Киноныв медицинӕйы ахсджиаг фадыджы тыххӕй
Юристтӕ дӕр ӕмӕ дохтыртӕ дӕр фылдӕр аргъ кӕнын райдыдтой рынчыны цӕстӕнгасӕн ӕмӕ йӕ бартӕн. Уымӕ гӕсгӕ райдыдтой дзӕбӕх кӕнын ног мадзӕлттӕй ӕмӕ сӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн дӕр сӕ бон у пайда кӕнын (Ап. к. 15:28, 29). Уыцы мадзӕлтты тыххӕй дзырдӕуы кинонывы, «Медицинӕ ӕнӕ тугӕй. Куыд ис рынчынӕн баххуыс кӕнӕн, йӕ бартӕ хынцгӕйӕ», зӕгъгӕ. Бакӕсут уыцы кинонывмӕ ӕмӕ дӕлдӕр амынд фарстаты руаджы сфӕлхат кӕнут, цы базыдтат, уый. (Фиппаинаг: кинонывы ранӕй-рӕтты ӕвдисынц хирургты операци кӕнгӕйӕ, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ныййарджытӕ хъуамӕ ахъуыды кӕной, сӕ гыццыл сывӕллӕттимӕ йӕм кӕсдзысты ӕви нӕ.)
1) Дохтыртӕ туг уадзыны фарстамӕ ногӕй цӕмӕн ӕркастысты? 2) Цавӕр ӕртӕ операцийы скодтой ӕнӕ тугӕй? 3) Ӕгас дунейы цал дохтыры ӕмӕ цал хирургы дзӕбӕх кӕнынц ӕнӕ тугӕй? Цӕмӕн сты разы ууыл? 4) Цы рабӕрӕг фӕстаг иртасӕн куыстытӕй туг уадзыны тыххӕй? 5) Туг уадзын тӕссаг цӕмӕн у? 6) Цавӕр хатдзӕгмӕ ӕрцыдысты бирӕ фӕлтӕрдджын дохтыртӕ, туг уадзыны бӕсты цы мадзӕлттӕ ис, уыдон тыххӕй? 7) Цӕмӕй вӕййы анеми (тугцухдзинад)? Адӕймагӕн йӕ тугӕй цас у йӕ бон фесафын, йӕ цардӕн тӕссаг куыд нӕ уа? Цы туг фесӕфта, уый куыд ис баххӕстгӕнӕн? 8) Рынчыны туджы сырх чырӕгты нымӕц куыд ис фылдӕр кӕнӕн? 9) Операциты рӕстӕджы куыд ис къаддӕр туг сафӕн? 10) Туг уадзыны бӕсты цы мадзӕлттӕ ис, уыдонӕй гыццыл сывӕллӕтты дзӕбӕх кӕнынӕн кӕнӕ цардӕн тӕссаг уавӕрты пайдагӕнӕн ис? 11) Хорз дохтырты ахсджиагдӕр уагӕвӕрдтӕй иу цы у? 12) Туг уадзыны бӕсты цы мадзӕлттӕ ис, уыдонӕй чырыстӕттӕ цавӕртӕй хос кӕндзысты, уый рагацау цӕмӕн хъуамӕ сбӕлвырд кӕной? Куыд ис уый аразӕн?
Кинонывы цы мадзӕлтты кой цӕуы, уыдонӕй кӕцыйыл сразы уыдзыстӕм, уый нӕ алчи йӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕны, Библийӕ цы базыдтам, уымӕ гӕсгӕ. Туг уадзыны бӕсты цы мадзӕлттӕ ис, уыдонӕй ды ӕмӕ дӕ сывӕллӕттӕ цавӕртӕй хос кӕндзыстут, уый аскъуыддзаг кодтай? Кӕд дӕ бинонтӕй исчи Ӕвдисӕн нӕу, уӕд ын лӕмбынӕг хъӕуы бамбарын кӕнын, цы уынаффӕтӕ рахастай ӕмӕ цӕмӕн. (Кӕс «Кӕсджыты фарстытӕ» 2004 азы 15 июны [уыр.] ӕмӕ 2000 азы 1 ноябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы.)