Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 8/13 2 ф.
  • Хуыцауы Ныхасы ис стыр тых

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хуыцауы Ныхасы ис стыр тых
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2013
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • 2010 азы иубонон конгрессы программӕ
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2009
  • «Хӕринаг афоныл»
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2010
  • Специалон иубойнон конгрессы ног программӕ
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2000
  • Хуыцауы Ныхас пайда у адӕймаджы ахуыр кӕнынӕн
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2013
Фылдӕр фенын
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2013
km 8/13 2 ф.

Хуыцауы Ныхасы ис стыр тых

1. 2014 лӕггады азы иубонон конгресс куыд хуыйны?

1 Ӕнӕххӕст адӕймаджы къухӕй цы рацыд, уыдӕттӕй уӕлдай Библийы ис ахӕм стыр тых, цӕмӕй нын нӕ удыхъӕд ива, ӕмӕ нӕ зондахаст ӕмӕ нӕ цардыуаг Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ цӕуой. Цы ис зӕгъӕн, Хуыцауы Ныхасы цы стыр тых ис, уымӕй? Нӕ бон куыд у уыцы тыхӕй нӕ царды пайда кӕнын? Нӕ бон куыд у уыцы тыхы фӕрцы иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын? 2014 лӕггады азы иубонон конгрессты дзырд цӕудзӕн ацы фарстатыл, ӕмӕ нӕ ныфс ис, уый фӕрцы нӕ уырнындзинад кӕй бафидар уыдзӕн. Конгресс хуыйны «Хуыцауы Ныхасы ис стыр тых». Арӕзт у Дзуттӕгтӕм 4:12.

2. Цавӕр фарстатӕн базондзыстӕм дзуапп?

2 Ацы фарстатӕн-иу дзуапп ссар. Конгрессы программӕйы рӕстӕг-иу дзуапп ссар, дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдонӕн.

• Йегъовӕйы Ныхасыл фидарӕй цӕмӕн хъуамӕ ӕууӕндӕм? (Пс. 29:4).

• Хуыцауы Ныхасы цы стыр тых ис, уый нӕ бон куыд у нӕхиуыл бавзарын? (Пс. 34:8).

• Нӕ бон куыд у, Хуыцауы Ныхасы цы стыр тых ис, уымӕй уацамынды пайда кӕнын? (2 Тим. 3:16, 17).

• Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй нӕ Хӕйрӕджы дуне йӕ фӕдыл ма асайа? (1 Иоан. 5:19).

• Ӕрыгӕттӕ Хуыцауы хъуыддаджы ӕнтыстджын цӕй фӕрцы уыдзысты? (Йер. 17:7).

• Лӕмӕгъ куы уӕм, уӕд дӕр тыхджын цӕй фӕрцы уыдзыстӕм? (2 Кор. 12:10).

• Цы хъӕуы, цӕмӕй хуыздӕрырдӕм ивӕм, кӕд цавӕрдӕр ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ аразын сахуыр стӕм ӕмӕ нӕ зондахаст раст нӕу, уӕддӕр? (Еф. 4:23).

3. Программӕмӕ кӕй байхъусдзыстӕм, уымӕй уӕлдай ма нын иубонон конгресс цы пайда уыдзӕн?

3 Цӕй стыр ӕххуыс нын уыдзӕн ацы конгресс! Иубонон конгрессы, районон ӕмӕ облӕстон конгрессты куыд вӕййы, афтӕ нӕ бон уыдзӕн ӕндӕр ӕмбырдтӕй хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртыл бацин кӕнын (Пс. 133:1–3; 2 Кор. 6:11–13). Уӕдӕ-иу аныхас кӕнӕм, рагӕй кӕй зонӕм, ӕрмӕст уыдонимӕ нӕ, фӕлӕ ма иннӕтимӕ дӕр. Уӕ конгрессы облӕстон цӕстдарӕг кӕнӕ Вефилӕй хуынд ӕфсымӕр куы уа, уӕд-иу ын йӕхиуыл дӕр ӕмӕ йӕ цардӕмбалыл дӕр бацин кӕнут. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, иубонон конгресмӕ тынг ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм!

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын