Фарстаты асыкк
◼ Хо искӕимӕ къӕсӕргӕрон Библи куы ахуыр кӕна ӕмӕ йемӕ ӕфсымӕр куы уа, уӕд хойӕн йӕ сӕр хъуамӕ ӕмбӕрзт уа ӕви нӕ?
Хо искӕимӕ Библи куы ахуыр кӕна ӕмӕ йемӕ ӕфсымӕр куы уа, уӕд хойӕн хъуамӕ йӕ сӕрыл уа сӕрбӕттӕн кӕнӕ ӕндӕр исты (1 Кор. 11:3–10). 2002 азы 15 июлы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» (уыр.) 27 фарсыл фыст уыди: «Уыцы ахуыр вӕййы ӕдзухдӕр ӕмӕ йӕ чи фӕуадзы, уый нымад у разамонӕгыл. Афтӕмӕй Библийы ахуыр хауы ӕмбырды хъуыддӕгтӕм. Донаргъуыд хо ахӕм ахуыр куы уадза ӕмӕ йемӕ донаргъуыд ӕфсымӕр куы уа, уӕд хъуамӕ йӕ сӕрыл сӕрбӕттӕн уа». Библи хӕдзары, къӕсӕргӕрон кӕнӕ ӕндӕр искуы куы ахуыр кӕной, уӕд дӕр ӕй хъӕуы йӕ сӕр бамбӕрзын.
Адӕймагимӕ къӕсӕргӕрон Библийыл куы ныхас кӕнӕм, фӕлӕ Библийы ахуырыл нымад куы нӕма уа, уӕд хойы йӕ сӕр ӕмбӕрзын нӕ хъӕуы, йемӕ ӕфсымӕр куы уа, уӕд дӕр. Афтӕ кӕнын ма хъӕуы, адӕймагмӕ ногӕй куы цӕуой, цӕмӕй йын равдисой, адӕмимӕ Библи куыд ахуыр кӕнӕм, уый кӕнӕ цӕмӕй йемӕ равзарой, Библи кӕй фӕрцы ахуыр кӕнӕм, уыцы публикацитӕй исты ӕрмӕг. Цӕмӕй адӕймагимӕ къӕсӕргӕрон Библи ахуыр кӕнын райдайӕм, уый тыххӕй йӕм фӕхъӕуы цалдӕр хатты бацӕуын ӕмӕ йемӕ дзӕбӕх аныхас кӕнын. Уымӕ гӕсгӕ хъусынгӕнджытӕ хъуамӕ хъуыды кӕной, цы уавӕрты хъусын кӕндзысты, ууыл ӕмӕ ӕмбарой, хойы сӕрбӕттӕн кӕнын кӕд бахъӕудзӕн, уый.