Архайӕм арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕныныл. Адӕмыл зӕрдиагӕй тыхсӕм
Уый ахсджиаг цӕмӕн у. Йесо алы адӕймагӕн дӕр аргъ кодта ӕмӕ алкӕуыл дӕр зӕрдиагӕй тыхсти. Зӕгъӕм, иухатт иу къуырма лӕджы дзӕбӕх кӕнынмӕ куы хъавыд, уӕд ӕй федта, кӕй тыхсы ӕмӕ кӕй ӕфсӕрмы кӕны, ӕмӕ йӕм цӕмӕй адӕм ма кастаиккой, уый тыххӕй йӕ иуварс акодта (Мар. 7:31–35). Стӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтыл дӕр хъуыды кодта – ӕмбӕрста, сӕ бон бирӕ бамбарын кӕй нӕу, ӕмӕ-иу сын иу хаттӕн бирӕ цыдӕртӕ нӕ бацамыдта (Иоан. 16:12). Ӕмӕ кӕд Йесо ныртӕккӕ уӕлӕрвты ис, уӕддӕр адӕмыл тыхсы (2 Тим. 4:17). Мах йӕ фӕдылдзӕуджытӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ фӕзмӕм (1 Пет. 2:21; 1 Иоан. 3:16, 18). Ӕмӕ махӕн дӕр уацамынды фылдӕр ӕнтысдзӕн, адӕмыл зӕрдиагӕй куы тыхсӕм, ӕмӕ, цы уавӕрты сты ӕмӕ сӕ цы тыхсын кӕны, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд. Адӕймаг куы уына, ӕрмӕст исты радзурынмӕ ӕмӕ йын исты литературӕ раттынмӕ кӕй нӕ хъавӕм, фӕлӕ йыл зӕрдиагӕй кӕй тыхсӕм, уӕд нӕм хуыздӕр байхъусдзӕн.
Бафӕлвар мӕйы дӕргъы:
Бинонты ахуыры рӕстӕг кӕнӕ та, уацамынды кӕимӕ уай, уыимӕ иумӕ афӕлварут, уавӕртӕм гӕсгӕ уӕ ныхас куыд фӕивдзыстут ӕмӕ, адӕймаджы цы тыхсын кӕны, ууыл куыд райдайдзыстут дзурын.
Уацамындон фембӕлд чи уадза, уыцы ӕфсымӕрӕн иуӕй-иу фембӕлдты рӕстӕг йӕ бон у аныхас кӕнын кӕнӕ ма равдыст дӕр бацӕттӕ кӕнын, адӕймагыл зӕрдиагӕй кӕй тыхсӕм, уый куыд ис равдисӕн.