Ноябры парахат кӕндзыстӕм «Паддзахады хабар» № 38!
1. Чи амард, уыдоны тыххӕй адӕммӕ цавӕр фарстатӕ фӕзыны ӕмӕ уыцы фарстатӕн дзуапп ноябры куыд базондзысты?
1 Адӕм цавӕрфӕнды диныл хӕст ма уой, мӕлӕт алкӕй знаг дӕр у (1 Кор. 15:26). Бирӕты фӕфӕнды базонын, адӕймаг куы амӕлы, уӕд цы фӕвӕййы ӕмӕ ма йӕ искуы фенӕн уыдзӕн ӕви нӕ. Уымӕ гӕсгӕ ӕгас зӕххыл дӕр цы ӕмбырдтӕ ис, уыдон ноябры парахат кӕндзысты «Паддзахады хабар» № 38, хуыйны «Чи амард, уыдон райгас уыдзысты?». Ацы зиу райдайдзӕн 1 ноябры. Зиуы фӕстӕ йӕ иннӕ трактатты хуызӕн парахат кӕндзыстӕм.
2. «Паддзахады хабар» № 38 куыд конд у?
2 Куыд конд у. «Паддзахады хабар» № 38 афтӕ конд у, ӕмӕ йӕ куы бадыдагъ кӕнай, уӕд дзы бакӕсӕн ис цымыдисаг сӕргонд ӕмӕ фарстатӕ, «Дӕумӕ гӕсгӕ... райгас уыдзысты? нӕ райгас уыдзысты? зын зӕгъӕн у?». Адӕймаг ӕй куы бакӕна, уӕд фендзӕн, сӕргонды цы фарста ис, уымӕн Библи цавӕр дзуапп дӕтты ӕмӕ уый адӕймагӕн цӕуыл дзурӕг у. Бакӕсдзӕн ма, Библийы цы фыст ис, ууыл ӕууӕндӕн цӕмӕн ис. Фӕстаг фарсыл та ис, адӕймаджы хъуыдытыл чи ӕфтауы, ӕмӕ йӕ фылдӕр базонынмӕ чи разӕнгард кӕны, ахӕм фарста.
3. «Паддзахады хабар» № 38 куыд парахат кӕндзыстӕм?
3 Куыд ӕй парахат кӕндзыстӕм. Ацы трактат парахат кӕндзыстӕм, Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕмӕ облӕстон конгресмӕ хуынды гӕххӕттытӕ куыд фӕпарахат кӕнӕм, афтӕ. Ӕмбырд йӕ территорийы куыд хъусын кӕндзӕн, уый фӕдыл хистӕр нӕлгоймӕгтӕ райстой амындтӕ 2013 азы 1 апрелӕй ӕрвыст писмойы. Гыццыл территори кӕмӕн ис, уыцы ӕмбырдтӕн сӕ бон уыдзӕн баххуыс кӕнын, стырдӕр территори кӕмӕн ис, уыцы ӕмбырдтӕн. Ацы трактаттӕй-иу хъуамӕ райсӕм ӕрмӕстдӕр иу къуырийы фаг. Нӕ участоктыл се ’ппӕтыл дӕр куы ’рзилӕм, уӕд сӕ уый фӕстӕ парахат кӕнӕн уыдзӕн, бирӕ адӕм кӕм ис, ахӕм рӕтты. Уӕ трактаттӕ мӕйы кӕронмӕ куы фӕуой, уӕд сӕ хъӕудзӕн ныззаказ кӕнын. Зиуы рӕстӕг мӕйы фыццаг сабаты адӕмимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайыныл нӕ архайдзыстӕм, фӕлӕ сын дӕтдзыстӕм ацы трактат. Кӕд гӕнӕн уа, уӕд улӕфгӕ бонты парахат кӕндзыстӕм брошюрӕтӕ дӕр. Дӕ хъуыддӕгтӕ афтӕ спълан кодтай, цӕмӕй зиуы рӕстӕг фылдӕр рӕстӕг балӕггад кӕнай?