Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 8/11 3 ф.
  • Хуыцауы фӕндон уӕд

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хуыцауы фӕндон уӕд
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2011
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Хъахъхъӕн де ’фсарм
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2012
  • «Хӕринаг афоныл»
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2010
  • Хуыцауы Ныхас пайда у адӕймаджы ахуыр кӕнынӕн
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2013
  • Хъусӕм ӕмӕ ахуыр кӕнӕм
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2013
Фылдӕр фенын
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2011
km 8/11 3 ф.

Хуыцауы фӕндон уӕд

1. 2012 лӕггады азы иубонон конгрессы программӕ цӕуыл уыдзӕн ӕмӕ ууыл ныхас кӕнын цӕмӕн хъӕуы?

1 Йегъовӕ нӕ сфӕлдыста йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ (Рарг. 4:11). Уӕдӕ нын Хуыцау йӕ фӕндон куы нӕ раргом кодтаид, ӕмӕ йӕ куы не ’ххӕст кодтаиккам, уӕд нӕ зыдтаиккам, цӕмӕн цӕрӕм, уый. Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын ӕнцон нӕу, уымӕн ӕмӕ мах тох кӕнӕм, цӕмӕй «нӕ буары фӕндты ӕмӕ нӕ зонды фӕдыл» ма цӕуӕм йе та «ацы дунейы адӕмы зондмӕ гӕсгӕ» ма цӕрӕм (Еф. 2:3; 1 Пет. 4:3; 2 Пет. 2:10). Хуыцау нын куы не ’ххуыс кӕнид, уӕд нӕ Хӕйрӕг «удӕгасӕй ӕрцахсид» (2 Тим. 2:26). 2012 лӕггады азы иубонон конгрессы программӕ нӕ алкӕмӕндӕр баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй архайӕм, Йесо йӕ куывды цы ӕртыккаг ахсджиаг хъуыддаджы кой кодта, уымӕ гӕсгӕ. Йесо куывта, «дӕ фӕндон... уӕд», зӕгъгӕ (Матф. 6:9, 10).

2. Цавӕр фарстатӕн базондзыстӕм дзуапп?

2 Цавӕр фарстатӕн базондзыстӕм дзуапп. Ацы программӕйӕ дзуапп базондзыстӕм ахӕм фарстатӕн: Хуыцауы Ныхасмӕ хъусын ахсджиаг цӕмӕн у? Хуыцауы фӕндон цӕй фӕрцы ӕмбардзыстӕм? Цы аразын хъӕуы, цӕмӕй алыхуызон адӕмтӕн хъусын кӕнӕм? Зӕрдӕрухс ӕмӕ амондджын цӕй фӕрцы уыдзыстӕм? Нӕ кӕстӕртӕ, цы аразын уӕ хъӕуы, цӕмӕй уӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕна? Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын цы арфӕдзинӕдтӕ хӕссы? Иннӕты цӕмӕн хъуамӕ фидар кӕнӕм ӕмӕ сын сӕ ныфсыл ныфс цӕмӕн хъуамӕ ӕфтауӕм?

3. Конгрессы программӕ нын фылдӕр пайда цӕй фӕрцы ӕрхӕсдзӕн?

3 Бацархайӕм, цӕмӕй конгресмӕ ацӕуӕм ӕмӕ лӕмбынӕг байхъусӕм. Уыдзӕн дзы хуынд ӕфсымӕр Вефилӕй кӕнӕ цӕуӕг цӕстдарӕг. Ма-иу фефсӕрмы кӕнӕм, ӕмӕ-иу программӕйы райдиан кӕнӕ йӕ фӕстӕ йемӕ ӕмӕ йӕ цардӕмбалимӕ (кӕд ын ис, уӕд) аныхас кӕнӕм. Цӕмӕй, цы фехъусӕм, уый ма ферох кӕнӕм, уый тыххӕй хӕдзармӕ баздӕхгӕйӕ нӕ бинонтимӕ аныхас кӕнӕм конгрессы программӕйыл ӕмӕ, Хуыцауы фӕндон ноджы хуыздӕр ӕххӕст кӕнӕн куыд ис, ууыл (Иак. 1:25).

4. Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын нын сӕйрагдӕр цӕмӕн хъуамӕ уа?

4 Йӕ зӕрдӕйы фӕндты фӕдыл чи цӕуы ӕмӕ Йегъовӕйы коммӕ кӕсын кӕй нӕ фӕнды, уыдон тынг тагъд фесӕфдзысты (1 Иоан. 2:17). Уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕйӕ бузныг стӕм, йӕ афоныл нын цы программӕ бацӕттӕ кодта, уый тыххӕй. Ацы конгресс нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нын Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын сӕйрагдӕр уа.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын