Фарстаты асыкк
◼ Кӕд хъӕуы адӕймагӕн литературӕ дӕттын?
Сӕйрагдӕр у, адӕймаджы фылдӕр базонын фӕнды ӕви нӕ, уый. Кӕд адӕймаджы зӕрдиагӕй фӕнды фылдӕр базонын, уӕд ын нӕ бон у раттын дыууӕ журналы, брошюрӕ, чиныг кӕнӕ ӕндӕр литературӕ. Афтӕ кӕнӕн ис, адӕймагӕн йӕ бон иу гыццыл йе та ӕппындӕр куы нӕ уа мысайнаг раттын, уӕд дӕр (Иов 34:19; Рарг. 22:17). Фӕлӕ нӕ литературӕ нӕ дӕттӕм, чи йын нӕ аргъ кӕны кӕнӕ та дзы нӕ ныхмӕ спайда кӕнынмӕ чи хъавы, уыдонӕн (Матф. 7:6).
Цӕмӕй бӕрӕг вӕййы, адӕймаджы фылдӕр базонын кӕй фӕнды, уый? Немӕ зӕрдиагӕй куы фӕныхас кӕны, цы дзурӕм, уымӕ куы фӕхъусы, фарстатӕн дзуапп куы фӕдӕтты ӕмӕ, цӕуыл ныхас кӕнӕм, уый фӕдыл йӕ хъуыдытӕ куы фӕдзуры. Хуыцауы Ныхасӕй йын стих куы бакӕсӕм, уӕд бӕрӕг вӕййы, кӕй йын аргъ кӕны. Арӕх ма хорз вӕййы адӕймаджы бафӕрсын, цы литературӕ йын ныууадзинаг стӕм, уый бакӕсдзӕн ӕви нӕ, уымӕй. Хъусынгӕнӕг хъуамӕ лӕмбынӕг ӕмӕ ӕмбаргӕ уа, цӕмӕй фена, адӕймаджы ӕцӕгдӕр фылдӕр базонын фӕнды ӕви нӕ. Зӕгъӕм, уынджы хъусын кӕнгӕйӕ цӕуджытӕй алкӕмӕндӕр хъуамӕ нӕ публикацитӕ ма дӕттӕм. Адӕймаджы фылдӕр базонын фӕнды ӕви нӕ, уый дын зын бамбарӕн куы уа, уӕд хуыздӕр уаид ӕмбырдмӕ йын хуынды гӕххӕтт кӕнӕ трактат раттын.
Хъусынгӕнӕг уацамындӕн цас литературӕ райсдзӕн, уый, мысайнаг цас ратдзӕн, уымӕй кӕнгӕ нӕу. Мах нӕ литературӕйӕн ӕхца нӕ фидӕм, фӕлӕ нӕ мысайнӕгтӕй ӕххуыс кӕнӕм, ӕгас дунейы дӕр цы уацамындон куыст цӕуы, уымӕн. Хъӕздыг стӕм ӕви мӕгуыр, уӕддӕр, Хуыцауӕй бузныг кӕй стӕм, уый тыххӕй Хуыцауы Паддзахады хъуыддагӕн нӕ цӕст алцыдӕр уарзы (Мар. 12:41–44; 2 Кор. 9:7). Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ литературӕ исӕм, ӕцӕгдӕр нӕ цас хъӕуы, уыйбӕрц, цӕмӕй нӕ организацийы фӕллой ма папылой кӕнӕм.
[Хицӕнгонд текст 2 фарсыл]
Хъусынгӕнӕг хъуамӕ ӕмбаргӕ уа, цӕмӕй фена, адӕймаджы ӕцӕгдӕр фӕнды фылдӕр базонын ӕви нӕ