«Уыдӕттӕ бацамон ӕууӕнкджын адӕймӕгтӕн»
«Цы фехъуыстай, уыдӕттӕ бацамон ӕууӕнкджын адӕймӕгтӕн, ӕмӕ уӕд уыдонӕн дӕр сӕ бон уыдзӕн уыдӕттӕ иннӕтӕн амонын» (2 ТИМ. 2:2).
1, 2. Бирӕтӕ цы цӕстӕй кӕсынц, цы куыст кӕнынц, уымӕ?
БИРӔТӔ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ, адӕмы цӕсты кадджын сты ӕви нӕ, уый кӕнгӕ у, кӕм кусынц кӕнӕ цы бынат ахсынц, уымӕй. Иуӕй-иу адӕмыхӕттытӕм афтӕ у, ӕмӕ, искӕимӕ куы зонгӕ кӕнай, уӕд дӕ ӕнӕмӕнг бафӕрсдзӕн, кӕм кусыс, зӕгъгӕ.
2 Библийы цы адӕмы кой цӕуы, уыдонӕй дзы кӕмӕндӕрты ӕрмӕст сӕ нӕмттӕ не сты фыст, фӕлӕ ма цы куыст кодтой, уый дӕр. Зӕгъӕм, ис дзы «хъалонисӕг Матфейы», «цармы куыстгӕнӕг Симоны» ӕмӕ «дохтыр Лукайы» кой (Матф. 10:3; Хъуыд. 10:6; Кол. 4:14). Ӕндӕр рӕтты та дзуры, иуӕй-иутӕ Хуыцауимӕ баст хъуыддӕгты цы бынат ахстой кӕнӕ сӕ бӕрны цы хӕстӕ уыд, уый тыххӕй. Фыст дзы ис паддзах Давиды, пехуымпар Илийайы ӕмӕ апостол Павелы тыххӕй. Ацы нӕлгоймӕгтӕ тынг аргъ кодтой, Йегъовӕ сын сӕ бӕрны цы хъуыддӕгтӕ бакодта, уыдонӕн. Ӕмӕ мах дӕр, Хуыцауы хъуыддаджы нӕ бӕрны цы хӕстӕ ис, уыдонӕн хъуамӕ афтӕ аргъ кӕнӕм.
3. Цӕмӕн у ахсджиаг, цӕмӕй хистӕртӕ ӕрыгондӕр ӕфсымӕрты ахуыр кӕной? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)
3 Иуӕй-иутӕ, Хуыцауы хъуыддаджы цы аразынц, уый афтӕ тынг уарзынц, ӕмӕ уыцы куыст цӕрӕнбонтӕм дӕр кӕниккой. Фӕлӕ, хъыгагӕн, Адамы замантӕй фӕстӕмӕ цард афтӕ у, ӕмӕ иу фӕлтӕр базӕронд вӕййы, ӕмӕ йӕ ног фӕлтӕр баивы (Еккл. 1:4). Ӕмӕ фӕстаг рӕстӕг уый Йегъовӕйы адӕмыл кӕцыдӕр хъуыддӕгты уӕлдай тынг фӕзынд. Цымӕ цӕмӕн? Хъусын кӕныны хъуыддаг размӕ цӕуы, ӕмӕ Йегъовӕйы организаци пайда кӕны ногдӕр технологитӕй ӕмӕ мадзӕлттӕй, цӕмӕй хорз хабар ноджы фылдӕр адӕммӕ фӕхӕццӕ уа. Фӕлӕ, хистӕр кары чи ис, уыдонӕй иуӕй-иутӕн зын вӕййы, цӕмӕй уыцы ног мадзӕлттыл сахуыр уой (Лук. 5:39). Стӕй сӕм ӕрыгӕтты йас хъарутӕ ӕмӕ тыхтӕ нал вӕййы (Ӕмб. 20:29). Уымӕ гӕсгӕ стыр пайда ӕрхӕсдзӕн, хистӕр кары ӕфсымӕртӕ ӕрыгондӕр ӕфсымӕрты куы ахуыр кӕной сӕхимӕ фылдӕр хӕстӕ исын, стӕй уый дзурӕг уыдзӕн сӕ уарзондзинадыл дӕр. (Бакӕс Псалом 71:18.)
4. Иуӕй-иутӕн зын цӕмӕн вӕййы сӕ бартӕй иннӕтӕн хай кӕнын? (Кӕс рамкӕ «Иуӕй-иутӕм зын цӕмӕн кӕсы иннӕтӕн сӕ бартӕй хай кӕнын».)
