ӔРТЫККАГ СӔР
«Зӕгъ сын ацы ныхӕстӕ»
1. а) Йесо ӕмӕ Йереми ӕмхуызон цӕмӕй уыдысты? ӕ) Хъусын кӕнгӕйӕ нӕ Йеремийы фӕзмын цӕмӕн хъӕуы?
ХОРЗ ХАБАР хъусын кӕнын куыд хъӕуы, уый нын Йесо Чырыстийӕ хуыздӕр ничи равдыста. Фӕлӕ зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ-иу фыццаг ӕнусы чидӕртӕ Йесойы хъуыддӕгтӕм кӕсгӕйӕ дзырдтой, зӕгъгӕ, уый у пехуымпар Йереми (Матф. 16:13, 14). Хуыцау Чырыстийӕн куыд бахӕс кодта, афтӕ Йеремийӕн дӕр бахӕс кодта хъусын кӕнын. Иухатт Хуыцау Йеремийӕн загъта: «Зӕгъ сын ацы ныхӕстӕ: „Афтӕ зӕгъы Израилы Хуыцау Йегъовӕ“» (Йер. 13:12, 13; Иоан. 12:49). Стӕй хъусын кӕнгӕйӕ Йесо цы миниуджытӕ ӕвдыста, ахӕм миниуджытӕ уыди Йеремимӕ дӕр.
2. Йеремийы рӕстӕджы цӕрӕг дзуттӕгтау абон дӕр адӕмы цы хъӕуы саразын?
2 Фӕлӕ, чи зоны, исчи зӕгъа: «Йереми цы уавӕрты хъусын кодта ӕмӕ мах цы уавӕрты хъусын кӕнӕм, уыдон иу не сты. Йереми хъусын кодта Йегъовӕйы ӕвзӕрст адӕмӕн, мах кӕмӕн хъусын кӕнӕм, уыдонӕн та сӕ фылдӕр Йегъовӕйы зонгӕ дӕр нӕ кӕнынц». Уый раст у, фӕлӕ Йеремийы рӕстӕджы цӕрӕг дзуттӕгты кой куы кӕнӕм, уӕд сӕ фылдӕр систы «ӕнӕзонд» ӕмӕ ӕцӕг Хуыцауы ныууагътой. (Бакӕс Йеремийы 5:20–22.) Уыдоны хъуыди Йегъовӕмӕ раздӕхын ӕмӕ йын, куыд ӕмбӕлы, афтӕ кувын. Абон дӕр хабар афтӕ у. Йӕхи чырыстон чи хоны, уыдон дӕр ӕмӕ иннӕтӕ дӕр хъуамӕ Йегъовӕйӕ тӕрсын сахуыр уой ӕмӕ йын раст кувой. Уӕдӕ ӕркӕсӕм, нӕ бон куыд у Йеремийау ӕцӕг Хуыцауӕн лӕггад кӕнын ӕмӕ адӕмӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй Хуыцаумӕ раздӕхой.
«ЙЕГЪОВӔ... МЫН МӔ БЫЛТЫЛ АНДЗӔВЫД»
3. Йереми пехуымпарӕй лӕггад кӕнын куы райдыдта, уӕд Хуыцау цы сарӕзта ӕмӕ йыл уый куыд фӕзынд?
3 Дӕ зӕрдыл-ма ӕрлӕууын кӕн, Йеремийӕн йӕ лӕггады райдианы Хуыцау цы загъта, уый: «Кӕмӕдӕриддӕр [дӕ] арвитон, уыдонмӕ ацӕудзынӕ. Цыдӕриддӕр дын бафӕдзӕхсон, уый дзурдзынӕ. Ма сӕ тӕрс, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ афтӕ зӕгъы: „Ӕз демӕ дӕн, цӕмӕй дӕ ирвӕзын кӕнон“» (Йер. 1:7, 8). Ӕмӕ уый фӕстӕ Хуыцау сарӕзта, Йереми ӕнхъӕл дӕр цӕмӕй нӕ уыд, ахӕм цыдӕр. Мӕнӕ йӕ ныхӕстӕ: «Йегъовӕ [мӕм] йӕ къух ӕрбадардта ӕмӕ мын мӕ былтыл андзӕвыд. Ӕмӕ мын Йегъовӕ загъта: „Ӕз дын мӕ ныхӕстӕ сӕвӕрдтон де ’взагыл. Абон дӕ ӕз сӕвӕрдтон [пехуымпарӕй]“» (Йер. 1:9, 10). Уӕдӕй фӕстӕмӕ Йереми фидарӕй зыдта, Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы номӕй кӕй дзурдзӕнa. Йегъовӕ йын кӕй ӕххуыс кодта, уый фӕрцы йӕ зӕрдӕйы зынг тынгӕй-тынгдӕр сыгъди (Ис. 6:5–8).
