзтон. Гъе уый тыххӕй дӕ ӕлвасын мӕхимӕ ӕнувыд уарзтӕй» (Йер. 31:3).
10. Йегъовӕ куывдтытӕ кӕй хъусы ӕмӕ афтӕмӕй йе ’нувыд уарзт кӕй ӕвдисы, уый дзуттӕгты хабарӕй куыд зыны?
10 Абон дӕр Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджытӕн хай кӕны йе ’нувыд уарзтӕй. Ӕркӕсӕм, куывдтытӕ куыд хъусы, уымӕ. Йегъовӕ хъусы сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмӕй алкӕй куывдтытӕ дӕр. Фӕлӕ йӕ хъус уӕлдай тынгдӕр ӕрдары, йӕ цард ын чи снывонд кодта, уыдоны куывдтытӕм. Вӕййы афтӕ, ӕмӕ йӕм афӕдзӕй-афӕдзмӕ уыцы иу зындзинӕдты тыххӕй фӕкувӕм. Фӕлӕ уӕддӕр афтӕ никуы ахъуыды кӕны, ацы адӕймагмӕ хъусын мӕ бон нал у, сфӕлмӕцыдтӕн дзы, зӕгъгӕ. Кӕддӕр дзуттӕгтӕй Вавилоны уацары чи уыди, уыдонмӕ Йегъовӕ Йеремийы уылты йӕ ныхас арвыста. Уыцы дзуттӕгтӕ Иудӕйы зӕххӕй, кувӕндонӕй, стӕй сӕ бинонтӕй ӕмӕ се ’мбӕлттӕй дӕр уыдысты 800 километры дарддӕр. Ӕмӕ кӕд кувӕндонӕй афтӕ дард уыдысты, уӕддӕр сын Йегъовӕ хъуыста сӕ лӕгъстӕтӕ ӕмӕ йӕ куыд кадджын кодтой, уый. Ахъуыды-ма кӕн, дзуттӕгтӕ Хуыцауы ныхӕстӕ куы фехъуыстой, уӕд сӕ уый цас ныфс бауагътаид. Уыцы ныхӕстӕ фыст сты Йеремийы 29:10–12. (Бакӕс сӕ.) Йегъовӕ ахӕм цӕстӕй кӕсы дӕумӕ дӕр ӕмӕ дӕ зӕрдиаг куывдтытӕм дӕр.
11, 12. а) Йегъовӕ Иерусалимы цӕрджытӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта? ӕ) Ӕмбырдӕй кӕй ацух кӕнынц, уыдонӕн Йегъовӕ куыд ӕххуыс кӕны?
11 Йегъовӕйӕн йӕ лӕггадгӕнджытӕ куы фӕрӕдийынц, уӕд сыл йӕ къух нӕ сисы, ӕмӕ уымӕй дӕр бӕрӕг у йе ’нувыд уарзт. Иерусалим пырхгонд куы хъуамӕ ’рцыдаид, уыцы рӕстӕг хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр кодта, фӕлӕ горӕты цӕрджыты уӕддӕр нӕ фӕндыди сӕхи вавилойнӕгты дӕлбар бакӕнын, ӕмӕ афтӕмӕй цыдысты Хуыцауы ныхмӕ. Цымӕ уыцы ӕгоммӕгӕс адӕммӕ цавӕр фидӕн ӕнхъӕлмӕ каст? Кӕнӕ ӕххормагӕй аскъуыдаиккой кӕнӕ та вавилойнӕгты къухӕй фӕцагъды уыдаиккой. Ахӕм мӕлӕт сӕ куы нӕ баййӕфтаид, уӕддӕр сӕ ӕцӕгӕлон бӕстӕмӕ уацары акодтаиккой ӕмӕ уым амардаиккой. Фӕлӕ чи ӕрфӕсмон кодтаид ӕмӕ йӕ цард чи фӕивтаид, уыдонӕн Йегъовӕ зӕрдӕ бавӕрдта, йе ’ргом сӕм кӕй раздахдзӕн ӕмӕ сӕ дард Вавилонӕй фӕстӕмӕ сӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ кӕй ӕркӕндзӕн (Йер. 27:22). Ӕмӕ Йереми загъта, уӕд фырцинӕй кӕй зардзысты: «Кадджын кӕнут ӕфсӕдты хицау Йегъовӕйы, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ у хӕларзӕрдӕ, уымӕн ӕмӕ йе ’нувыд уарзт у ӕнустӕм!» (Йер. 33:10, 11).
12 Йегъовӕйы ӕнувыд уарзт стыр ныфсы хос у, ахӕм хъуыдтӕ кӕмӕ фӕзыны, мӕнӕн ницыуал баххуыс кӕндзӕн, зӕгъгӕ, суанг уыдонӕн дӕр. Ис ахӕм адӕймӕгтӕ, ӕмӕ кӕддӕр чырыстон ӕмбырды уыдысты, фӕлӕ цыдӕр тӕригъӕд сарӕзтой, ӕмӕ сӕ ӕмбырдӕй ацух кодтой. Чи зоны, цы рӕдыд ӕруагътой, уый тыххӕй сӕхи хӕрынц ӕмӕ сӕ ныфс нӕ хӕссынц, ногӕй та ӕмбырдтӕм цӕуын райдайой, уымӕ. Чи зоны, афтӕ дӕр фӕхъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ мын Йегъовӕ никуы ныххатыр кӕндзӕн ӕмӕ мын никуыуал уыдзӕн уыцы фадат, цӕмӕй йӕм фӕстӕмӕ раздахон. Фӕлӕ Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау ахӕм адӕймӕгтӕн се ’ппӕтӕн дӕр зӕрдӕ ӕвӕры, кӕй сын баххуыс кӕндзӕн сӕ зондахаст аивынӕн ӕмӕ се ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзынӕн. Йегъовӕ дзуттӕгтӕн зӕрдӕ куыд бавӕрдта, фӕстӕмӕ уӕ уӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ ӕркӕндзынӕн, зӕгъгӕ, афтӕ уыдоны дӕр фӕстӕмӕ ӕмбырдмӕ ӕрбакӕндзӕн, ӕмӕ та йын йӕ адӕмимӕ цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕндзысты (Йер. 31:18–20).
13. Йегъовӕ Йеремийӕн куыд ӕххуыс кодта, уый дын ныфсы хос цӕмӕн хъуамӕ уа?
13 Йегъовӕ ӕнувыд уарзты хицау кӕй у, уый ма уымӕй дӕр у бӕрӕг, ӕмӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн алкӕддӕр ис сӕ фарсмӕ. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ мах нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, ацы дунейы фӕстаг бонты Йегъовӕ кӕй хъахъхъӕндзӕн, фыццаджыдӕр ын йӕ Паддзахад чи агуры, уыдоны. Хъуыды кӕныс, Иерусалимы фӕстаг бонты Йереми йӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл кӕй дардта? Ӕмӕ Йегъовӕ йӕ пехуымпары никуы ныууагъта – хъахъхъӕдта йӕ ӕмӕ, цӕрынӕн ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, уый йын лӕвӕрдта (Йер. 15:15; бакӕс Йеремийы хъарӕг 3:55–57). Уӕдӕ ды дӕр цыфӕнды зын уавӕры ма уай, уӕддӕр дӕ зӕрдыл дар, Йегъовӕ дын дӕ иузӕрдион лӕггад кӕй нӕ ферох кӕндзӕн. Ӕнувыд уарзтӕй дӕ кӕй уарзы, уымӕ гӕсгӕ дын дарддӕр дӕр ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕ уырнындзинад ма фӕцуда ӕмӕ ма фесӕфай (Йер. хъ. 3:22).
Йегъовӕйы ӕнувыд уарзт цы хъуыддӕгтӕй зыны, уыдонӕй дын дӕ зӕрдӕ тынгдӕр кӕцы агайы ӕмӕ цӕмӕн?
«УЫМӔ ИС... РАСТ ТӔРХОН!»
14. Фӕстаг рӕстӕг цавӕр ӕвирхъау хабӕрттӕ фехъуыстай?
14 Чидӕртӕ, ницы фыдракӕнд саразынц, афтӕмӕй цалдӕргай азтӕ ахӕстоны арвитынц. Вӕййы афтӕ дӕр, ӕмӕ адӕймагӕн мӕлӕты тӕрхон куы рахӕссынц ӕмӕ йӕ куы бабын кӕнынц, ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ рабӕрӕг вӕййы, аххосджын кӕй нӕ уыд. Кӕцыдӕр бӕстӕты адӕм афтӕ мӕгуыр цӕрынц, ӕмӕ сын бахӕрынӕн къӕбӕр дӕр нӕй. Ӕмӕ цӕмӕй бинонтӕ ӕххормагӕй ма амӕлой, уый тыххӕй ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты цагъартӕй дӕр ауӕй кӕнынц. Ахӕм ӕвирхъау хабӕрттӕ куы фехъусыс, уӕд дын зын нӕ вӕййы? Ӕмӕ дӕм куыд кӕсы, Йегъовӕйӕн та нӕ вӕййы зын? Библийы фыст ис, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, адӕм цӕй тыххӕй хъизӕмар кӕнынц, уыдӕттӕн кӕрон скӕнын. Ӕрмӕстдӕр Хуыцауӕн у йӕ бон уый саразын. Ӕмӕ уый мӕгуыр адӕмӕн ӕмӕ, ӕнаххосӕй ӕфхӕрд чи ӕййафы, уыдонӕн ныфсы хос куыннӕ у! Йегъовӕ у рӕстдзинады Хуыцау, ӕмӕ тагъд ахӕм адӕмы тухитӕн кӕрон скӕндзӕн (Йер. 23:5, 6).
15, 16. а) Йереми нын Йегъовӕйы тыххӕй цы раргом кодта? ӕ) Хуыцауӕн йӕ закъӕттыл ӕмӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтыл ӕууӕндӕн цӕмӕн ис?
15 Йеремийы рӕстӕджы дзуттӕгтӕй иуӕй-иутӕ ӕмбӕрстой, Йегъовӕйы рӕстдзинадӕн ӕмбал кӕй нӕй. Йереми загъта, зӕгъгӕ, дзуттӕгтӕй чидӕртӕ сӕ зӕрдӕйы уаг фӕивдзысты ӕмӕ, кӕй ӕрфӕсмон кодтой, уый равдисдзысты ахӕм ныхӕстӕй: «Сомы кӕнын удӕгас Хуыцау Йегъовӕйӕ, уымӕ ис ӕцӕгдзинад, раст тӕрхон ӕмӕ рӕстдзинад!» (Йер. 4:1, 2). Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, Йегъовӕйы хъуыддӕгты хӕрамдзинадӕй ницы ис. Фӕлӕ Йегъовӕ рӕстдзинад кӕй уарзы, уымӕн ма ис ӕндӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ дӕр.
16 Йегъовӕ йӕ ныхас никуы фӕсайы ӕмӕ йӕм цӕстмӕмитӕ нӕй. Адӕмӕй бирӕтӕ сӕ ныхасӕн хицау нӕ разынынц, фӕлӕ Хуыцауӕй та уый зӕгъӕн нӕй. Суанг ӕрдзы мидӕг цы закъӕттӕ сфидар кодта, уыдон дӕр сты ӕнустӕм, ӕмӕ нын хӕссынц пайда (Йер. 31:35, 36). Ӕмӕ уыцы закъӕттӕ куыд ӕнӕивгӕ сты, афтӕ ӕнӕивгӕ сты йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ ӕмӕ йӕ тӕрхӕттӕ дӕр. Уыдон дӕр алкӕддӕр сты нӕ пайдайӕн. (Бакӕс Йеремийы хъарӕг 3:37, 38.)
17. а) Йегъовӕ тӕрхон куыд фӕкӕны? ӕ) Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмбырды хъуыддӕгтӕ раст кӕй аскъуыддзаг кӕнынц, ууыл фидарӕй ӕууӕндӕн цӕмӕн ис? (Кӕс рамкӕ «Тӕрхон кӕнынц Йегъовӕйы номӕй», 198 фарс.)
17 Йегъовӕ адӕймагӕн куы фӕтӕрхон кӕны, уӕд уыцы хъуыддагмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй никуы фӕкӕсы. Зӕххон тӕрхонгӕнджытӕй уӕлдай уый фӕкӕсы, адӕймаг афтӕ цӕмӕн бакодта, уымӕ. Абон дохтыртӕ компьютерты ӕмӕ алыхуызон мадзӕлтты фӕрцы адӕймаджы зӕрдӕ басгарынц – буары уӕнгтӕм туг куыд хӕссы, уый фенынц ӕмӕ афтӕмӕй базонынц, цы уавӕры ис, уый. Стӕй уыргтӕ дӕр басгарынц ӕмӕ фенынц, туг куыд сыгъдӕг кӕнынц, уый. Йегъовӕйӕн та йӕ бон ноджы фылдӕр у. Уый ныккӕсы адӕймагӕн йӕ «зӕрдӕмӕ» ӕмӕ йын йӕ фӕндтӕ базоны. Стӕй йын басгары йӕ «уыргтӕ» дӕр, ома йын йӕ арфӕмбӕхст хъуыдытӕ фены. Ӕмӕ афтӕмӕй базоны, адӕймаджы цавӕрдӕр хъуыддагмӕ цы сразӕнгард кодта ӕмӕ уыцы хъуыддагмӕ йӕхӕдӕг цы цӕстӕй кӕсы, уый. Фӕлӕ кӕд Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау адӕймаджы тыххӕй алы лыстӕг хабар дӕр базоны, уӕддӕр ӕй уый нӕ бакуырм кӕны. Хуыцау цы базоны, уымӕй раст спайда кӕны – алцыдӕр бӕстон сбары ӕмӕ афтӕмӕй рахӕссы тӕрхон. Йегъовӕимӕ цыфӕнды арфуынӕг тӕрхонгӕнӕджы дӕр нӕй абарӕн. (Бакӕс Йеремийы 12:1а; 20:12.)
18, 19. Йегъовӕ рӕстдзинады Хуыцау кӕй у, уый зонгӕйӕ куыд архайдзыстӕм?
18 Уӕдӕ кӕд, раздӕр цы рӕдыдтытӕ ӕруагътай, уыдоны тыххӕй дӕхи хӕрыс, уӕддӕр дӕ бон у Йегъовӕйыл дӕ ныфс фидарӕй дарын. Йегъовӕ дурзӕрдӕ прокурор нӕу, ӕмӕ дӕ куыд бафхӕра, ууыл нӕ архайы. Уый у фӕлмӕнзӕрдӕ Тӕрхонгӕнӕг, ӕмӕ йӕ фӕнды дӕуӕн баххуыс кӕнын. Кӕд дын дӕ раздӕры хъуыддӕгтӕ ӕнцой нӕ дӕттынц кӕнӕ кӕимӕдӕр нӕ фидауыс, уӕд Йегъовӕмӕ кув, цӕмӕй дын дӕ «хъуыддаг равзара», ома дын баххуыс кӕна, ӕмӕ уыдӕттыл ӕгӕр мауал мӕт кӕнайb. Ӕмӕ уӕд Хуыцауы фӕрцы бамбардзынӕ, зын уавӕрты дӕр ын дарддӕр кӕй лӕггад кӕныс, уый тыххӕй йын тынг зынаргъ кӕй дӕ. (Бакӕс Йеремийы хъарӕг 3:58, 59.)
19 Хуыцау алы хъуыддаджы дӕр рӕстӕй архайы, ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй йын йӕ хорзӕх чи агуры, уыдон дӕр рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ архайой (Йер. 7:5–7; 22:3). Йегъовӕйау мах дӕр рӕстдзинад кӕй уарзӕм, уый сӕйраджыдӕр ӕвдисӕм, хорз хабар хъусын кӕнгӕйӕ кӕй никӕй хъулон кӕнӕм, уымӕй. Фылдӕр базонын кӕй фӕнды, уыцы адӕммӕ-иу ногӕй куы бацӕуӕм ӕмӕ, Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдоны рохуаты куы нӕ уадзӕм, уӕд афтӕмӕй рӕстдзинады Хуыцауы фӕзмдзыстӕм. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй йӕ алыхуызон адӕм дӕр базоной ӕмӕ фервӕзой (Йер. хъ. 3:25, 26). Ахъуыды-ма кӕн, ацы ахсджиаг хъуыддаджы Хуыцауы ӕмкусджытӕ кӕй стӕм, уый махӕн цӕй стыр кад у!
Йегъовӕ рӕстдзинады Хуыцау кӕй у, уый дын удӕнцой куыд хӕссы? Дӕ бон куыд у Йегъовӕйау рӕстӕй архайын ӕмӕ афтӕмӕй иннӕтӕн удӕнцой хӕссын?
«ӔЗ ӔНУСТӔМ НӔ МӔСТЫ КӔНДЗЫНӔН»
20. а) Йегъовӕ хатыр кӕнынмӕ цӕттӕ кӕй у, уый Йереми куыд равдыста? ӕ) Йегъовӕ «фӕфӕсмон кӕны», зӕгъгӕ, куыд ӕмбаргӕ у? (Кӕс рамкӕ 201 фарсыл.)
20 Бирӕтӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ Йеремийы чиныджы ӕмӕ Йеремийы хъарӕджы чиныджы карз тӕрхӕттӕ йеддӕмӕ ӕндӕр ницӕй кой цӕуы. Фӕлӕ ма уыцы чингуыты бирӕ рӕтты дзырд цӕуы, Йегъовӕ йӕ адӕмӕн ныххатыр кӕнынмӕ цӕттӕ кӕй у, уый тыххӕй дӕр, ӕмӕ уый та уынгӕ дӕр нӕ кӕнынц. Зӕгъӕм, Йегъовӕ дзуттӕгтӕн лӕгъстӕ кодта: «Курӕг уӕ дӕн, алчидӕр уӕ йе ’взӕр фӕндаг ныууадзӕд, ӕмӕ уӕ фӕндӕгтӕ ӕмӕ уӕ хъуыддӕгтӕ сраст кӕнут». Ӕмӕ сӕ Йереми дӕр разӕнгард кодта: «Уӕ фӕндӕгтӕ ӕмӕ уӕ хъуыддӕгтӕ сраст кӕнут, ӕмӕ хъусут уӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ. Ӕмӕ уӕд Йегъовӕ фӕфӕсмон кӕндзӕн, бӕллӕх ӕруадзинаг уыл кӕй уыд, ууыл» (Йер. 18:11; 26:13). Абон дӕр Йегъовӕ хатыр кӕны, зӕрдӕйӕ чи ӕрфӕсмон кӕны ӕмӕ йе ’взӕр хъуыддӕгтӕ чи ныууадзы, уыдонӕй алкӕмӕн дӕр.
21. Йегъовӕ адӕймагӕн куы ныххатыр кӕны, уӕд йӕ нысан цы вӕййы?
21 Йегъовӕ ӕрмӕст дзургӕ нӕ кӕны, хатыр кӕнынмӕ цӕттӕ дӕн, зӕгъгӕ, фӕлӕ кӕнгӕ дӕр афтӕ кӕны. Зӕгъӕм, Йеремийы уылты дзуттӕгты разӕнгард кодта: «Раздӕх, мӕнгард Израил... Мӕстыйӕ уӕм нӕ кӕсдзынӕн... Ӕз ӕнустӕм нӕ мӕсты кӕндзынӕн» (Йер. 3:12). Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджытӕй искӕмӕн куы ныххатыр кӕны, уӕд ӕм йӕ зӕрдӕйы маст нал фӕхӕссы. Кӕд адӕймаг тӕригъӕд саразы, уӕддӕр Йегъовӕйы фӕфӕнды, се ’хсӕн цы хид фехӕлд, уый ногӕй саразын. Уыцы адӕймаг зӕрдӕйӕ куы фӕсмон кӕна ӕмӕ хатыр куы кура, уӕд ӕй Йегъовӕ «фӕстӕмӕ ӕрбакӕндзӕн» – ногӕй та йӕ схайджын кӕндзӕн йӕ хорзӕхӕй ӕмӕ йӕ арфӕдзинӕдтӕй (Йер. 15:19). Ӕцӕг Хуыцауӕй чи адард, уыдоны ацы хъуыды ӕнӕмӕнгдӕр ныфс бауадздзӕн, цӕмӕй йӕм фӕстӕмӕ раздӕхой. Йегъовӕ ахӕм хатыргӕнаг Хуыцау кӕй у, уый дын дӕ зӕрдӕ нӕ тавы? (Бакӕс Йеремийы хъарӕг 5:21.)
22, 23. Иннӕтӕн хатыр кӕнгӕйӕ Йегъовӕйау дӕуӕн дӕр дӕ нысан цы хъуамӕ уа?
22 Мыййаг дын исчи йе ’нӕрхъуыды ныхӕстӕй кӕнӕ йӕ митӕй дӕ зӕрдӕ куы скъаха, уӕд ды дӕр Йегъовӕйау бакӕндзынӕ? Кӕддӕр Йегъовӕ дзуттӕгты тыххӕй афтӕ загъта, зӕгъгӕ, кӕмӕн ныххатыр кодтон, уыдоны «ссыгъдӕг кӕндзынӕн». (Бакӕс Йеремийы 33:8.) Чи ӕрфӕсмон кӕны, уыцы адӕймаджы Йегъовӕ цы хуызы ссыгъдӕг кӕны? Йӕ тӕригъӕд ын ферох кӕны, ӕмӕ цыма ницы ӕрцыди, афтӕ йын фадат ратты, цӕмӕй та йын лӕггад кӕна. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Хуыцау адӕймагӕн кӕй ныххатыр кӕны, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ адӕймаг йӕ туджы цы тӕригъӕд рахаста, уымӕй ссӕрибар ӕмӕ ныр алцӕмӕй ӕххӕст у. Фӕлӕ, Хуыцау адӕмы куыд ссыгъдӕг кӕны, уымӕй нӕ бон у зондӕн цыдӕр райсын. Исчи нӕ куы фӕхъыг кӕны, уӕд мах дӕр хъуамӕ уыцы хъуыддаг ферох кӕнӕм ӕмӕ нӕ зӕрдӕ «ссыгъдӕг кӕнӕм», уыцы адӕймагмӕ цы маст хӕссӕм, уымӕй. Куыд?
23 Зӕгъӕм, дӕ фыдӕлтӕй дын рагон рӕсугъд дурын баззад. Истӕмӕй куы схъулӕттӕ уа кӕнӕ йыл чъизи куы ныббада, уӕд ӕй уайтагъд ӕппарынмӕ фӕуыдзынӕ? Нӕ, афтӕ нӕ бакӕндзынӕ! Ӕвӕццӕгӕн ӕй арӕхстгай ныссыгъдӕг кӕндзынӕ ӕмӕ йӕ сӕрттивын кӕндзынӕ. Стӕй йӕ зынгӕ ран сӕвӕрдзынӕ, цӕмӕй йӕ алчидӕр уына. Афтӕ-иу бакӕн, де ’фсымӕртӕй кӕнӕ дӕ дӕ хотӕй исчи куы фӕхъыг кӕна, уӕд дӕр. Ӕппӕт хъарутӕй архай, цӕмӕй йӕм дӕ зӕрдӕйы маст ӕмӕ хӕрам ма хӕссай. Адӕймагӕн куы ныххатыр кӕнай ӕмӕ дын ӕнӕрхъуыдыйӕ цы загъта кӕнӕ цы сарӕзта, уый куы ферох кӕнай, уӕд дӕ зӕрдӕ ссыгъдӕг кӕндзынӕ, уыцы адӕймаджы тыххӕй дзы ӕвзӕрӕй цы ныффыстай, уымӕй. Ӕмӕ кӕд уыцы адӕймаджы тыххӕй афтӕ хъуыды кодтай, зӕгъгӕ, йемӕ никуыуал бафидаудзынӕн, уӕддӕр та иумӕ хӕларӕй цӕрдзыстут.
24, 25. Ды дӕр Йегъовӕйы Иосийау хорз куы зонай, уӕд дын уый цавӕр пайда ӕрхӕсдзӕн?
24 Мах лӕмбынӕг аныхас кодтам Йегъовӕйы миниуджытӕй ӕмӕ хъуыддӕгтӕй цалдӕрыл ӕмӕ йӕ уый фӕрцы ноджы хуыздӕр базыдтам. Адӕймаг Йегъовӕйы хорз куы базоны, уӕд ын уый стыр пайда ӕрхӕссы. Ӕппӕт зӕрдӕйӕ йӕ фӕфӕнды, Йегъовӕ йӕхӕдӕг куыд зӕгъы, афтӕ йын лӕггад кӕнын. Йегъовӕ амондджын Хуыцау у, ӕмӕ йӕ мах дӕр паддзах Иосийау хорз куы зонӕм, уӕд уыдзыстӕм ӕцӕг амондджын.
25 Стӕй Йегъовӕйы хорз куы зонӕм, уӕд иннӕтимӕ ноджы ӕнгомдӕр уыдзыстӕм. Ӕфсымӕрты ӕмӕ хоты Йегъовӕйау ӕнувыд уарзтӕй куы уарзӕм, хатыргӕнаг куы уӕм ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр рӕстӕй куы архайӕм, уӕд кӕрӕдзийӕн ноджы адджындӕр ӕмӕ зынаргъдӕр уыдзыстӕм. Уымӕй уӕлдай ма ӕнтыстджындӕр уыдзыстӕм, Хуыцауы базонын кӕй фӕнды, уыдоны ахуыр кӕнгӕйӕ дӕр. Махмӕ кӕсгӕйӕ сын ӕнцондӕр уыдзӕн, чырыстон фӕндаг царды ӕппӕты хуыздӕр фӕндаг кӕй у, уый бамбарын. Ӕмӕ афтӕмӕй нӕ бон ноджы хуыздӕр уыдзӕн иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй уыдон дӕр «хорз фӕндагыл» цӕуой ӕмӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕной, йӕхӕдӕг куыд зӕгъы, афтӕ (Йер. 6:16).
Йеремийы хъарӕджы 5:21 цы ныхӕстӕ ис фыст, уыдон дӕ ныфс куыд уадзынц?
b Фӕлӕ адӕймаг Хуыцауы закъоны сӕрты куы ахиза ӕмӕ тӕригъӕд куы сараза, уӕд кувын фаг нӕ уыдзӕн. Уый тыххӕй хъуамӕ ӕнӕмӕнг зӕгъа ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕн, цӕмӕй хъуыддагмӕ ӕркӕсой ӕмӕ йын Библийӕ уынаффӕ раттой ӕмӕ йын афтӕмӕй баххуыс кӕной (Иак. 5:13–15).