Парахат кӕнӕм ног брошюрӕ!
1. Ноябры уацамынды цавӕр брошюрӕ дӕтдзыстӕм ӕмӕ цӕй тыххӕй у?
1 2009 азы облӕстон конгрессы, «Цырддзаст ут!», зӕгъгӕ, райстам ног брошюрӕ «Библи. Цавӕр ахсджиаг хабар дзы ис?». Ноябры йӕ ӕнӕхъӕн дунейы ӕмбырдтӕ уацамынды дӕтдзысты фыццаг хатт. Цымӕ ацы брошюрӕ нӕ участокты адӕмӕн куыд баххуыс кӕндзӕн? Адӕмӕн сӕ фылдӕр, уӕлдайдӕр та чырыстӕттӕ чи не сты, уыдон, Библийы тыххӕй бирӕ нӕ зонынц. Ӕмӕ, ӕртыккаг фарсыл куыд фыст ис, афтӕмӕй ацы брошюрӕйы фӕрцы «фылдӕр базонӕн ис Библийы тыххӕй».
2. Ацы брошюрӕ уацамынды куыд дӕттӕн ис?
2 Куыд ӕй ис дӕттӕн? Нӕ бон у афтӕ райдайын: «Мӕнӕ мӕ ацы ныхӕсты тыххӕй фӕнды дӕ хъуыды базонын. [Бакӕс 2 Тимофеймӕ 3:16.] Бирӕтӕ разы сты ацы ныхӕстимӕ. Иннӕтӕм та афтӕ кӕсы, ӕмӕ Библи хорз чиныг у, фӕлӕ йӕ Хуыцауы Ныхас схонӕн нӕй. Ды та цы хъуыды кӕныс? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Цыфӕнды диныл хӕст ма уӕм, уӕддӕр ӕвзӕр нӕ уаид, алчидӕр куы базонид, Библийы цы фыст ис, уый. [Бакӕс, брошюрӕйы 3-аг фарсыл уӕлейӕ фыст ныхӕстӕ.] Ацы брошюрӕйы руаджы Библийы тыххӕй фылдӕр куы базонай, уӕд бафиппайдзынӕ иу цымыдисаг хъуыддаг: Библийы кӕрӕй-кӕронмӕ цӕуы иу ахсджиаг хабары кой».
3. Адӕмӕн сӕ фылдӕр чырыстон диныл хӕст кӕм не сты, ахӕм ран хъусын кӕнгӕйӕ-иу нӕ ныхас куыд райдайӕм?
3 Адӕмӕн сӕ фылдӕр чырыстон диныл хӕст кӕм не сты, ахӕм ран хъусын кӕнгӕйӕ зӕгъӕн ис: «Фыстады ис мӕнӕ ахӕм ныхӕстӕ, ӕмӕ мӕ фӕнды дӕ хъуыды базонын. [Бакӕс Псалом 37:11.] Куыд дӕм кӕсы, ацы ныхӕстӕ куы сӕххӕст уой, уӕд зӕхх цыхуызӕн уыдзӕн? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Ацы ныхӕстӕй бӕрӕг у, Библи цавӕр фидӕнӕй ӕвӕры зӕрдӕ адӕмӕн – цыфӕнды диныл хӕст ма уой ӕмӕ цыфӕнды адӕмыхаттӕй ма уой, уӕддӕр». Стӕй йын бакӕс, брошюрӕйы 3-аг фарсыл сӕргонды бынмӕ цы фыст ис, уый.
4. Ног брошюрӕйы руаджы адӕймагимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайӕн куыд ис?
4 Куыд ис Библи ахуыр кӕнын райдайӕн? Адӕймагмӕ дыккаг хатт куы бацӕуай, уӕд-иу ын йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн, уыйразмӕ цӕуыл ныхас кодтат, уый ӕмӕ та уыцы фарстайы фӕдыл иу-дыууӕ абзацыл аныхас кӕн. Пайда-иу кӕн, брошюрӕйы алы сӕры кӕрон дӕр цы фарстатӕ ис, уыдонӕй. Адӕмимӕ Библи цы чиныджы руаджы ахуыр кӕнӕм, уымӕй дӕ куы фӕнда дӕ ныхас райдайын, уӕд ын бакӕс, брошюрӕйы фӕстаг фарсыл цы фыст ис, уый. Стӕй йын чиныг ратт, йе ’ргом ын сӕргӕндтӕм раздах ӕмӕ йӕ бафӕрс, цавӕр фарстайӕн ӕй фӕндид дзуапп базонын, ӕмӕ-иу стӕй уыцы сӕрӕй иу-дыууӕ абзацыл аныхас кӕн. Цӕй уӕдӕ не ’ппӕт дӕр ноябры зӕрдиагӕй парахат кӕнӕм ацы ног брошюрӕ!