Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕг – фылдӕр хъусын кӕныны афон
1. Хуыцауӕй чи тарст, уыцы израилӕгтыл «ӕрвылазон бӕрӕгбӕттӕ» куыд ӕндӕвтой?
1 Рагон Израилы афӕдзы дӕргъы бӕрӕг кодтой «Иегъовӕйы ӕрвылазон бӕрӕгбӕттӕ» (Лев. 23:2). Уыцы афон-иу израилӕгтӕ хъуыды кодтой сӕ Хуыцауы хорздзинадыл. Уый сын хаста стыр циндзинад ӕмӕ сӕ фӕндыд Иегъовӕйӕн зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кӕнын (2 Пар. 30:21–31:2).
2, 3. Цӕмӕн уаид раст Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕджы фылдӕр хъусын кӕнын ӕмӕ кӕд уыдзӕн Ӕрымысӕн изӕр?
2 Абон махӕн дӕр хъусын кӕныны хъуыддагӕй нӕ зӕрдӕ уӕлдай тынгдӕр рухс кӕны Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕджы. Растдӕр ацафон мах арф фӕхъуыды кӕнӕм, Иегъовӕ нӕ сӕраппонд цы зынаргъ лӕвар ӕрхаста, ууыл – йӕ иунӕггуырд Фыртыл (Иоан. 3:16; 1 Пет. 1:18, 19). Хуыцау ӕмӕ нӕ йӕ Фырт куыд тынг уарзынц, ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ бафӕнды Иегъовӕйы ӕппӕт зӕрдӕйӕ кадджын кӕнын ӕмӕ йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнынӕн нӕхи ӕгасӕй дӕр раттын (2 Кор. 5:14, 15).
3 Ацы аз Хицауы ӕхсӕвӕр уыдзӕн цыппӕрӕмы, 24 мартъийы, хурныгуылды фӕстӕ. Куыд у нӕ бон фылдӕр хъусын кӕнын мартъийы, апрелы ӕмӕ майы?
4, 5. а) Иуӕй-иутӕн цы баххуыс кодта хорз хабар фылдӕр адӕмӕн фехъусын кӕнын? ӕ) Дӕумӕ гӕсгӕ та, кӕм цӕрут, уым хуыздӕр хъусын кӕнӕн куыд ис?
4 Фылдӕр адӕмимӕ ныхас кӕн. Уацамынды, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, фылдӕр адӕмимӕ аныхас кӕныныл архай. Хъусын кӕныны рӕстӕг дӕ бон афтӕ спълан кӕнын у, цӕмӕй хӕдзарӕй-хӕдзармӕ цӕугӕйӕ фылдӕр адӕмы баййафай, зӕгъӕм, фӕссихор, йе та изӕрӕй? Кӕд уӕ къордӕй искӕй чиныгахуыры размӕ хъусын кӕнын фӕнда, уӕд чиныгахуыры цӕстдарӕгӕн йӕ бон у цыбыр уацамындон фембӕлд скӕнын, цӕмӕй ӕввахс ран хъусын кӕнынмӕ ацӕуат.
5 Фылдӕр адӕмимӕ ма аныхас кӕнӕн ис ӕхсӕнадон бынӕтты хъусын кӕнгӕйӕ дӕр. Японӕй иу хо кӕд ӕнӕхъӕн бон куыста, уӕддӕр ӕй фӕндыд ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕнын. Хистӕр нӕлгоймаг ын бауынаффӕ кодта, йӕ бон кӕй у куысты размӕ ӕфсӕнвӕндаджы вокзалы цур хъусын кӕнын. Кӕд ӕфсӕрмыгӕнаг уыди ӕмӕ йыл бӕлццӕттӕй чидӕртӕ худти, уӕддӕр ссардта, иудадзыг журналтӕ кӕмӕ хастаид, 40 ахӕм адӕймаджы. Се ’хсӕн уыдис бӕлццӕттӕ, вокзалы кусджытӕ ӕмӕ ӕввахс дуканиты хицӕуттӕ. Мӕйы мидӕг-иу апарахат кодта 235 журналы бӕрц. Алы бон дӕр-иу адӕмимӕ Фыстадыл ӕрмӕстдӕр цалдӕр минуты кӕй ныхас кодта, уый руаджы йӕ бон сси ӕхсӕз адӕймагимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайын.
6. Ӕрыгӕттӕн сӕ бон куыд у фылдӕр хъусын кӕнын?
6 Фадӕттӕ хъусын кӕнынӕн. Хъусынгӕнджытӕй скъолайы чи ахуыр кӕны, уыдонӕн вӕййы каникултӕ. Уый хорз фадат у ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕнынӕн. Уымӕй уӕлдай ма, ӕрыгон чырыстӕттӕн ацы мӕйты сӕ бон у фылдӕр хъусын кӕнын скъолайы. Дис дӕр ма бакӕндзынӕ, де ’мкъласонтӕ дӕ динӕй куыд тынг бацымыдис кӕндзысты, ууыл. Хорз нӕ уаид, урочы истӕуыл ныхас кӕнгӕйӕ кӕнӕ сочинени фысгӕйӕ Хуыцауы кой скӕнын? Стӕй ма пайда кӕнӕн ис нӕ Ӕхсӕнады уагъд видеокассетӕтӕй дӕр. Чидӕртӕ се ’мкъласонтимӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтой ӕмӕ сын баххуыс кодтой, цӕмӕй Хуыцауӕн нывонддзырд радтаиккой ӕмӕ донаргъуыд райстаиккой. Ӕппӕт адӕттӕ диссаджы фадат сты «Хицауы номӕй» ӕппӕлынӕн (Пс. 148:12, 13).
7. а) Иу ӕфсымӕр адӕмӕн куыд хъусын кодта? ӕ) Уацамынды дыл искуы уый хуызӕн хабар ӕрцыд?
7 Алы бон дӕр агур фадӕттӕ, цӕмӕй адӕмимӕ аныхас кӕнай нӕ уарзӕгой Хуыцау ӕмӕ йӕ диссаджы зӕрдӕвӕрдты тыххӕй. Алы бон дӕр электричкӕйы чи фӕцӕуы, иу ахӕм ӕфсымӕрӕн фадат куы фӕвӕййы, уӕд йе ’мбӕлццӕттӕн фӕхъусын кӕны. Зӕгъӕм, алы бон дӕр-иу электричкӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ, уый иу ӕрыгон нӕлгоймагӕн хъусын кодта фондз минуты бӕрц. Афтӕмӕй уыцы нӕлгоймаг ӕмӕ йе ’мкусӕг сразы сты Библи ахуыр кӕныныл. Ахуыр та кодтой электричкӕйы. Цасдӕры фӕстӕ, иу ацӕргӕ сылгоймаг, сӕ ныхасмӕ-иу сын чи хъуыста, уый ӕфсымӕрӕн загъта, цӕмӕй йемӕ Библи ахуыр кӕна. Ӕмӕ ныр ахуыр кӕны, электричкӕйы куы фӕцӕуы, уӕд. Ӕппынфӕстаг ацы ӕфсымӕр дӕс адӕймагимӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдта электричкӕйы.
8. Ацӕргӕ кӕнӕ рынчын чи у, уыдонӕн цавӕр фадат ис, цӕмӕй сӕ бон фылдӕр хъусын кӕнын уа?
8 Фӕлӕ цы аразӕн ис, адӕймаг ацӕргӕ кӕнӕ рынчын куы уа, уӕд та? Уӕд дӕр дӕ бон у фадӕттӕ ссарын Иегъовӕйы фылдӕр кадджын кӕнынӕн. Искуы телефонӕй хъусын кӕныныл архайдтай? Куыд хъусын кӕнын хъӕуы, уый куы нӕ зонай, уӕд дӕ чиныгахуыры цӕстдарӕджы бафӕрс. Уый зӕгъдзӕн, адӕмимӕ телефонӕй Хуыцауы тыххӕй чи фӕныхас кӕны, ахӕм хъусынгӕнджытӕн, цӕмӕй дын баххуыс кӕной. Хуыцауы хъуыддаджы ӕмгуыст кӕнгӕйӕ, уӕ бон у кӕрӕдзийӕ ахуыр кӕнын ӕмӕ кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кӕнын адӕмимӕ хорз ныхас кӕнынӕн. Телефонӕй куыд хъусын кӕнын хъӕуы, уымӕн хорз уынаффӕтӕ ссарӕн ис 2001 азы февралы «Нӕ Паддзахадон лӕггаддзинад»-ы 6 фарсыл.
9. Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдонӕн куыд у нӕ бон баххуыс кӕнын, цӕмӕй сын ӕмбырдимӕ хъусын кӕныны бар уа?
9 Ӕрымысӕн изӕрмӕ цы ногтӕ ӕрбацӕуа, уыдоны дӕр, чи зоны, бафӕнда Иегъовӕйы фылдӕр кадджын кӕнын. Дӕ бон сын у баххуыс кӕнын, цӕмӕй хъусын кӕнынӕй ма тӕрсой. Зӕгъӕм, уацамындӕй сын зӕрдӕфидаргӕнӕн цӕвиттонтӕ хӕсс, хорз сӕ ахуыр кӕн, цӕмӕй сӕ бон уа Библийы ахуырӕдтӕ ӕмбарын кӕнын ӕмӕ цӕуыл ӕууӕндынц, уымӕн бӕлвырдгӕнӕнтӕ хӕссын (1 Пет. 3:15). Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, уый хорз хабар хъусын кӕнын куы фӕнда, уӕд зӕгъ сӕрдариуӕггӕнӕг цӕстдарӕгӕн. Уый ахуыргӕнинагимӕ аныхас кӕндзӕн, цӕмӕй сбӕрӕг кӕна, ӕмбырдимӕ хъусын кӕныны бар ын ис ӕви нӕ. Куыд барухс вӕййы Иегъовӕйы зӕрдӕ, Дун-дунейы хицау чи у, уый фӕдыл дзырддаг фарсты ногтӕ йӕ фарс куы слӕууынц! (Ӕмб. 27:11).
10. а) Хорз график нын куыд баххуыс кӕндзӕн ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕнынӕн? ӕ) Фарон Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕджы ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кодтай, ӕмӕ дын цы фӕахъаз?
10 Дӕ бон у ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕнын? Ӕххуысгӕнӕг пионер 50 сахаты кӕй хъуамӕ хъусын кӕна, уымӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсӕн нӕй (Матф. 5:37). Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ хъуамӕ бацархайай алы къуыри дӕр 12 сахаты хъусын кӕнын. Ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕнынӕн 5 фарсыл цы графиктӕ ис, уыдонӕй дын искӕцы сбӕздзӕн? Кӕд нӕ, уӕд дӕ бон нӕу ахӕм график саразын, мартъийы, апрелы кӕнӕ майы ӕххуысгӕнӕг пионер куыд уай? Иегъовӕмӕ кув, цӕмӕй дын арфӕ кӕна ӕмӕ дын фылдӕр хъусын кӕнын ӕнтыса (Ӕмб. 16:3).
11. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрты бон куыд у ӕххуысгӕнӕг пионертӕй чи лӕггад кӕндзӕн, уыдонӕн баххуыс кӕнын?
11 Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ ӕппӕт тыхтӕй ӕххуыс кӕндзысты, цӕмӕй Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕджы Иегъовӕйы уӕлдай фылдӕр кадджын кӕнӕм. Гӕнӕн ис, уыдонӕй бирӕтӕ ӕххуысгӕнӕг пионертӕ уой. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ уацамындон фембӕлдтӕ фӕфылдӕр кӕндзысты, зӕгъӕм, кусгӕ бонты фӕссихор кӕнӕ изӕрыгӕтты, ӕмӕ, куы хъӕуа, уӕд сабат-хуыцаубоны дӕр. Уыцы фембӕлдтӕ кӕм, кӕд ӕмӕ сӕ чи уадздзӕн, уый аскъуыддзаг кӕнынӕн, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ аныхас кӕндзысты, пионерӕй чи лӕггад кӕндзӕн ӕмӕ ма ууыл чи хъуыды кӕны, уыдонимӕ. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ бацархайдзысты, цӕмӕй уацамындӕн цы бон ӕмӕ рӕстӕг снысан кӕнай, уӕд дын ӕмбал уа. Афтӕмӕй нӕ хъуыддӕгтӕ нӕ къухы бафтдзысты ӕмӕ ӕнтыстджын уыдзыстӕм (Ӕмб. 20:18).
