«Уӕ литературӕ уын райсдзынӕн, кӕд мын мӕ литературӕ райсат, уӕд»
Афтӕ нын фӕзӕгъынц иуӕй-иутӕ. Нӕ литературӕ, мӕнг ахуырӕдтӕ чи парахат кӕны, уыцы динты литературӕйыл кӕй нӕ ивӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ бон куыд у адӕймагӕн уӕздан дзуапп раттын? (Ром. 1:25). Нӕ бон ын у зӕгъын: «Бузныг дын. Мыййаг дзы фыст ис, адӕм сӕ зындзинӕдтӕй цӕй фӕрцы фервӕздзысты, уый тыххӕй? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын. Афтӕ дын куы зӕгъа, зӕгъгӕ мын мӕ литературӕ куы бакӕсай, уӕд ӕй базондзынӕ, уӕд ын йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕн ис, ды йын литературӕ раттыны размӕ кӕй загътай, цы фыст дзы ис, уый тыххӕй. Уый фӕстӕ йын бакӕс кӕнӕ йын дӕхи ныхӕстӕй радзур Матфейы 6:9, 10.] Йесо куыд бамбарын кодта, афтӕмӕй Хуыцау йӕ Паддзахады уылты зӕххыл йӕ фӕндон сӕххӕст кӕндзӕн. Уымӕ гӕсгӕ, дины кой куы кӕнӕм, уӕд ӕз кӕсын, Хуыцауы Паддзахады кой кӕм цӕуы, ӕрмӕст уыцы литературӕ. Равдисон дын, Хуыцауы Паддзахад цы сараздзӕн, уый тыххӕй Библийы цы фыст ис, уый?»