4. Радзур, зын уавӕрты дӕр зынгзӕрдӕйӕ чи хъусын кӕны, ахӕм хоты ӕмӕ ӕфсымӕрты тыххӕй.
4 Абон Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕй йӕ къух комкоммӕ никӕмӕ бадары ӕмӕ ӕндзӕвгӕ дӕр никӕуыл акӕны. Фӕлӕ сын йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы сӕ зӕрдӕты зынг ссудзы, ӕмӕ сӕ бирӕтӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы сӕ удӕй арт уадзынц. Ӕркӕсӕм-ма нӕ хо Марухӕйы цӕвиттонмӕ, цӕры Испанийы. Марухӕйы паралич ныццавта, ӕмӕ ныр 40 азӕй фылдӕр йӕ къухтӕ ӕмӕ йӕ къӕхтӕ нӕ кусынц. Ӕмӕ кӕд хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнын йӕ бон нӕу, уӕддӕр ӕндӕр фадӕттӕ ссары, цӕмӕй зӕрдиагӕй хъусын кӕна. Зӕгъӕм, фӕфыссы писмотӕ: йӕ хъуыдытӕ йӕ чызгӕн фӕдзуры, уый та сӕ фысгӕ фӕкӕны. Иухатт Марухӕ ӕмӕ йӕ «писыр» иу мӕймӕ арвыстой 150 писмойӕ фылдӕр, алкӕцыйы дӕр дзы трактатт бавӕрдтой, афтӕмӕй. Нӕ хотӕ сӕ хъарутыл кӕй нӕ бацауӕрстой, уый фӕрцы хӕстӕг хъӕуы цӕрджытӕн сӕ фылдӕр хорз хабар фехъуыстой. Марухӕ йӕ чызгӕн дзырдта: «Нӕ писмотӕй иу уӕддӕр куы бахауа сыгъдӕгзӕрдӕ адӕймаджы къухмӕ, уӕд нын Йегъовӕ раарфӕ кӕндзӕн, ӕмӕ уыцы адӕймагимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайдзыстӕм». Се ’мбырдӕй иу хистӕр нӕлгоймаг ныффыста: «Ӕз тынг бузныг дӕн Йегъовӕйӕ, Марухӕйы хуызӕн хотӕ нӕм кӕй ис, уый тыххӕй. Уыдон стыр аргъ кӕнынц, ӕцӕгдӕр ахсджиаг цы у, уымӕн, ӕмӕ уыдонмӕ кӕсгӕйӕ иннӕты дӕр бафӕнды зӕрдиагӕй архайын».
5. а) Кӕд адӕм, Йереми цы хабар хъусын кодта, уымӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кастысты, уӕддӕр йӕ зӕрдӕйы зынг цӕй фӕрцы сыгъди? ӕ) Дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй дарддӕр дӕр зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнай?
