Документалон киноныв видеокассетӕйыл – «Иу туджы ӕртах дӕр нӕ. Медицинӕ разы кӕны». Цы пайда нын у?
Ӕнӕ тугӕй хи дзӕбӕх кӕнӕн куыд ис, уый тыххӕй цы зоныс? Туг уадзыны бӕсты цы мадзӕлттӕ ис ӕмӕ бӕлвырдӕй цы сты, уый хорз ӕмбарыс? Бакӕс ацы кинонывмӕ ӕмӕ дӕлдӕр цы фарстытӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ сбӕрӕг кӕн, уыцы хъуыддаджы тыххӕй цы зоныс. (Фиппаинаг: Ацы кинонывы операцитӕ куыд кӕнынц, уый ӕргом кӕй ӕвдисынц, уымӕ гӕсгӕ ныййарджыты хъӕуы ахъуыды кӕнын, сӕ сывӕллӕтты ацы кинонывмӕ бакӕсын бауадзой ӕви нӕ).
1) Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ туг уадзыныл сӕйраджыдӕр цӕмӕ гӕсгӕ нӕ разы кӕнынц ӕмӕ Библийы уый фӕдыл цавӕр уагӕвӕрд ис? 2) Дохтыртӕй цавӕр ӕххуысмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм? 3) Рынчынӕн йӕ сӕйраг бар цы у? 4) Туг нӕ бауадзын ӕмбаргӕ ми цӕмӕн у? 5) Рынчын бирӕ туг куы фесафы, уӕд дохтыртӕ ӕвӕстиатӕй цавӕр дыууӕ хъуыддагыл хъуамӕ батыхсой? 6) Цӕмӕй тӕссаг у туг уадзын? 7) Цӕмӕй фӕпайда кӕнынц хирургтӕ, цӕмӕй операцийы рӕстӕджы рынчын бирӕ туг ма фесафа? 8) Туг уадзыны бӕсты цы мадзӕлттӕ ис, уыдонӕй дӕ алкӕцыйы тыххӕй дӕр цы бафӕрсын хъӕуы дохтырты? 9) Ӕнӕ тугӕй уӕззау операцитӕ кӕнӕн ис? 10) Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты дзӕбӕх кӕнгӕйӕ фылдӕрӕй-фылдӕр дохтыртӕ цӕуыл разы кӕнынц ӕмӕ иннӕ рынчынты дзӕбӕх кӕныны тыххӕй дӕр цавӕр хатдзӕгмӕ гӕнӕн ис, ӕмӕ ’рцӕуой?
Ацы кинонывы цы мадзӕлттӕ ис, уыдонӕй чи цӕуыл сразы уыдзӕн, уый алчидӕр йӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕны (Кӕс 2004 азы 15 июны «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» 22–24 фф. (уыр.), ӕмӕ 2000 азы 1 ноябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» 30, 31 фф.).