4 Бӕрнон ӕфсымӕртӕн хатт ӕнцон нӕ вӕййы сӕ бартӕй ӕрыгӕттӕн хай кӕнын. Иуӕй-иутӕн зын вӕййы, сӕ бар цы куыст ис, уый кӕй нал араздзысты, уымӕн ӕмӕ йӕ тынг фӕуарзынц. Иннӕтӕм та афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ сӕхӕдӕг хъуыддагмӕ сӕ хъус куы нӕ дарой, уӕд ӕй ӕрыгӕттӕ афтӕ хорз нӕ сараздзысты. Чидӕр та фӕзӕгъы, зӕгъгӕ мын иннӕты ахуыр кӕнынӕн рӕстӕг ӕппындӕр нӕй. Фӕлӕ ӕрыгӕттӕм дӕр хъуамӕ фӕразондзинад уа, ӕмӕ сын кӕд нырма сӕ бар фылдӕр хъуыддӕгтӕ нӕ кӕнынц, уӕд хъуамӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын зоной.
5. Ацы статьяйы цавӕр фарстатыл аныхас кӕндзыстӕм?
5 Уӕдӕ аныхас кӕнӕм дыууӕ фарстайыл. Фыццаг: хистӕртӕн сӕ бон куыд у ӕрыгӕттӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй сӕхимӕ фылдӕр хӕстӕ исой, ӕмӕ уый ахсджиаг цӕмӕн у? (2 Тим. 2:2). Дыккаг: ӕрыгӕттӕ фӕлтӕрдджын ӕфсымӕртӕй цӕмӕн хъуамӕ ахуыр кӕной ӕмӕ, уыцы ӕфсымӕртӕн куы ’ххуыс кӕной, уӕд сӕм цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсой? Фыццаг уал ӕркӕсӕм, паддзах Давид йӕ фырты ахсджиаг хъуыддагмӕ куыд бацӕттӕ кодта, уымӕ.
ДАВИД СОЛОМОНЫ БАЦӔТТӔ КОДТА
6. Давидӕн йӕ зӕрды цы уыд ӕмӕ йын Йегъовӕ та цы загъта?
6 Давидӕн йӕ фӕдыл куы зылдысты, уӕд йӕ хӕдзарӕй фӕхауӕггаг, ӕмӕ цалдӕр азы дӕргъы кӕмдӕрты рамбӕхс-бамбӕхсгӕнгӕйӕ цард. Фӕлӕ ӕппынфӕстаг паддзах сси ӕмӕ галуаны ӕрцард. Йегъовӕйы номыл «хӕдзар», кӕнӕ кувӕндон, кӕй нӕ уыд, уый йӕм хорз нӕ каст, ӕмӕ пехуымпар Нафанӕн загъта: «Ӕз кедрӕй арӕзт хӕдзары цӕрын, Йегъовӕйы бадзырды чырын та цатыры ис». Нафан ын дзуапп радта: «Дӕ зӕрдӕйы цыдӕриддӕр ис, уый кӕн, уымӕн ӕмӕ ӕцӕг Хуыцау демӕ ис». Фӕлӕ Йегъовӕйӕн йӕ зӕрды ӕндӕр цыдӕр уыд. Ӕмӕ Нафаны Давидмӕ арвыста ахӕм ныхасимӕ: «Ды мын нӕ сараздзынӕ, кӕм цӕрдзынӕн, уыцы хӕдзар». Йегъовӕ Давидӕн зӕрдӕ бавӕрдта, дарддӕр ын кӕй арфӕ кӕндзӕн, фӕлӕ йын загъта, кувӕндон йӕ фырт Соломон кӕй сараздзӕн. Цымӕ уӕд Давид куыд бакодта? (1 Аз. 17:1–4, 8, 11, 12; 29:1).
7. Давид Йегъовӕйы разамындмӕ цы цӕстӕй ракаст?
7 Давиды тынг фӕндыд Йегъовӕйӕн кувӕндон саразын, ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, йӕ ныфсытӕй фӕфыдӕнхъӕл. Фӕлӕ уӕддӕр, йӕ бон цӕмӕйдӕриддӕр уыд, уымӕй уыцы хъуыддагӕн ӕххуыс кодта. Алыхуызон кусджыты ӕрӕмбырд кодта, ӕрцӕттӕ кодта ӕфсӕйнаг, ӕрхуы, ӕвзист, сызгъӕрин ӕмӕ кедрбӕласы хъӕдтӕ. Кувӕндон саразыны кад уымӕ кӕй не ’рхауд, ууыл нӕ мӕт кодта. Ӕмӕ фӕстӕдӕр уыцы кувӕндон ӕцӕгдӕр Давиды кувӕндон не схуыдтой, фӕлӕ Соломоны кувӕндон. Давид Соломонӕн йӕ ныфсыл ныфс бафтыдта: «Йегъовӕ демӕ уӕд, мӕ фырт, ӕмӕ ды уыдзынӕ ӕнтыстджын ӕмӕ дӕ Хуыцау Йегъовӕйы хӕдзар сараздзынӕ, дӕу тыххӕй куыддӕриддӕр загъта, афтӕ» (1 Аз. 22:11, 14–16).
8. Давид афтӕ цӕмӕн хъуыды кодтаид, ӕмӕ Соломон нырма нӕ сарӕхсдзӕн кувӕндон аразынмӕ, фӕлӕ уӕддӕр куыд бакодта?
8 Бакӕс 1 Азфыстыты 22:5. Чи зоны, Давид хъуыды кодта, ӕмӕ Соломон нырма нӕ сарӕхсдзӕн ахӕм ахсджиаг хъуыддагӕн разамынд дӕттынмӕ. Кувӕндон хъуамӕ «стыр ӕмӕ... рӕсугъд» уыдаид, ӕмӕ Соломон та нырма «ӕрыгон ӕмӕ ӕвӕлтӕрд» уыди. Фӕлӕ Давид зыдта, Йегъовӕ Соломонӕн кӕй баххуыс кӕндзӕн. Ӕмӕ йын йӕхӕдӕг дӕр, йӕ бон цӕмӕй уыд, уымӕй ӕххуыс кодта, ӕмӕ ӕрмӕгӕй цыдӕриддӕр хъуыди, уыдӕттӕ тынг бирӕ ӕрцӕттӕ кодта.
ИННӔТЫ КӔЙ АХУЫР КӔНЫС, УЫЙ ДЫН ЦИНДЗИНАД ХӔССӔД
Ӕрыгондӕр ӕфсымӕртӕ сӕхимӕ фылдӕр хӕстӕ кӕй исынц, уый тынг ӕхсызгон у (кӕс 9 абзац)
9. Хистӕр кары ӕфсымӕрты сӕ хӕстӕ ӕрыгондӕр ӕфсымӕрты бар бакӕнын куы бахъӕуа, уӕд сын уый ӕхсызгон цӕмӕн хъуамӕ уа? Ӕрхӕсс цӕвиттон.
9 Хистӕр кары ӕфсымӕрты сӕ хӕстӕ ӕрыгондӕр ӕфсымӕрты бар бакӕнын куы бахъӕуы, уӕд-иу сӕ ныфс хъуамӕ ма асӕтта. Ӕрыгон ӕфсымӕрты нӕ организацийы алыхуызон хъуыддӕгтӕ аразын куы ахуыр кӕной, уӕд Йегъовӕйы хъуыддаг размӕ ноджы тынгдӕр цӕудзӕн. Ахъуыды-ма кӕнӕм, фыд йӕ фырты машинӕ скъӕрын куыд фӕахуыр кӕны, ууыл. Лӕппу нырма гыццыл куы вӕййы, уӕд уал ӕнӕуи фӕкӕсы, йӕ фыд машинӕ куыд скъӕры, уымӕ. Куы фестырдӕр вӕййы, уӕд та йын фыд фӕамоны, скъӕрын куыд хъӕуы, уый. Ӕмӕ фырт куы сыстыр вӕййы ӕмӕ йын шофыры гӕххӕтт куы раттынц, уӕд та машинӕ скъӕрын йӕхӕдӕг райдайы. Фӕлӕ ма йын уӕддӕр фыд дӕр цыдӕртӕ фӕамоны. Иуӕй-иу хатт кӕрӕдзи баивынц, фӕлӕ, фыд куыд зӕронд кӕны, афтӕ машинӕ фылдӕр фескъӕры фырт. Ӕмӕ фыдӕн уый хъыг нӕ вӕййы, стӕй афтӕ нӕ фӕхъуыды кӕны, уӕддӕр ӕй йӕхи бар уадзӕн нӕй, зӕгъгӕ. Уый фӕцин кӕны, йӕ фырт уыцы хъуыддаг йӕ бӕсты кӕй кӕны, ууыл. Афтӕ хистӕр кары ӕфсымӕртӕн дӕр тынг ӕхсызгон вӕййы, кӕй ахуыр кодтой, уыцы ӕрыгон ӕфсымӕртӕ Йегъовӕйы организацийы алыхуызон хъуыддӕгтӕ аразынмӕ арӕхсын куы райдайынц.
10. Моисей кадмӕ ӕмӕ бартӕм цы цӕстӕй каст?
10 Хистӕртӕ хъуамӕ хӕлӕг ма кӕной, цавӕрдӕр хӕстӕ йӕ бар кӕмӕн бакодтой, уыдонмӕ. Ӕрхъуыды-ма кӕнӕм, иухатт израилӕгтӕй чидӕртӕ, цыма пехуымпартӕ уыдысты, сӕхи афтӕ дарын куы райдыдтой, уӕд Моисей цы загъта. (Бакӕс Нымӕцтӕ 11:24–29.) Моисейы лӕггадгӕнӕг Йесойы нӕ фӕндыд, цӕмӕй сӕхи афтӕ дардтаиккой. Ӕвӕццӕгӕн, тарст, Моисейӕн раздӕрау куы нал кад кӕной ӕмӕ йӕ куы нал нымайой. Фӕлӕ йын Моисей загъта: «Мӕнӕн тӕрсыс, ӕви? Ма тӕрс. Мӕ зӕрдӕ зӕгъы, ӕмӕ Йегъовӕйы адӕм иууылдӕр куы уаиккой пехуымпартӕ, Йегъовӕ се ’ппӕты дӕр куы схайджын кӕнид йӕ тыхӕй!» Моисей зыдта, уый Йегъовӕйы фӕндӕй кӕй уыд. Ӕмӕ йӕхицӕн кад нӕ агуырдта, фӕлӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕн се ’ппӕтӕн дӕр сӕ бӕрны кадджын хӕстӕ уыдаид. Махӕй та цы зӕгъӕн ис? Мах дӕр кӕмӕ тырнӕм, ахӕм хӕстӕ искӕй бар куы бакӕнынц, уӕд нын уый ӕхсызгон вӕййы?
11. Иу ӕфсымӕр цы загъта, йӕ хӕстӕ йӕ ӕндӕр ӕфсымӕры бар бакӕнын кӕй бахъуыд, уый тыххӕй?
11 Бирӕ ӕфсымӕртӕ Йегъовӕйӕн зӕрдиагӕй лӕггад кӕнынц дӕсгай азты дӕргъы, ӕмӕ ма ӕрыгондӕр ӕфсымӕрты дӕр ахуыр кӕнынц сӕхимӕ фылдӕр хӕстӕ исын. Иу ӕфсымӕр, Питер, зӕгъгӕ, ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кодта 74 азӕй фылдӕр, уыдонӕй 35 азы – Европӕйы филиалтӕй иуы. Бирӕ азты дӕргъы уыди уацамындӕн дзуапдӕттӕг хайады цӕстдарӕг. Ныртӕккӕ та уыцы куыст йӕ бӕсты кӕны ӕрыгондӕр ӕфсымӕр Пол. Уыдон иумӕ цалдӕр азы лӕггад кодтой, ӕмӕ йын Питер бирӕ цыдӕртӕ бацамыдта. Цымӕ Питерӕн ахӕм ивындзинӕдтӕ хъыг уыдысты? Уый афтӕ загъта: «Ӕфсымӕрты кӕй ахуыр кӕнынц ӕмӕ сын сӕ бар фылдӕр хӕстӕ кӕй бакӕнынц, уый мын тынг ӕхсызгон у. Сӕ куыст тынг хорз кӕнынц».
ХЪУАМӔ ХИСТӔРТӔН АРГЪ КӔНӔМ
12. Ровоамы хабарӕй нӕ бон зондӕн райсын цы у?
12 Соломоны фырт Ровоам паддзах куы сси, уӕд ӕй хъуыди уынаффӕ, йӕ хӕстӕ хуыздӕр куыд ӕххӕст кӕна, уый фӕдыл. Ӕмӕ уал фыццаг бафарста хистӕр лӕгты. Фӕлӕ сын сӕ уынаффӕ ницӕмӕ ӕрдардта ӕмӕ байхъуыста, йемӕ чи схъомыл ӕмӕ йын чи лӕггад кодта, уыцы ӕрыгон лӕппуты уынаффӕмӕ. Ӕмӕ уый стыр бӕллӕхмӕ ӕркодта (2 Аз. 10:6–11, 19). Ацы хабарӕй зондӕн райсӕн цы ис? Хистӕр, фӕлтӕрдджын чырыстӕтты сӕ уынаффӕйӕ куы фӕрсӕм ӕмӕ-иу ыл лӕмбынӕг куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд уый зондыл дзурӕг уыдзӕн. Уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ ӕрыгӕттӕ хъуамӕ алцыдӕр аразой, хистӕртӕ куыд ахуыр уыдысты, афтӕ. Фӕлӕ-иу сын сӕ уынаффӕтыл дӕр хъуамӕ сӕ къух ма ауигъой.
13. Ӕрыгӕттӕ хистӕртимӕ куыд хъуамӕ ӕмгуыст кӕной?
13 Иуӕй-иу хатт ӕрыгондӕр ӕфсымӕртӕ разамынд фӕдӕттынц хистӕр кары ӕфсымӕрты куыстӕн. Ӕмӕ хорз уаид, уынаффӕ рахӕссыны размӕ-иу уыцы фӕлтӕрдджын хистӕрты сӕ зондӕй куы бафӕрсиккой. Гыццыл раздӕр кӕй кой кодтам, уыцы ӕфсымӕр Пол хайады цӕстдарӕг сси Питеры бӕсты, ӕмӕ афтӕ загъта: «Питермӕ-иу уынаффӕмӕ бацыдтӕн, стӕй-иу нӕ хайады иннӕтӕн дӕр дзырдтон, цӕмӕй афтӕ кодтаиккой».
14. Тимофей ӕмӕ апостол Павел иумӕ куыд лӕггад кодтой, уымӕй цы ис базонӕн?
14 Тимофей апостол Павелӕй бирӕ кӕстӕр уыди. Уыдон бирӕ азты дӕргъы иумӕ лӕггад кодтой. (Бакӕс Филиппӕгтӕм 2:20–22.) Павел коринфӕгтӕм ахӕм ныхӕстӕ ныффыста: «Тимофейы дӕр уӕм уый тыххӕй ӕрвитын, ӕмӕ уый у мӕ уарзон ӕмӕ мӕ иузӕрдион хъӕбул нӕ Хицауы хъуыддаджы. Уый уын уӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕндзӕн, Йесо Чырыстийӕн кусгӕйӕ алцыдӕр куыд аразын – алы ран дӕр, алы ӕмбырды дӕр куыд амонын, уый» (1 Кор. 4:17). Бӕрӕг у, Павел ӕмӕ Тимофей уӕхски-уӕхск кӕй лӕггад кодтой ӕмӕ кӕрӕдзийӕн ныфсы хос кӕй уыдысты. Павел-иу рӕстӕг рахицӕн кодта ӕмӕ-иу Тимофейӕн амыдта, «алцыдӕр куыд арӕзта», уый. Тимофей алцӕуыл дӕр тагъд ахуыр кодта, ӕмӕ йӕ Павел тынг бауарзта. Ӕмӕ йӕ зыдта, коринфаг хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн дӕр стыр ӕххуыс кӕй фӕуыдзӕн ӕмӕ сын сӕ уырнындзинад кӕй бафидар кӕндзӕн. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн дӕр Павелау сӕ бон у ӕрыгон нӕлгоймӕгты ахуыр кӕнын ӕмбырдӕн разамынд дӕттын.
МАХӔЙ АЛКӔМӔН ДӔР ИС АХСДЖИАГ БЫНАТ
15. Нӕ царды исты куы фӕива, уӕд нын, Павел Ромы чырыстӕттӕн цы уынаффӕ радта, уый куыд баххуыс кӕндзӕн?