12. Цы нӕ разӕнгард кӕны Иегъовӕйы кадджын кӕнынмӕ «алы афон» дӕр?
12 Дӕ бон цы у, уый араз. Кӕд дӕ уавӕртӕ нӕ амонынц ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕнын, уӕддӕр дӕ зӕрдыл дар: Иегъовӕ нын нӕ фыдӕбонӕн аргъ кӕны, «кӕмӕ цы нӕй, уымӕ гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ кӕмӕ цы ис, уымӕ гӕсгӕ» (2 Кор. 8:12). Бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй ис Иегъовӕйӕн бузныг дзурӕн. Уый Давид йӕхицӕй зыдта ӕмӕ ныффыста: «Арфӕ кӕндзынӕн Хицауӕн алы афон; ӕппӕлындзинад Уымӕн ӕнӕрынцойӕ мӕ дзыхы» (Пс. 33:2). Цӕй уӕдӕ, мах дӕр Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕджы фӕндфидарӕй архайӕм.
[Рамкӕ 3 фарсыл]
Куыд ис фылдӕр хъусын кӕнӕн?
◼ Адӕм хӕдзары куы уой, уӕд.
◼ Ӕхсӕнадон бынӕтты.
◼ Куысты кӕнӕ скъолайы.
◼ Телефонӕй.
◼ Ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггадгӕнгӕйӕ.
[Таблицӕ 5 фарсыл]
Графиктӕ ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕнынӕн
Куыд ис алы къуыри дӕр 12 сахаты хъусын кӕнӕн
Райсомӕй – къуырисӕрӕй сабатмӕ
Кӕцыфӕнды бон дӕр баивӕн ис хуыцаубонӕй.
Бон Афон Сахӕттӕ
къуырисӕр райсомӕй 2
дыццӕг райсомӕй 2
ӕртыццӕг райсомӕй 2
цыппӕрӕм райсомӕй 2
майрӕмбон райсомӕй 2
сабат райсомӕй 2
Ӕдӕппӕтӕй: 12
Дыууӕ ӕнӕхъӕн бон
Равзарӕн ис дыууӕ кӕцыфӕнды бон дӕр. (Ацы графикмӕ гӕсгӕ мӕйы дӕргъы хъусын кӕнӕн ис ӕрмӕст 48 сахаты.)
Бон Афон Сахӕттӕ
ӕртыццӕг ӕнӕхъӕн бон 6
сабат ӕнӕхъӕн бон 6
Ӕдӕппӕтӕй: 12
Дыууӕ изӕры ӕмӕ сабат-хуыцаубоны
Равзарӕн ис кӕцыфӕнды дыууӕ изӕры дӕр кусгӕ бонты.
Бон Афон Сахӕттӕ
къуырисӕр изӕрӕй 1,5
дыццӕг изӕрӕй 1,5
сабат ӕнӕхъӕн бон 6
хуыцаубон ӕрдӕг бон 3
Ӕдӕппӕтӕй: 12
Ӕртӕ хатты бонӕй ӕмӕ сабат
Кӕцыфӕнды бон дӕр баивӕн ис хуыцаубонӕй.
Бон Афон Сахӕттӕ
къуырисӕр бонӕй 2
ӕртыццӕг бонӕй 2
майрӕмбон бонӕй 2
сабат ӕнӕхъӕн бон 6
Ӕдӕппӕтӕй: 12
Мӕхи график хъусын кӕнынӕн
Аскъуыддзаг кӕн, алы бон дӕр цал сахаты хъусын кӕндзынӕ.
Бон Афон Сахӕттӕ
къуырисӕр
дыццӕг
ӕртыццӕг
цыппӕрӕм
майрӕмбон
сабат
хуыцаубон
Ӕдӕппӕтӕй: 12