Хуыцауы Ныхас пайда у адӕймаджы ахуыр кӕнынӕн
1. 2014 лӕггады азы районон конгресс куыд хуыйны ӕмӕ дзы дзуапп цавӕр фарстайӕн базондзыстӕм?
1 Ӕгас дун-дунейы дӕр нӕ «Кадджын Зондамонӕг» Йегъовӕйӕ хуыздӕр ахуыргӕнӕг нӕй (Ис. 30:20, 21). Фӕлӕ нӕ Йегъовӕ куыд ахуыр кӕны? Уый нын радта ӕппӕты хуыздӕр чиныг – йӕ комытӕфӕй фыст Ныхас, Библи. Хуыцау нӕ кӕй ахуыр кӕны, уый нын не ’нӕниздзинад, нӕ зондахаст, нӕ зӕрдӕйыуаг ӕмӕ нӕ уырнындзинадыл хуыздӕрырдӕм куыд фӕзыны? Ацы фарстайӕн дзуапп базондзыстӕм 2014 лӕггады азы районон конгрессты программӕйӕ. Конгресс хуыйны «Хуыцауы Ныхас пайда у адӕймаджы ахуыр кӕнынӕн». Арӕзт у 2 Тимофеймӕ 3:16.
2. Цавӕр фарстаты руаджы уыдзӕн сӕйраг хъуыдытӕ базонӕн?
2 Дӕ хъус-иу ӕрдар сӕйраг хъуыдытӕм. Программӕйы сӕйраг хъуыдытӕ базондзыстӕм ацы фарстаты руаджы:
• Хуыцау нӕ кӕй ахуыр кӕны, уый нын нӕ цард хуыздӕрырдӕм куыд ивы? (Ис. 48:17, 18).
• Ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕныны тыххӕй цавӕрдӕр ивындзинӕдтӕ куы саразӕм, уӕд нӕ фидар ныфс цӕмӕй уыдзӕн? (Мал. 3:10).
• «Ӕцӕгӕлон ахуырӕдтӕ» куы фехъусӕм, уӕд цы хъуамӕ аразӕм? (Дзут. 13:9).
• Нӕ бон куыд у, Йесо адӕмы «куыд... ахуыр кодта», афтӕ сӕ ахуыр кӕнын? (Матф. 7:28, 29).
• Ӕмбырды иннӕты чи ахуыр кӕны, уыдон сӕхи дӕр цӕмӕн хъуамӕ ахуыр кӕной? (Ром. 2:21).
• Хуыцауы Ныхас нын цавӕр хъуыддӕгты у пайда? (2 Тим. 3:16).
• Хуыцау ӕппӕт адӕмты дӕр кӕй «базмӕлын кӕны», уый сыл куыд фӕзыны? (Аг. 2:6, 7).
• Йегъовӕ мах тыххӕй фидарӕй цы зоны? (Еф. 5:1).
• Йегъовӕ нӕ цӕуыл ахуыр кӕны, ууыл фидар цӕмӕн хъуамӕ хӕцӕм? (Лук. 13:24).
3. Афойнадыл нын кӕй бацӕттӕ кодтой, уыцы конгресмӕ цӕмӕн хъуамӕ ацӕуӕм ӕмӕ лӕмбынӕг цӕмӕн хъуамӕ хъусӕм?
3 2 Тимофеймӕ 3 сӕры райдианы апостол Павел загъта, фӕстаг бонты тынг уӕззау рӕстӕг кӕй скӕндзӕн. Уый ныффыста: «Ӕвзӕр адӕм ӕмӕ цӕстфӕлдахджытӕ та кӕндзысты фыддӕрӕй-фыддӕр – иннӕты дӕр зыгъуыммӕ зондыл ардаудзысты, ӕмӕ сӕхӕдӕг дӕр зыгъуыммӕ зондыл цӕудзысты» (2 Тим. 3:13). Уӕдӕ нын цӕмӕй нӕ зонд мачи сзыгъуыммӕ кӕна, уый тыххӕй хъуамӕ хъусӕм ӕмӕ цӕрӕм, Хуыцау нын цы амоны, уымӕ гӕсгӕ! Уӕдӕ нын афойнадыл кӕй бацӕттӕ кодтой, уыцы конгресмӕ ацӕуӕм ӕмӕ-иу лӕмбынӕг хъусӕм.