15 Мах диссаджы рӕстӕджы цӕрӕм. Йегъовӕйы организацийы зӕххон хай рӕзы, размӕ цӕуы, ӕмӕ дзы уымӕ гӕсгӕ ӕдзухдӕр цыдӕртӕ ивы. Уыцы ивындзинӕдты тыххӕй нӕ царды ӕмӕ нӕ лӕггады дӕр цыдӕртӕ фӕивы. Ӕмӕ-иу уӕд хорз уаид, сӕрныллӕг-иу куы разыниккам ӕмӕ-иу нӕхиуыл куы нӕ хъуыды кӕниккам, фӕлӕ, Йегъовӕйы хъуыддагӕн хуыздӕр цы уыдзӕн, ууыл. Уый фӕрцы не ’хсӕн уыдзӕн иудзинад. Павел Ромы чырыстӕттӕм ныффыста: «Алкӕмӕн дӕр [уӕ] дзурын: цы стут, уӕхицӕй уымӕй фылдӕр ӕнхъӕл ма ут, фӕлӕ уӕ алчидӕр хъуыды кӕнӕд, Хуыцау ын цы уырнындзинад радта, уымӕ гӕсгӕ, цӕмӕй ӕмбаргӕ уат. Буар иу куыд у, буары уӕнгтӕ та – бирӕ, фӕлӕ уӕнгтӕ се ’ппӕт уыцы иу куыст куыд нӕ кӕнынц, раст афтӕ мах дӕр: кӕд бирӕ стӕм, уӕддӕр стӕм иу буар – Чырыстиимӕ иумӕ» (Ром. 12:3–5).
16. Алы чырыстонӕн дӕр йӕ бон цы у аразын, цӕмӕй Йегъовӕйы организацийы уа фарн ӕмӕ иудзинад?
16 Не ’ппӕты дӕр фӕнды Хуыцауы Паддзахадӕн, нӕ бон цӕмӕй у, уымӕй ӕххуыс кӕнын ӕмӕ, нӕ хӕс цы у, уый аразын. Хистӕртӕ, ӕрыгӕтты ахуыр кӕнут, уӕхӕдӕг цы аразут, ууыл. Ӕрыгон ӕфсымӕртӕ, цӕттӕ ут уӕхимӕ хӕстӕ исынмӕ, бонзонгӕ ут ӕмӕ хистӕр кары ӕфсымӕрты нымайут. Бинойнӕгтӕ, сымах та фӕзмут Акилӕйы ус Прискиллӕйы – сӕ царды-иу исты куы фӕивта, уӕд дӕр-иу ӕдзухдӕр уыди йӕ лӕджы фарсмӕ ӕмӕ йын ӕххуыс кодта (Хъуыд. 18:2).
17. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм цы цӕстӕй каст ӕмӕ сын цы амыдта?
17 Иннӕты ахуыр кӕнын куыд хъӕуы, уый Йесо Чырыстийӕ хуыздӕр ничи равдыста. Йесо зыдта, тагъд зӕххыл кӕй нал лӕггад кӕндзӕн ӕмӕ, цы хъуыддаг райдыдта, уый йӕ фӕстӕ иннӕтӕ кӕй араздзысты. Кӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕнӕххӕст уыдысты, уӕддӕр ӕй фидарӕй зыдта, хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддаджы йӕхицӕн цы бантыст, уыдонӕн уымӕй фылдӕр кӕй бантысдзӕн (Иоан. 14:12). Йесо сын алцыдӕр бацамыдта, ӕмӕ ӕцӕгдӕр хорз хабар алы бӕстӕты фехъусын кодтой (Кол. 1:23).
18. Цавӕр фидӕн нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕмӕ ныртӕккӕ нӕ бон цы у аразын?
18 Йесо куы амард, уӕд ӕй Йегъовӕ райгас кодта ӕмӕ йын йӕ бар бакодта ноджы фылдӕр куыст, стӕй ма йын радта, «цыдӕриддӕр хицауад, хицаудзинад, барджынтӕ, сӕргълӕуджытӕ» ис, уыдонӕй стырдӕр бартӕ (Еф. 1:19–21). Мыййаг, Армагеддонмӕ куы нӕ фӕцӕрӕм, фӕлӕ Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй куы баззайӕм, уӕд нӕ Йегъовӕ райгас кӕндзӕн ӕмӕ цӕрдзыстӕм ног дунейы. Уым нӕ алкӕмӕн дӕр уыдзӕн бирӕ куыст, нӕ зӕрдӕ кӕмӕй райдзӕн, ахӕм куыст. Ныр та уал нӕ хъӕуы тынг ахсджиаг хъуыддаг аразын – хорз хабар хъусын кӕнын ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын. Цӕй уӕдӕ не ’ппӕт дӕр – хистӕрӕй, кӕстӕрӕй – «бирӕ фыдӕбон кӕнӕм Хицауы хъуыддаджы»! (1 Кор. 15:58).