«Библия – книга фактов и пророчеств»
Кино «Библия – книга фактов и пророчеств» у ӕртӕ хайӕ конд, фыццаг хай у «Древнейшая из современных книг». Ацы киномӕ куы бакӕсай, уӕд дзуапп ратт ахӕм фарстатӕн:
1) Библийӕн наукӕимӕ иумӕйагӕй цы ис? 2) Нӕ рӕстӕджы цы Библитӕ ис, уыдоны цы фыст ис, уый раст кӕй у, уый кӕцӕй зонӕм? 3) Рагон Библийы къухфыстытӕ ахсджиаг цӕмӕн сты? 4) Джон Уиклиф, Иоганн Гутенберг, Уильям Тиндал, Ян Гус, Мартин Лютер, Касиодоро де Рейна, Чарлз Тейз Рассел цы арӕзтой, цӕмӕй Хуыцауы Ныхас ӕгас дунейы дӕр апарахат уыдаид, ӕмӕ сауджынтӕ Библийы ныхмӕ карзӕй куыд цыдысты? 5) Библийы уагӕвӕрдтӕ куыд баххуыс кодтой ӕхцайыл хъазын чи уарзта (1 Тим. 6:9, 10), йӕ цардӕмбалимӕ хицӕнӕй чи цард ӕмӕ йыл гадзрахатӕй чи цыд (1 Кор. 13:4, 5; Еф. 5:28–33), йӕ низимӕ чи тох кӕны (Пс. 34:8), ӕмӕ хъӕздыгдзинад сӕйрагдӕр кӕмӕн уыд, уыдонӕн? (Матф. 16:26). 6) Фыстады уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ чи цӕры, уыдон хорз цӕстӕй кӕсын куыд райдыдтой, ӕндӕр адӕмыхаттӕй чи у, уыдонмӕ? (Лук. 10:27). 7) Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ кӕй цӕрыс, уый фӕрцы амондджындӕр куыд дӕ? 8) Ацы кинойы руаджы дӕ бон куыд у иннӕтӕн дӕр баххуыс кӕнын? (Кӕс km 2/06 8 ф.)