«Дунейӕн рухс» чи у, уымӕ адӕмы ӕргом здахӕм
1. Цавӕр стыр рухсы тыххӕй загъд уыд Хуыцауы Ныхасы ӕмӕ уыцы рухсмӕ адӕмы ӕргом уӕлдай тынгдӕр цавӕр хъуыддаг здахы?
1 Пехуымпар Исайы уылты Иегъовӕ загъта: «Талынджы чи цыди, уыцы адӕм федтой стыр рухс. Ӕмӕ талынг бӕстӕйы цӕрджытыл сӕрттывта рухс» (Ис. 9:2). Уыцы «стыр рухс» бӕрӕг уыд Хуыцауы Фырты, Йесо Чырыстийы, цардӕй. Йесо зӕххыл цы куыст кодта ӕмӕ йӕ нывонд цы арфӕдзинӕдтӕ ӕрхаста, уыдон фӕахъаз сты, талынджы чи уыд, Хуыцауы чи нӕ зыдта, уыцы адӕмӕн. Ахӕм рухс тынг хъӕуы ацы талынг рӕстӕджы дӕр. Хицауы ӕхсӕвӕры рӕстӕг нын хорз фадат у «дунейы рухсмӕ» адӕмы ӕргом здахынӕн (Иоан. 8:12, НФ). Фарон милуантӕ равдыстой сӕ уырнындзинад, Йесойы ныхӕстӕм зӕрдиагӕй кӕй байхъуыстой, уымӕй: «Уый кӕнут Мӕн ӕрымысыны тыххӕй» (Лук. 22:19). Тагъд та бӕрӕг кӕндзыстӕм Ӕрымысӕн изӕр. Цымӕ куыд у нӕ бон, Иегъовӕйӕ цы стыр рухс цӕуы, уымӕ адӕмы ӕргом здахын? (Фил. 2:15).
2. Ахӕстаргъ фыст кӕй ӕрцыд, уымӕн тынгдӕр цӕй руаджы аргъ кӕндзыстӕм ӕмӕ ныл уый куыд фӕзындзӕн?
2 Тынгдӕр аргъ кӕнӕм. Ӕрымысӕн изӕры афон хорз рӕстӕг у Иегъовӕйы ӕмӕ Йесойы стыр уарзтыл хъуыды кӕнынӕн – уыцы уарзт бӕрӕг у, адӕмы сӕраппонд ахӕстаргъ фыст кӕй ӕрцыд, уымӕй (Иоан. 3:16; 2 Кор. 5:14, 15). Афтӕмӕй тынгдӕр аргъ кӕндзыстӕм Ӕрымысӕн изӕрӕн. Хуыцауы адӕмы се ’ппӕты дӕр фӕнды рӕстӕг ссарын, цӕмӕй бакӕсой ӕмӕ ахъуыды кӕной, Ӕрымысӕн изӕры размӕ Библийӕ цы скъуыддзӕгтӕ ис кӕсинаг, уыдоныл (амынд сты къаннӕг чиныджы «Алы бон дӕр ӕвзар Фыстытӕ»). Иегъовӕ ахӕстаргъ кӕй бафыста, уымӕй цы диссаджы миниуджытӕ равдыста, уыдоныл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд сӕрыстыр уыдзыстӕм, нӕ Хуыцау кӕй у, уымӕй. Чырыстийы нывонд махӕн нӕхицӕн цы ахъаз у, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд тынгдӕр уарздзыстӕм Хуыцауы ӕмӕ йӕ Фырты ӕмӕ нӕ фӕнддзӕн ӕппӕт хъарутӕй дӕр Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын (Гал. 2:20).
3. Ӕрымысӕн изӕрӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый куыд равдисӕн ис?
3 Иегъовӕ адӕмы ирвӕзындзинадӕн цы сарӕзта, уымӕн кӕд аргъ кӕнӕм, уӕд нӕ зӕрдӕйы уаг фӕзындзӕн, Ӕрымысӕн изӕрмӕ кӕй хонӕм, уыдоныл дӕр: Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, ногӕй кӕмӕ бацӕуӕм, нӕ хӕстӕджытӕ, сыхӕгтӕ, ӕмкъласонтӕ, ӕмкусджытӕ ӕмӕ иннӕтыл (Лук. 6:45). Уӕдӕ зӕрдиагӕй бацархай, цӕмӕй се ’гасы дӕр фӕхонай. Алкӕмӕндӕр сӕ ратт Ӕрымысӕн изӕрмӕ хуынды гӕххӕтт, цӕмӕй ацы фембӕлд сӕ зӕрдыл дарой. Рохуаты куыд ничи баззайа, уый тыххӕй бирӕтӕ, Ӕрымысӕн изӕрмӕ алы аз дӕр кӕй фӕхонынц, уыдоны номхыгъд бафснайынц, ӕмӕ дзы стӕй ногты бафыссынц. Ацы хъуыддаг хорз куы пълан кӕнӕм ӕмӕ нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый куы аразӕм, цӕмӕй, фылдӕр базонын кӕй фӕнды, уыцы адӕмы фӕхонӕм, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, Иегъовӕ Хуыцауы «диссаджы лӕварӕн» кӕй аргъ кӕнӕм (2 Кор. 9:15, НФ).
4. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй мартъийы ӕмӕ апрелы фылдӕр хъусын кӕнӕм?
4 Фылдӕр хъусын кӕнӕм. Дӕ бон у мартъийы ӕмӕ апрелы фылдӕр хъусын кӕнын? «Чырыстийы кады хорз уацхъуыд» парахат кӕныны хъуыддаджы зӕрдиагӕй кӕй архайӕм, уымӕн Хуыцау ӕнӕмӕнг арфӕ кӕндзӕн. Иегъовӕ дӕтты ӕцӕгады рухс, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ бардзырд радта: «Талынгӕй сӕрттивӕд рухс» (2 Кор. 4:4–6, НТ). Куы хъӕуа, уӕд хистӕр нӕлгоймӕгтӕ фӕфылдӕр кӕндзысты уацамындон фембӕлдтӕ ӕмӕ сӕ алы рӕтты уадздзысты, цӕмӕй афтӕмӕй баххуыс кӕной, фылдӕр хъусын кӕнын кӕй фӕнды, уыдонӕн. Зӕгъӕм, райсомӕй ис уынджы кӕнӕ куыстуӕтты хъусын кӕнын, телефонӕй та фӕссихор кӕнӕ изӕрӕй. Фылдӕр хъусын кӕнынӕн ма ӕххуыс у, уацамынды цал сахаты цӕудзынӕ, уый спълан кӕнын ӕмӕ стӕй уымӕ гӕсгӕ зӕрдиагӕй архайын дӕр. Бирӕтӕ ӕххуысгӕнӕг пионертӕй кӕй балӕггад кӕнынц, уымӕй равдисынц, Иегъовӕйӕн кӕй дӕттынц, хуыздӕрӕй сӕм цы ис, уый (Кол. 3:23, 24).
5. Бирӕтӕн куыд фӕахъаз, ӕххуысгӕнӕг пионертӕн сӕ сахӕтты нымӕц кӕй фӕкъаддӕр кодтой, уый?
5 Дӕ бон у ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕнын? Авд азы размӕ ӕххуысгӕнӕг пионерты сахӕттӕ фӕкъаддӕр кодтой. Уый руаджы ноджы фылдӕр ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ банкъардтой, уыцы лӕггад цы арфӕдзинӕдтӕ хӕссы, уый. Ды та лӕггад кодтай ӕххуысгӕнӕг пионерӕй? Иуӕй-иутӕн уый алы аз дӕр бантысы. Бирӕ ӕмбырдты хорз ӕгъдау сси, ӕфсымӕртӕ иумӕ кӕй райдайынц ахӕм хуызы лӕггад кӕнын. Дӕ бон у дӕ хъуыддӕгтӕ афтӕ спълан кӕнын, цӕмӕй Ӕрымысӕн изӕры афон иу мӕй ӕххуысгӕнӕг пионерӕй балӕггад кӕнай ӕмӕ дӕуӕн дӕр цины хос фӕуа? Иуӕй-иутӕн уымӕн хуыздӕр афон уыдзӕн апрель, фондз сабат ӕмӕ хуыцаубоны дзы кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ.
6. Цавӕр диссаджы фадӕттӕ нын уыдзӕн?
6 Мыййаг уын уе ’мбырд мартъи кӕнӕ апрелы районон цӕстдарӕг бӕрӕг кӕндзӕн? Уӕд дын ис ноджы иу диссаджы фадат. Хъусинӕгты куыд уыд, афтӕмӕй 2006 лӕггады азы дӕргъы, районон цӕстдарӕг ӕмбырд цы мӕй бӕрӕг кӕна, уыцы мӕй ӕххуысгӕнӕг пионерӕй чи лӕггад кӕна, уыдонӕн сӕ бон уыдзӕн, районон цӕстдарӕгӕн пионертимӕ цы фембӕлд уа, уымӕн йӕ фыццаг хаймӕ байхъусын. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уым фехъусдзысты, сӕ уырнындзинад сын чи фӕфидар кӕндзӕн, ахӕм хъуыдытӕ ӕмӕ уый фӕрцы ӕххуысгӕнӕг пионертӕй бирӕтӕн сӕ бон суыдзӕн ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын райдайын. Уымӕй уӕлдай ма нӕм мартъийы ӕнхъӕлмӕ кӕсы ноджы иу ӕхсызгон хъуыддаг: адӕмӕн ӕххуыс кӕндзыстӕм Хуыцауы рухсмӕ ӕрбацӕуын ног чиныг «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?»-йы руаджы. Хорз нӕ уаид, нӕхицӕн нысан куы сӕвӕриккам, цӕмӕй ацы ног чиныджы руаджы искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайӕм?
7, 8. а) Цы нын баххуыс кӕндзӕн ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕнынӕн график саразынӕн? ӕ) Бинонтӕ ӕмгуыст куы кӕной, уӕд сын цы бантысдзӕн ӕмӕ сын цы пайда фӕуыдзӕн уый?
7 Ӕххуысгӕнӕг пионертӕ мӕй 50 сахаты кӕй хъусын кӕнынц, уый зӕрдылдаргӕйӕ, дӕхицӕн ахӕм график сараз, цӕмӕй алы къуыри дӕр 12 сахаты хорз хабар хъусын кӕнай. Аныхас кӕн, уыцы хъуыддаджы ӕнтыстджын чи уыд, уыдонимӕ ӕмӕ иннӕтимӕ дӕр. Чи зоны уыдоны дӕр бафӕнда демӕ лӕггад кӕнын райдайын. Хорз пъланы фӕрцы ӕрыгон ӕмӕ ацӕргӕ аргъуыд хъусынгӕнджытӕн дӕр уыцы хорз нысан сӕ къухы бафтыд. Кув уый тыххӕй. Стӕй, кӕд дын фадат ис, уӕд дӕхицӕн пълан сараз ӕмӕ райдай ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕнын! (Мал. 3:10).
8 Бирӕ бинонтӕ бамбӕрстой, сӕ хъуыддӕгтӕ иумӕ куы пълан кӕной, уӕд бинонтӕй иуӕн уӕддӕр кӕй у йӕ бон ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕнын. Иу бинонтӕ сфӕнд кодтой, аргъуыд сӕ чи у, уыдон фондзӕй дӕр кӕй лӕггад кӕндзысты ӕххуысгӕнӕг пионертӕй. Аргъуыд сӕ чи нӕма уыд, уыцы дыууӕ сывӕллоны та сӕхицӕн нысан сӕвӕрдтой, фылдӕр кӕй хъусын кӕндзысты. Бинонтӕ афтӕ зӕрдиагӕй кӕй бацархайдтой, уый сын куыд фӕпайда ис? Мӕнӕ цы зӕгъынц: «Цы стыр цин нын ӕрхаста уыцы мӕй! Нӕ бинонтӕ кӕрӕдзиуыл ӕнувыддӕр кӕй систы, уый бӕрӕг у. Мах тынг бузныг стӕм Иегъовӕйӕ уыцы диссаджы арфӕдзинады тыххӕй!»
9. Цӕмӕй Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕг нӕ рухс ӕрттива, уымӕн цы саразӕн ис?
9 Мартъи ӕмӕ апрелы уӕлдай фылдӕр хъусын кӕныныл кӕй архайдзыстӕм, уый нын цымӕ нӕ зӕрдӕты зынг тынгдӕр не ссудздзӕн ӕмӕ нӕ нӕ уӕларвон Фыдмӕ не ’ввахсдӕр кӕндзӕн? Уый аразгӕ уыдзӕн, Хуыцауы ӕмӕ йӕ Фырты куыд тынг уарзӕм ӕмӕ фылдӕр хъусын кӕныныл куыд зӕрдӕбынӕй архайӕм, уымӕй. Уӕдӕ нын псаломзарӕггӕнӕджы зӕрдӕйы уаг уӕд. Уый зарыд: «Ӕз хъӕрӕй мӕ дзыхӕй стаудзынӕн Хицауы ӕмӕ бирӕты ӕхсӕн скадджын кӕндзынӕн Уый» (Пс. 108:30). Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕг зынгзӕрдӕйӕ кӕй лӕггад кӕндзыстӕм, уымӕн Иегъовӕ раарфӕ кӕндзӕн. Цӕй уӕдӕ тауӕм Хуыцауы стыр рухс, цӕмӕй ноджы фылдӕр адӕм рацӕуа талынгӕй «царды рухсмӕ» (Иоан. 8:12).