НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
Мӕ бон та кӕд уыдзӕн ӕххуысгӕнӕг пионерӕй балӕггад кӕнын?
Йезекил цӕстылуайӕны цы кувӕндон федта, уымӕй бӕрӕг у, Йегъовӕйы адӕм нывӕндтӕ кӕй хӕсдзысты. Нӕ бон куыд у Хуыцауӕн кады нывӕндтӕ хӕссын? (Дзт 13:15, 16).
Хорз фадат у ӕххуысгӕнӕг пионерӕй балӕггад кӕнын. 2018 лӕггады азы цалдӕр мӕйы уыдзӕн фондз сабаты ӕмӕ хуыцаубоны. Уый стыр ӕххуыс у, кусгӕ чи кӕны, ӕмӕ арӕхдӕр улӕфгӕ бонты чи фӕхъусын кӕны, уыдонӕн. Уымӕй уӕлдай ма, хъусынгӕнджытӕн сӕ бон у равзарын, мартъийы, апрелы, ӕмӕ сын се ’мбырд районон цӕстдарӕг цы мӕй бӕрӕг кӕндзӕн, уӕд 30 сахаты хъусын кӕндзысты ӕви 50.
Фӕлӕ цавӕрдӕр хъуыддӕгты тыххӕй нӕ бон ӕххуысгӕнӕг пионерӕй балӕггад кӕнын куы нӕ уа, уӕд та цы ис саразӕн? Нӕ бон у архайын, цӕмӕй хуыздӕр ӕмӕ фылдӕр хъусын кӕнӕм. Цыфӕнды уавӕртӕ нын ма уа, уӕддӕр нӕ 2018 лӕггады азы нӕ уарзондзинад разӕнгард кӕнӕд, хуыздӕрӕй нӕм цы ис, уый Йегъовӕйӕн дӕттын! (Ос 14:2).
Мӕ бон куыд у Сабинӕйы бафӕзмын?
БАКӔСУТ ВИДЕОРОЛИКМӔ «ЙЕГЪОВӔИМӔ МӔ БОН БИРӔ У» ӔМӔ ДӔЛДӔР ЦЫ ФАРСТАТӔ ИС, УЫДОНӔН ДЗУАПП РАТТУТ:
Сабинӕйы цӕмӕн бафӕндыд Йегъовӕйӕн фылдӕр лӕггад кӕнын?
Сабинӕйы цӕвиттон дӕ куыд фидар кӕны?
2018 лӕггады азы дӕ бон кӕцы мӕй (мӕйты) уыдзӕн ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕнын?