Зиу – хонӕм Ӕрымысӕн изӕрмӕ!
1. Цавӕр хъуыддаджы архайдзысты Хуыцауы Паддзахады хъусынгӕнджытӕ 2009 азы 21 мартъийӕ ӕмӕ цӕмӕн?
1 Цыппӕрӕмы, 2009 азы 9 апрелы Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ ӕппӕт дунейы дӕр ӕмбырд кӕндзысты, цӕмӕй сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕной, Хуыцау адӕммӕ цы диссаджы уарзондзинад равдыста, уый (Ром. 5:6–8). Ныфс нӕ ис, милуантӕ кӕй ӕрбацӕудзысты, цӕмӕй немӕ Чырыстийы мӕлӕт сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕной. 21 мартъийӕ ӕнӕхъӕн дунейы Ӕрымысӕн изӕрмӕ райдайдзыстӕм хуынды гӕххӕттытӕ уарын.
2. Куыд у нӕ бон адӕмы Ӕрымысӕн изӕрмӕ хонын?
2 Адӕмы куыд хонӕм? Хуынды гӕххӕтты цы нывтӕ, фарстатӕ ӕмӕ стихтӕ ис, уыдонӕй пайда кӕн. Адӕймагӕн равдис ныв ӕмӕ йын зӕгъ: «Зӕрдиагӕй дӕ хонын Йесо Чырыстийы мӕлӕт ӕрымысӕн бонмӕ, уыдзӕн 9 апрелы, цыппӕрӕмы». Стӕй йын йӕ хъус ӕрдар, хуынды гӕххӕтты фыццаг фарсыл уӕлейӕ цы фыст ис, уымӕ ӕмӕ дзы цы фарстатӕ ис, уыдонмӕ. Зӕгъ ын, йӕ бон кӕй у йемӕ йӕ бинонты кӕнӕ ӕндӕр искӕй ӕрбакӕнын.
3. Искӕмӕн хуынды гӕххӕтт куы радтай, уӕд ма уый фӕстӕ дӕ бон цы у аразын?
3 Кӕд уе ’мбырдӕн бирӕ участоктӕ ис, уӕд хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон у уынаффӕ рахӕссын, цӕмӕй-иу хуынды гӕххӕттытӕ ныууадзӕм, хӕдзары чи нӕ уа, уыдонӕн дӕр. Улӕфгӕ бонты хуынды гӕххӕттытӕ нӕ бон у журналтимӕ дӕттын. Дӕ разы нысан сӕвӕр, цӕмӕй фӕхонай, ногӕй кӕй бабӕрӕг кӕныс ӕмӕ Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, уыдоны, дӕ хӕстӕджыты, де ’мкъласӕгты, де ’мкусджыты, дӕ сыхӕгты ӕмӕ дӕ зонгӕты. Фарон иу хо Ӕрымысӕн изӕрмӕ фӕхуыдта йӕ хӕстӕджытӕй 30 адӕймаджы. Стӕй-иу сын сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, уыцы бон ахсджиаг кӕй у. Куыд ӕхсызгон ын уыд, 25 дзы кӕй ӕрбацыд ӕмӕ дзы фӕстӕдӕр 4 Библи ахуыр кӕнын кӕй бафӕндыд!
4. Цы хъуамӕ спълан кӕнӕм ӕмӕ цӕмӕн?
4 Рагацау пълан кӕн. Хъусынгӕнджытӕй бирӕтӕн сӕ бон уыдзӕн мартъи ӕмӕ апрелы фылдӕр хъусын кӕнын. Кӕд дӕ сывӕллон кӕнӕ Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, уый рӕстдзинады ӕрфидар, уӕд уый хорз афон уыдзӕн, цӕмӕй ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнӕг суа. Ныр хъӕуы нӕ хъуыддӕгтӕ афтӕ пълан кӕнын, цӕмӕй зиуы рӕстӕг фылдӕр адӕмы фӕхонӕм ӕмӕ нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм, Йегъовӕ ӕмӕ Чырысти цы стыр уарзондзинад равдыстой, уый (Иоан. 3:16; 15:13).