Иубонон конгрессы ног программӕ
Абон тынг бирӕ дзурынц ӕмӕ фыссынц, нӕ зӕрдӕтӕм куыд хъуамӕ кӕсӕм, цӕмӕй не ’нӕниздзинад фидар уа ӕмӕ фылдӕр фӕцӕрӕм, уый тыххӕй. Фӕлӕ уымӕй ахсджиагдӕр у, ахӕсгӕ хуызы цы зӕрдӕйы кой фӕкӕнӕм, уый уавӕр. Уӕдӕ, 2003 азы сентябрӕй цы иубонон конгресс цӕудзӕн, уый дӕр ӕнӕхъуаджы нӕ хуыйны «Иегъовӕйӕн лӕггад кӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ» (1 Пар. 28:9). Уыцы конгрессы цы базондзыстӕм?
Районон цӕстдарӕг йӕ раныхасы, «Иннӕтӕн ӕххуыс кӕнӕм Иегъовӕйӕн зӕрдӕрайгӕйӕ лӕггад кӕнынӕн», зӕгъгӕ, райсдзӕн цалдӕр интервьюйы ӕмӕ базондзыстӕм, куыд ӕхсызгон у, Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнын кӕй фӕнды, уыдонмӕ ногӕй цӕуын ӕмӕ семӕ Библи ахуыр кӕнын. Хуынд ӕфсымӕры фыццаг раныхас «Ацы змӕст дунейы хъахъхъӕнӕм нӕ зӕрдӕ» алкӕйдӕр ныфс бауадздзӕн ӕмӕ бафидар кӕндзӕн. Программӕйы фыццаг хай фӕуыдзӕн, донаргъуыды размӕ цы раныхас вӕййы, уымӕй.
Фӕссихор байхъусдзыстӕм раныхасмӕ, «Ӕххуыс кӕй хъӕуы, уыдонмӕ фӕкӕсӕм», зӕгъгӕ, ӕмӕ базондзыстӕм, куыд у нӕ бон иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын. Ныййарджыты бон цы у саразын, цӕмӕй сӕ сывӕллӕтты зӕрдӕтӕ ӕвзӕр ӕндӕвдадӕй хъахъхъӕной ӕмӕ сын Иегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнынӕн ӕххуыс кӕной? Уый фӕдыл раныхасы, «Уӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕнут, цӕмӕй сын Иегъовӕ зӕрдӕрухсы хос уа», зӕгъгӕ, уыдзӕн уынаффӕтӕ ӕмӕ равдыст, уый куыд ис саразӕн.
Цӕмӕй ахӕсгӕ хуызы цы зӕрдӕйы кой фӕкӕнӕм, уый ӕнӕниз ӕмӕ фидар уа, уый тыххӕй нын Иегъовӕ цыдӕриддӕр дӕтты, уымӕй нӕхи ницӕмӕй цух кӕнӕм? Хуынд ӕфсымӕр йӕ фӕстаг раныхас «Иегъовӕйӕн дарддӕр дӕр ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнут»-ы ӕрдзурдзӕн, нӕ монон ӕнӕниздзинадӕн ахъаз чи у, цыппар ахӕм сӕйраг хъуыддагыл. Цас рӕстӕг ӕмӕ хъарутӕ дӕттӕм зӕрдиагӕй кувынӕн, Хуыцауы Ныхас ахуыр кӕнынӕн, зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнынӕн ӕмӕ не ’мчырыстӕттимӕ ӕмбӕлынӕн? Ацы хъуыддӕгтӕй искӕцыйы нӕ бон у исты фӕхуыздӕр кӕнын?
Иегъовӕ нӕ хоны: «Дӕ зӕрдӕ сараз зондамындмӕ ӕмӕ дӕ хъус ӕрдар зонындзинады ныхӕстӕм» (Ӕмб. 23:12). Уыцы конгресс нӕ алкӕмӕндӕр пайда уыдзӕн, ӕмӕ йеныр спълан кӕн, цӕмӕй йӕ ма рауадзай ӕмӕ библион амындтӕм байхъусай. Уый дӕ бафидар кӕндзӕн, цӕмӕй дарддӕр дӕр Иегъовӕйӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕмӕ зӕрдӕрайгӕйӕ лӕггад кӕнай.