Иубойнон конгрессы ног программӕ
1 Дзыллон информацийы фӕрӕзтӕ, иуӕй-иу ахуыргӕнджытӕ ӕмӕ хъомылгӕнджытӕ кӕд хъӕздыгдзинадӕн тынгдӕр аргъ кӕнынц, уӕддӕр Хуыцауы Ныхас мах разӕнгард кӕны, цӕмӕй «хъӕздыг кӕнӕм хорз хъуыддӕгтӕй» (1 Тим. 6:18). 2002 азы сентябрӕй цы иубойнон конгресстӕ райдайдзӕн, уыдон хуыйндзысты «Хъӕздыг кӕнут хорз хъуыддӕгтӕй». Уыцы конгресс нын нӕ уырнындзинад куыд бафидар кӕндзӕн?
2 Районон цӕстдарӕг йӕ раныхасы, «Хуыцауы цӕсты хъӕздыг ут», зӕгъгӕ, бамбарын кӕндзӕн, уый цы нысан кӕны, ӕмӕ ма райсдзӕн интервью, уырнындзинады хъӕздыг кӕныныл зӕрдиагӕй чи архайы, уыдонӕй. Хуынд ӕфсымӕр йӕ фыццаг раныхасы, «Хорз хъуыддӕгтӕ хуымгӕрдӕны рӕстӕджы», зӕгъгӕ, ӕрдзурдзӕн Хуыцауы адӕмы хорз хъуыддӕгтыл. Уый алкӕйдӕр сразӕнгард кӕндзӕн, цӕмӕй ахъуыды кӕнӕм: нӕ бон куыд у Хуыцауы хуымгӕрдӕны фылдӕр кусын.
3 Мах сӕрыстыр стӕм нӕ фӕсивӕдӕй, монон хъӕздыгдзинад кӕй ӕмбырд кӕнынц, уый тыххӕй! Уымӕй кадджын кӕнынц Иегъовӕйы ӕмӕ хорз бындур ӕвӕрынц, цӕмӕй сомбон фылдӕр лӕггад кӕной. Раныхас «Иегъовӕйы йӕ хорз хъуыддӕгтӕй чи кадджын кӕны, уыцы фӕсивӕд у арфӕйаг»-ӕй мах базондзыстӕм, ӕрыгон чырыстӕттӕ нӕ территорийы цы хорз хъуыддӕгтӕ аразынц, уый.
4 Хорз хъуыддӕгтӕ кӕнгӕйӕ нын цы ӕнтысы? Ууыл ӕрдзурдзӕн хуынд ӕфсымӕр йӕ фӕстаг раныхасы, «Дарддӕр дӕр хорз хъуыддӕгтӕ кӕнут ӕмӕ хайджын ут Иегъовӕйы хорздзинӕдтӕй», зӕгъгӕ. Уый радзурдзӕн, хорздзинӕдтӕй хъӕздыг куыд сты 1) хицӕн хъусынгӕнджытӕ, 2) бинонтӕ, 3) ӕмбырдтӕ ӕмӕ 4) ӕппӕт дунеон организаци ӕмткӕй райсгӕйӕ.
5 Иегъовӕйӕн нывонддзырд чи радта, уыдонӕн сӕ бон уыдзӕн донаргъуыд райсын. Кӕд уыцы къахдзӕф саразынмӕ цӕттӕ дӕ, уӕд уый тыххӕй, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, раздӕр зӕгъ сӕрдариуӕггӕнӕг цӕстдарӕгӕн.
6 Конгресс уӕм кӕд уыдзӕн, уый куы базонат, уӕд бацархайут, цӕмӕй йӕм ацӕуат. Бацархайут, цӕмӕй рагацау бацӕуат ӕмӕ фыццаг зарӕг ӕмӕ фыццаг куывдмӕ ма байрӕджы кӕнат. Иубойнон конгресмӕ куы ацӕуӕм ӕмӕ ӕнӕхъӕн программӕмӕ дӕр лӕмбынӕг куы байхъусӕм, уӕд дарддӕр дӕр араздзыстӕм, Иегъовӕ Хуыцауы раз нӕ ӕцӕгдӕр чи хъӕздыг кӕны, ахӕм хъуыддӕгтӕ.