Бирӕты разӕнгардгӕнӕг ӕнувыддзинад
Апостол Павел раппӕлыд коринфӕгтӕй, уымӕн ӕмӕ хорз хъуыддӕгтыл ӕнувыд уыдысты ӕмӕ уый се ’мчырыстӕттӕй «бирӕты сразӕнгард кодта» (2 Кор. 9:2). Арӕх вӕййы афтӕ, ӕмӕ иу адӕймаг, бинонтӕ, чиныгахуыркӕнынады къорд кӕнӕ ӕнӕхъӕн ӕмбырд дӕр сразӕнгард кӕнынц иннӕты, хъусын кӕныны хъуыддаджы зӕрдиагӕй кӕй архайынц, уымӕй. Ис цалдӕр мадзалы, лӕггаддзинады дӕ бон ӕнувыддзинад ӕвдисын куыд у, уымӕн.
◼ Сабатбонты журналтӕ парахат кӕнын спълан кӕн.
◼ Алы хуыцаубон дӕр искуы лӕггад кӕн.
◼ Бон куы фӕдаргъдӕр уа, уӕд изӕрыгон хъусын кӕн.
◼ Ӕмбырды сӕрмагондӕй уацамындӕн цы бонтӕ снысан кӕнынц, уыдоны хайад ис.
◼ Отпуск кӕнӕ каникулты рӕстӕджы лӕггад кӕн.
◼ Уе ’мбырды районон цӕстдарӕг куы уа, уӕд йемӕ ӕмгуыст кӕн.
◼ Афӕдз иу кӕнӕ цалдӕр мӕйы ӕххуысгӕнӕг пионерӕй балӕггад кӕн.
◼ Кӕд гӕнӕн ис, уӕд дӕ хъуыддӕгтӕ афтӕ сараз, цӕмӕй ӕххӕстрӕстӕг пионерӕй лӕггад кӕнай.
Кӕс «Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты 2000 азы ӕрвылазон чиныг», 17—19 фӕрстӕ (уыр.).