Адӕмыл сыгъдӕгзӕрдӕйӕ тыхс – алкӕмӕн дӕр хъусын кӕн
1 Апостол Иоанн цӕстылуайӕны федта зӕды арвы астӕуты тӕхгӕйӕ. Уый хъусын кодта мыггагмӕйы хорз хабар «алы адӕмы хатт ӕмӕ фӕлтӕрӕн, ӕмӕ ӕвзагӕн, ӕмӕ адӕмӕн» (Рарг. 14:6). Мах дӕр уыцы зӕдау алкӕмӕн дӕр хъусын кӕнӕм? Гӕнӕн ис, ӕмӕ йӕ ӕмбаргӕ дӕр ма кӕнӕм, афтӕмӕй адӕммӕ ӕнӕрвӕссон цӕстӕй кӕсӕм. Кӕуыл фембӕлӕм, уыдонмӕ цы цӕстӕй кӕсӕм, уый гӕнӕн ис, ӕмӕ бандава, хорз хабар сын куыд дзурӕм, ууыл. Уымӕ гӕсгӕ, алыхуызон адӕмӕн хъусынгӕнгӕйӕ хъуамӕ бӕрӕг уа, сыгъдӕгзӕрдӕйӕ сыл кӕй тыхсӕм.
2 Дӕ участокы чи цӕры. Дӕ участокы ӕндӕрбӕстӕгтӕ кӕнӕ лигъдӕттӕ цӕры? Уыдон нӕ арӕх рохуаты аззайынц. Бацархай, цӕмӕй ахӕм адӕмы ссарай ӕмӕ сӕ хуыздӕр базонай: цы сӕ хъӕуы, цӕуыл мӕт кӕнынц, цы уарзынц ӕмӕ цы нӕ уарзынц, цӕуыл тыхсынц ӕмӕ цы не ’мбарынц. Ӕмӕ сын Хуыцауы Паддзахады тыххӕй куы дзурай, уӕд уымӕ гӕсгӕ араз дӕ ныхас (1 Кор. 9:19–23). Апостол Павелау мах дӕр хъуамӕ нӕхи хӕсджыныл нымайӕм, цӕмӕй, нӕ территорийы чидӕриддӕр цӕры, уыдонӕн хорз хабар хъусын кӕнӕм ӕмӕ ма рох кӕнӕм, ӕндӕр бӕстӕйӕ чи у, ӕндӕр ӕгъдӕуттыл хӕст чи у, ӕндӕр ӕвзагыл чи дзуры кӕнӕ тынг хъӕздыг чи у, уыдоны дӕр (Ром. 1:14).
3 Уӕдӕ дӕ бон куыд у, ӕндӕр ӕвзагыл чи дзуры, ахӕм адӕймагимӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй аныхас кӕнын? Пайда кӕн брошюрӕйӕ «Хорз хабар ӕппӕт адӕмтӕн дӕр» (уыр.). Дӕ бон ма у демӕ хӕссын, уӕ территорийы цы фӕсарӕйнаг ӕвзӕгтыл дзурынц, уыцы ӕвзӕгтыл трактаттӕ кӕнӕ брошюрӕтӕ. (Кӕс 2003 азы июлы «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы», 4 ф., 2, 3 абз.) Уымӕй уӕлдай ма иуӕй-иу хъусынгӕнджытӕ сахуыр кӕнынц ӕндӕр ӕвзӕгтыл салам дӕттын ӕмӕ сӕ ныхас райдайынӕн цалдӕр хуымӕтӕг дзырды. Адӕмӕн арӕх сӕ зӕрдӕ бацагайы, исчи сӕм се ’взагыл куы сдзуры, кӕд цалдӕр ныхасы йеддӕмӕ нӕ фӕзоны, уӕд дӕр. Афтӕмӕй, гӕнӕн ис, ӕмӕ хорз хабармӕ байхъусой.
4 Иегъовӕйы фӕзм. Алкӕмӕн дӕр кӕй хъусын кӕнӕм, уымӕй фӕзмӕм нӕ Хуыцау Иегъовӕйы – уый никӕй хъулон кӕны ӕмӕ йӕ фӕнды, «цӕмӕй алыхуызон адӕймӕгтӕ дӕр, ӕцӕгдзинад цы у, уый бӕлвырдӕй базоной ӕмӕ фервӕзой» (1 Тим. 2:3, 4, НД).