Нӕ сайты тыххӕй ног буклетӕй пайда кӕн
Буклет хуыйны «Кӕм ис царды ахсджиагдӕр фарстатӕн дзуапп ссарӕн?». Фыццаг фарсыл ис ӕртӕ ахсджиаг фарстайы. Фадат дын куы фӕзына, уӕд адӕймаджы бафӕрс, дзуапп ӕй цавӕр фарстайӕн фӕнды базонын, уымӕй. Стӕй йын зӕгъ, нӕ сайты йын йӕ бон кӕй у дзуапп ссарын ПУБЛИКАЦИТӔ > ЧИНГУЫТӔ ӔМӔ БРОШЮРӔТӔ фыст кӕм ис, уым. Кӕнӕ бацӕуын БИБЛИЙЫ АХУЫРӔДТӔ > БИБЛИ: ФАРСТАТӔ ӔМӔ ДЗУАППЫТӔ ӕмӕ ссарын дзуапп ахӕм фарстатӕн: «Цы у Хуыцауы Паддзахад?» ӕмӕ «Хуыцау йӕ Паддзахады фӕрцы цы сараздзӕн?».
Ацы буклеттӕй демӕ хӕсс, цӕмӕй адӕм базоной, Хуыцауы Паддзахады фӕрцы нӕм цы диссаджы фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый тыххӕй Библийы цы фыст ис, уый.