Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 4/08 6 ф.
  • Фарстыты асыкк

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Фарстыты асыкк
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2008
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Зӕрӕдты хӕдзӕртты чи цӕры, уыдоны ма рох кӕнӕм
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2014
  • Уыдон рох не сты
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2008
  • Дохтырты ӕххуыс дӕ куы бахъӕуа, уӕд фидар фӕлӕудзынӕ?
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2007
  • Рынчындӕтты кусджытӕн нӕ статьятӕ стыр ӕххуыс фесты
    Хабӕрттӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты цардӕй
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2008
km 4/08 6 ф.

Фарстыты асыкк

◼ Раст уыдзӕн, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн йӕхи куы дзӕбӕх кӕна цавӕрдӕр динимӕ баст рынчындоны кӕнӕ зӕрӕдты хӕдзары?

Иуӕй-иу динтӕн ис сӕхи рынчындӕттӕ кӕнӕ зӕрӕдты хӕдзӕрттӕ. Уым адӕмы дзӕбӕх дӕр кӕнынц ӕмӕ, бирӕ рӕстӕг рынчын чи у, уыдонмӕ дӕр зилынц. Арӕхдӕр ахӕм рынчындӕттӕн кӕнӕ зӕрӕдты хӕдзӕрттӕн Стыр Вавилонимӕ иумӕйагӕй ницы вӕййы (Рарг. 18:2, 4). Уыцы рынчындӕттӕ райдианы сарӕзтой ӕхца кусынӕн. Абон иуӕй-иу рынчындӕттӕ дины ном хӕсгӕ цы кӕнынц, ӕндӕр ницы, фӕлӕ иннӕты та дины кусджытӕй чидӕртӕ кусы.

Йегъовӕйы Ӕвдисӕн йӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕны, динимӕ баст рынчындоны кӕнӕ зӕрӕдты хӕдзары йӕхи дзӕбӕх кӕндзӕн ӕви нӕ. Кӕмӕдӕр, чи зоны, уый ӕвзӕр нӕ кӕсы, фӕлӕ иннӕмӕн та йӕ цӕсгом уый бар нӕ дӕтты (1 Тим. 1:5). Чи цы уынаффӕ рахӕсдзӕн, уый уавӕртӕй кӕнгӕ у, ӕмӕ хорз уаид, адӕймаг-иу сыл дзӕбӕх куы ахъуыды кӕнид.

Зӕгъӕм, адӕймаг кӕм цӕры, уырдӕм ӕввахс у, динимӕ баст чи у, ӕрмӕст ахӕм рынчындон кӕнӕ зӕрӕдты хӕдзар. Кӕнӕ та зӕгъӕм, хӕстӕг ис ӕндӕр рынчындон дӕр, фӕлӕ динимӕ баст рынчындоны хуыздӕр хос кӕнынц. Гӕнӕн ис, ӕрмӕст уым ис алцыдӕр хос кӕнынӕн, кӕнӕ дӕу цы дохтыр йе та хирург хъӕуы, уый дзы кусы. Стӕй динимӕ баст рынчындӕттӕ кӕнӕ зӕрӕдты хӕдзӕртӕй иуӕй-иутӕ разы вӕййынц ӕнӕ тугӕй дзӕбӕх кӕныныл, кӕд ӕмӕ ӕндӕр рынчындӕттӕ ууыл разы не сты. Ахӕм алыхуызон уавӕртыл фӕхъӕуы ахъуыды кӕнын, дӕхи дзӕбӕх кӕнын дзы куы сфӕнд кӕнай, уӕд.

Кӕд сфӕнд кодтай динимӕ баст рынчындоны кӕнӕ зӕрӕдты хӕдзары схуыссын, уӕд уый афтӕ нымайӕн ис, цыма ӕнӕуи куыстӕн фидыс. Уымӕй мӕнг динӕн не ’ххуыс кӕныс, фӕлӕ дӕ кӕй дзӕбӕх кӕнынц ӕмӕ дӕм кӕй зилынц, уый тыххӕй сын фидыс.

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй дӕ, уымӕ гӕсгӕ ахӕм уавӕрты хъуамӕ лӕмбынӕг уай, мӕнг динимӕ дын иумӕйагӕй ӕппындӕр куыд ницы уа. Стӕй ахӕм бынаты чи кусы кӕнӕ уырдӕм чи цӕуы, уыдоны аргъуаны куыд фӕхонынц, афтӕ нӕ хондзынӕ, «фыд» кӕнӕ «хо», зӕгъгӕ (Матф. 23:9). Уӕдӕ дӕ хъус лӕмбынӕг дар, цӕмӕй дӕ дзӕбӕх цы кӕной, ӕндӕр дын семӕ иумӕйагӕй мацы уа.

Ахӕм рынчындоны куы схуыссай, уӕд зӕгъ, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй дӕ ӕмӕ дӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй дӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ бӕрӕг кӕной. Уӕд, цалынмӕ уым уай, уӕдмӕ дӕ ӕфсымӕртӕ фидар кӕндзысты (1 Фес. 5:14).

Уырнӕг бинонтӕн, хистӕр нӕлгоймӕгтӕн ӕмӕ ӕмбырды иннӕтӕн сӕ хӕс у, цӕмӕй, зӕрӕдты хӕдзары цы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ ис, уыдоны уырнындзинад фидар кӕной, уӕлдайдӕр уыцы бынат динимӕ баст куы уа, уӕд. Зӕрдиагӕй сыл кӕй тыхсӕм, уый сын ныфсы хос уыдзӕн ӕмӕ сӕ хъахъхъӕндзӕн, цӕмӕй ма фӕрӕдийой ӕмӕ дины ӕгъдӕутты, бӕрӕгбӕтты кӕнӕ ӕндӕр хъуыддӕгты ма архайой.

Ацы хъуыдытӕ нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд-иу алчидӕр йӕ уавӕртӕм лӕмбынӕг ӕркӕсдзӕн ӕмӕ-иу уый фӕстӕ уынаффӕ рахӕсдзӕн, динимӕ баст рынчындоны кӕнӕ зӕрӕдты хӕдзары схуысдзӕн ӕви нӕ (Гал. 6:5).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын