Куыд ис «бафӕлварӕн?»
1 Иегъовӕйы организаци рӕзы, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ фылдӕр хъӕуы фӕлтӕрдджын ӕфсымӕртӕ, цӕмӕй службӕйон ӕххуысгӕнджытӕй лӕггад кӕной. Ӕфсымӕртӕй бирӕтӕ, уыимӕ ӕрыгӕттӕ дӕр, нысангонд не сты, фӕлӕ сӕ фӕнды ӕмбырды лӕггад кӕнын. Сӕ бӕрны сын исты куыст куы бакӕнынц, уӕд сӕ цинӕн кӕрон нал вӕййы, сӕ бон баххуыс кӕнын кӕй у, уый тыххӕй. Фӕстӕдӕр «фӕлвӕрд» ӕрцӕудзысты, цӕмӕй сбӕрӕг уа, снысангӕнӕн сӕ ис ӕви нӕ (1 Тим. 3:10). Уый куыд кӕнгӕ у?
2 Хистӕр нӕлгоймӕгты ахадындзинад: Службӕйон ӕххуысгӕнӕгӕй ӕфсымӕр нысангонд цӕуы, Библийы 1 Тимофеймӕ 3:8—13-ӕм стихты цы домӕнтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ, стӕй ма йӕ хъуамӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ базоной, ӕфсымӕр йӕхимӕ бӕрн исы ӕви нӕ. Гӕнӕн ис бабар ын кӕной, цӕмӕй журналтӕ ӕмӕ литературӕ дӕтта, микрофонтӕм йӕ хъус дара, Паддзахады Залмӕ зила ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сӕ хъус дардзысты, йӕ хӕстӕм ын цы ахаст ис ӕмӕ сӕ куыд ӕххӕст кӕны, уымӕ. Уыдон кӕсдзысты, ӕууӕндӕн ыл ис, йӕ хӕстӕ афоныл ӕххӕст кӕны, зӕрдиагӕй архайы, хӕдӕфсарм у, ӕххуыс кӕнынмӕ цӕттӕ у ӕмӕ йын иннӕтимӕ хорз ахастытӕ ис ӕви нӕ (Фил. 2:20). Йӕ дарӕс ӕмӕ йӕ ӕддаг бакастӕй фӕзминаг у? Йӕ хӕстӕ ахсджиагыл нымайы? Уыдоны фӕнды, цӕмӕй «зондджындзинадыл дзурӕг чи у, уыцы сӕрныллӕгдзинад равдиса йӕ хорз уагахаст ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕй» (Иак. 3:13, НД). Ӕцӕгӕйдӕр архайы ӕмбырдӕн ӕххуыс кӕныныл? Йесойы фӕдзӕхст, «сахуыр кӕнут ӕппӕт адӕмты», зӕгъгӕ, ӕххӕст кӕны, хъусын кӕныны хъуыддаджы зӕрдиагӕй архайгӕйӕ? (Мтф. 28:19; кӕс «Хъахъхъӕнӕг мӕсыг», 1 сентябрь, 1990 аз, 18—28 ф., уырыссаг).
3 Службӕйон ӕххуысгӕнӕгӕй ӕфсымӕры цал азӕй ис нысан кӕнӕн, уымӕн бӕлвырд кар нӕй, фӕлӕ Библи ахӕм ӕфсымӕрты хоны «хорз кусджытӕ». Уыдон нӕ уыдзысты бынтон ӕрыгӕттӕ, уымӕн ӕмӕ куыд уынӕм, афтӕмӕй ахӕм нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон у бинонтӕ скӕнын дӕр (1 Тим. 3:12, 13). Уыцы ӕфсымӕртӕ хъуамӕ ма цӕуой «лӕппуйы цыбӕлты» фӕдыл, фӕлӕ хъуамӕ уой уӕздан, Хуыцау ӕмӕ сын адӕмы раз хорз ном ӕмӕ сыгъдӕг намыс уа (2 Тим. 2:22, НФ).
4 Адӕймагмӕ цавӕрдӕр курдиӕттӕ куы уа, уӕд уый, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хорз у, фӕлӕ ахсджиагдӕр у, адӕймагӕн цавӕрдӕр хъуыддагмӕ цавӕр ахаст ис, уый. Ӕфсымӕры фӕнды Хуыцауы сӕрныллӕгӕй кадджын кӕнын ӕмӕ йе ’фсымӕртӕн лӕггад кӕнын? Кӕд афтӕ у, уӕд ын Иегъовӕ раарфӕ кӕндзӕн йӕ хъуыддӕгтӕн ӕмӕ ӕмбырды ӕнтыстджын уыдзӕн.