Ӕппӕтдунеон зиу – хонӕм облӕстон конгресмӕ «Ирвӕзындзинад ӕввахс у!»
Ӕппӕт ӕмбырдты хъусынгӕнджытӕ дӕр уардзысты сӕрмагонд хуынды гӕххӕттытӕ
1 2006 азы уалдзӕджы зӕххы къорийы цӕгат хайы райдайдзӕн ӕппӕтдунеон зиу ӕмӕ ахӕсдзӕн, цалынмӕ ӕппӕт планетӕйы дӕр облӕстон конгресстӕ нӕ фӕуой, уӕдмӕ. Конгресстӕ уыдзӕн иу-155 бӕстӕйы. Хондзысты, кӕйдӕриддӕр фӕнда, уыдоны. Хондзысты ма, Германы, Чехи ӕмӕ Польшӕйы 2006 азы июлы ӕмӕ августы фыццаг къуырийы цы сӕрмагонд конгресстӕ уыдзӕн, уыдонмӕ дӕр.
2 Абоны дунейӕн ма нымад бонтӕ кӕй баззад, уымӕ гӕсгӕ облӕстон конгресстӕ сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмыл тынг бандавдзысты, уымӕн ӕмӕ сты, Хуыцау нӕ ацы фыддунейӕ кӕй фӕрвӕзын кӕндзӕн, уыцы зӕрдӕвӕрды фӕдыл. Конгрессты программӕ сӕ сразӕнгард кӕндзӕн сомбоныл ахъуыды кӕнынмӕ. Цӕмӕй дӕсгай милуантӕн ныфсы хабар фехъусын кӕной, уый тыххӕй Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты 98 000 ӕмбырдӕй фылдӕры хъусынгӕнджытӕм сидынц, цӕмӕй сӕ тыхтыл ма ауӕрдой – адӕмы хоной, се ’мбырд цы конгрессы уыдзӕн, уырдӕм.
3 Ӕмбырдты алы хъусынгӕнӕгмӕ дӕр хуынды гӕххӕттытӕй ӕрхаудзӕн 20 бӕрц. Чи ма дзы баззайа, уыдон сӕ бон райсын уыдзӕн пионертӕн. Алы ӕмбырд дӕр хуынды гӕххӕттытӕ уардзӕн, сӕ облӕстон конгресмӕ ма ӕртӕ къуыри куы хъӕуа, уӕд. Уыцы рӕстӕгмӕ ӕмбырды территорийыл ӕрзилӕн ис ӕнӕхъӕнӕй, кӕнӕ та йӕ фылдӕр хайыл.
4 Хуынды гӕххӕттытӕ дӕттын хъӕуы, участокы чи бацымыдис кӕна, уыдонӕн, хӕстӕджытӕн, сыхӕгтӕн, ӕмкусджытӕн ӕмӕ ӕмкъласонтӕн, стӕй ма Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс кӕнӕ кӕимӕ ахуыр кодтай, уыдонӕн дӕр. Чиныгахуырты цӕстдарджытӕ бацархайдзысты, цӕмӕй, ӕмбырдмӕ рагӕй чи нал цӕуы, уыдон дӕр конгресмӕ хуынды гӕххӕттытӕ райсой. Ацы хъуыддагмӕ хъӕудзӕн зӕрдиагӕй бавналын, хуынды гӕххӕттытӕ ӕртӕ къуыримӕ уӕрст куыд фӕуой.
5 Мах уырны, облӕстон конгресстӕм, «Ирвӕзындзинад ӕввахс у!», зӕгъгӕ, адӕмы афтӕ зӕрдиагӕй куы хонӕм, уӕд нӕ ӕппӕтдунеон ӕфсымӕрад скадджын кӕндзӕн нӕ Хуыцау Иегъовӕйы. Цӕй уӕдӕ уӕ Иегъовӕ ацы ӕппӕтдунеон зиуы рӕстӕджы алкӕмӕндӕр арфӕ кӕнӕд!