Видеофильм медицинӕйы ахсджиаг фадыджы тыххӕй
Юристтӕ дӕр ӕмӕ дохтыртӕ дӕр фылдӕр хъусдард здахынц рынчыны цӕстӕнгас ӕмӕ бартӕм. Уымӕ гӕсгӕ райдыдтой дзӕбӕх кӕнын ног мадзӕлттӕй ӕмӕ сӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн дӕр сӕ бон у пайда кӕнын (Ап. к. 15:28, 29). Сӕрмагондӕй уыцы мадзӕлтты тыххӕй дзырдӕуы видеофильм «Медицинӕ ӕнӕ тугӕй. Куыд ис рынчынӕн баххуыс кӕнӕн, йӕ бартӕ хынцгӕйӕ»-йы. Бакӕсут уыцы фильммӕ ӕмӕ дӕлдӕр амынд фарстаты руаджы сфӕлхат кӕнут, цы базыдтат, уый. (Фиппаинаг: Видеофильмы ранӕй-рӕтты ӕвдисынц хирургты операци кӕнгӕйӕ, уымӕ гӕсгӕ ныййарджытӕ хъуамӕ лӕмбынӕг уой, цӕмӕй сӕ гыццыл сывӕллӕттӕ ма фӕтӕрсой.)
1) Медицинӕйы кусджытӕ ногӕй цӕмӕн ӕркастысты туг уадзыны фарстамӕ? 2) Ӕрхӕссут ӕртӕ цӕвиттоны, цыран уӕззау операцитӕ скодтой ӕнӕ тугӕй. 3) Ӕгас дунейы цал дохтыр ӕмӕ цал хирург дзӕбӕх кӕнынц ӕнӕ тугӕй? Афтӕ цӕмӕн аразынц? 4) Цы рабӕрӕг фӕстаг иртасӕн куыстытӕй туг уадзыны тыххӕй? 5) Цӕмӕй у тӕссаг туг уадзын? 6) Цавӕр хатдзӕгмӕ ӕрцыдысты бирӕ фӕлтӕрдджын дохтыртӕ, туг уадзыны бӕсты цы мадзӕлттӕ ис, уыдон тыххӕй? 7) Цӕмӕй вӕййы анеми (тугцухдзинад)? Адӕймагӕн йӕ бон цас тугцухдзинад у сфӕразын? Куыд ӕй ис баххӕстгӕнӕн? 8) Рынчыны туджы сырх чырӕгты нымӕц куыд ис фылдӕр кӕнӕн? 9) Операциты рӕстӕджы куыд ис къаддӕр туг сафӕн? 10) Туг уадзыны бӕсты цы мадзӕлттӕ ис, уыдонӕй гыццыл сывӕллӕтты дзӕбӕх кӕнынӕн кӕнӕ цардӕн тӕссаг уавӕрты пайдагӕнӕн ис? 11) Хорз хосгӕнӕн мадзӕлтты ахсджиагдӕр уагӕвӕрдтӕй иу цы у? 12) Чырыстӕттӕ развӕлгъау цӕмӕн хъуамӕ сбӕлвырд кӕной, туг уадзыны бӕсты цы мадзӕлттӕ ис, уыдонӕй цавӕртӕй хос кӕндзысты? Уый нӕ бон куыд у аразын?
Рынчын Библийыл ахуыргонд намысмӕ гӕсгӕ йӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕны, цавӕр мадзӕлттӕй хос кӕндзӕн, уый. Аскъуыддзаг кодтай, туг уадзыны бӕсты цы мадзӕлттӕ ис, уыдонӕй цавӕртӕй хос кӕндзынӕ ды дӕр ӕмӕ дӕ сывӕллӕттӕ дӕр? Кӕд дӕ бинонтӕй исчи Ӕвдисӕн нӕу, уӕд ын лӕмбынӕг хъӕуы радзурын, цы уынаффӕтӕ рахастай ӕмӕ цӕмӕн. (Кӕс «Кӕсджыты фарстытӕ», «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» 2000 аз, 15 июнь, уыр. ӕмӕ 1 ноябрь.)