5 Йеремийы рӕстӕджы Иерусалимы цӕрджытӕн сӕ фылдӕрӕн Хуыцауы ныхасмӕ хъусын «ӕхсызгон» нӕ уыд, куыдфӕндыйы цӕстӕй йӕм кастысты. Фӕлӕ цымӕ уый тыххӕй Йереми йӕ хъуыддаг ныууагъта? Кӕцӕй! Уый загъта: «Йегъовӕйы маст мӕ мидӕг судзы. Йӕ уромынӕй бафӕлладтӕн» (Йер. 6:10, 11). Дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй дӕуӕн дӕр дӕ зӕрдӕйы зынг ма ӕрмынӕг уа? Зӕгъӕм, хъуыды-иу кӕн, цы стыр кад дӕм ӕрхауд, ууыл – ды дзурыс ӕцӕг Хуыцауы номӕй. Ноджыдӕр ма ахъуыды кӕн, ацы дунейы дзырддзӕугӕ адӕм ӕцӕг Хуыцауы ном кӕй ницӕмӕ дарынц ӕмӕ йыл цъыф кӕй калынц, ууыл. Стӕй дӕхи цӕстӕй уыныс, Йеремийы рӕстӕджы сауджынтау абон дӕр дины разамонджытӕ адӕмы куыд сайынц, уый. (Бакӕс Йеремийы 2:8, 26, 27.) Ды цы хорз хабар хъусын кӕныс, уый та ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Хуыцау тыхсы адӕмыл (Йер. хъ. 3:31, 32). Уӕдӕ ацы хабӕрттыл куы хъуыды кӕнай, уӕд дарддӕр дӕр зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕндзынӕ ӕмӕ сӕрныллӕг адӕмӕн ӕххуыс кӕндзынӕ.
6. Йереми цавӕр стыр зындзинӕдтыл ӕмбӕлд?
6 Ӕвӕццӕгӕн, сразы уыдзынӕ, зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнын алы хатт ӕнцон кӕй нӕ вӕййы, ууыл. Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ Йереми дӕр стыр зындзинӕдтыл ӕмбӕлд. Суанг-иу мӕнг пехуымпартӕ дӕр йӕ ныхмӕ архайдтой. Иу ахӕм хабары тыххӕй дӕ бон бакӕсын у Йеремийы чиныджы 28 сӕры. Стӕй адӕмӕн сӕ фылдӕрмӕ Йеремийы ныхӕстӕ нымады дӕр нӕ уыдысты, ӕмӕ-иу ӕм хатт афтӕ каст, ӕмӕ зыбыты иунӕг у (Йер. 6:16, 17; 15:17). Иухатт та йӕ йе знӕгтӕ суанг марынмӕ дӕр хъавыдысты (Йер. 26:11).
Цӕмӕн у дӕ бон фидарӕй зӕгъын, ӕмӕ дын Йегъовӕ баххуыс кӕндзӕн, хъусын кӕнгӕйӕ цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлыс, уыдоны сӕрты хизынӕн?
«О ЙЕГЪОВӔ, ДЫ МӔ ФӔСАЙДТАЙ»
7, 8. Йегъовӕ Йеремийы цы хуызы «фӕсайдта»?
7 Иуафон Йеремийӕн йӕ хабар афтӕ уыди, ӕмӕ дзы алы бон дӕр хынджылӕг кодтой ӕмӕ йӕ ӕфхӕрдтой. Уӕд Йереми Йегъовӕйӕн йӕ сагъӕстӕ радзырдта ӕмӕ загъта, «ды мӕ фӕсайдтай», зӕгъгӕ. (Бакӕс Йеремийы 20:7, 8.) Куыд дӕм кӕсы, Йегъовӕ йӕ иузӕрдион пехуымпары цы хуызы «фӕсайдта»?
8 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕ Йеремийыл хинӕй нӕ рацыд кӕнӕ йӕ нӕ афӕлывта. Кӕй йӕ «фӕсайдта», уый уыди Йеремийӕн йӕхи пайдайӕн. Йеремимӕ афтӕ каст, ӕмӕ йӕ бон нал у йе знӕгты ныхмӕ лӕууын ӕмӕ йын Хуыцау цы хъуыддаг бахӕс кодта, уый кӕнын. Фӕлӕ йын Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау кӕй ӕххуыс кодта, уый фӕрцы йӕ дарддӕр дӕр ӕххӕст кодта. Уӕдӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ йыл Йегъовӕ фӕтых, ома Йеремийӕн йӕхицӕй дӕр ӕмӕ йӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕй дӕр бирӕ тыхджындӕр разынд. Йегъовӕ йӕ бафидар кодта, цӕмӕй кӕронмӕ ахӕццӕ кодтаид, афтӕ кӕмӕй хъуыды кодта, ӕмӕ йӕ йӕ бон кӕнын нал у, уыцы хъуыддаг. Ӕмӕ кӕд адӕм Йеремийы ныхӕстӕм куыдфӕндыйы цӕстӕй кастысты, нӕ йӕм хъуыстой ӕмӕ йын фыдмитӕ дӕр кодтой, уӕддӕр Йегъовӕйы хъаруйы фӕрцы йӕ бон уыди дарддӕр хъусын кӕнын. Уӕдӕ йӕ Йегъовӕ уыцы хуызы фӕсайдта.
9. Йеремийы 20:11 цы фыст ис, уый дӕ ныфс куыд уадзы?
9 Йегъовӕ Йеремийы фарсмӕ уыди, «тас чи уадзы, ахӕм тыхджын ӕфсӕддонау», цӕмӕй йын ӕххуыс кодтаид (Йер. 20:11). Хуыцау дӕуӕн дӕр дӕтдзӕн хъарутӕ, цӕмӕй дарддӕр зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кӕнай ӕмӕ цыфӕнды зындзинӕдтыл ӕмбӕлгӕйӕ дӕр фидар лӕууай.
10. Дӕ ныхмӕ куы цӕуой, уӕд цы араздзынӕ?
10 Апостол Павел дӕр ахӕм хъуыды ныффыста, ӕфхӕрд чи ӕййӕфта, уыцы чырыстӕттӕм, цӕмӕй сӕ бафидар кодтаид. Мах кӕсӕм: «Афтӕ цӕрут, уӕ цард Чырыстийы тыххӕй хорз хабары аккаг куыд уа, цӕмӕй... хъусон, ӕмзондӕй фидар кӕй лӕуут, хорз хабарӕй чи цӕуы, уыцы уырнындзинады сӕрыл ӕмзӕрдӕйӕ, фӕрсӕй-фӕрстӕм кӕй тох кӕнут ӕмӕ, уӕ ныхмӕ чи цӕуы, уыдонӕй ӕппындӕр кӕй нӕ тӕрсут» (Фил. 1:27, 28). Йеремийау ӕмӕ фыццаг ӕнусы чырыстӕттау дӕуӕн дӕр дӕ бон у хъусын кӕнгӕйӕ дӕ ныфс Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауыл дарын, ӕмӕ кӕнгӕ дӕр хъуамӕ афтӕ кӕнай. Исчи дӕ куы хынджылӕг кӕна кӕнӕ та дӕ ныхмӕ куы цӕуа, уӕд-иу дӕ зӕрдыл дар, Йегъовӕ демӕ кӕй ис ӕмӕ дын хъарутӕ кӕй дӕтдзӕн. Хуыцау ӕххуыс кодта Йеремийӕн ӕмӕ де ’мчырыстӕттӕй бирӕтӕн, ӕмӕ дӕу дӕр нӕ ныууадздзӕн. Ӕххуыс дзы кур ӕмӕ йыл дызӕрдыг дӕр ма кӕн, дӕ куывдтытӕ дын кӕй фехъусдзӕн. Ӕмӕ йӕ уӕд ды дӕр дӕхиуыл бавзардзынӕ, Йегъовӕ дӕ куыд «фӕсайдзӕн», уый – хъарутӕ дын дӕтдзӕн, цӕмӕй зындзинӕдтыл ӕмбӕлгӕйӕ мацӕмӕй тӕрсай, фӕлӕ дарддӕр ныфсджынӕй хъусын кӕнай. Уӕдӕ Хуыцауы фӕрцы дӕ бон бауыдзӕн, мӕ бон нал у, зӕгъгӕ, цӕмӕй фӕзӕгъыс, уый дӕр. (Бакӕс Хъуыддӕгты 4:29–31.)
11, 12. а) Цӕмӕй фылдӕр адӕмӕн хъусын кӕнай, уый тыххӕй дӕ бон цы у фӕивын? ӕ) Кӕм цӕрыс, уым та куыд ис фылдӕр адӕмӕн хъусын кӕнӕн? (Кӕс нывмӕ 51 фарсыл.)
11 Йереми куыд лӕггад кодта, уымӕй нӕ бон бирӕ цыдӕртӕ у зондӕн райсын, цӕмӕй нын хъусын кӕныны хъуыддаджы ноджы фылдӕр ӕнтыса. Йереми пехуымпарӕй 20 азӕй фылдӕр куы фӕлӕггад кодта, уӕд загъта: «Ӕз... дзырдтон сымахӕн, раджы-иу сыстадтӕн ӕмӕ уын-иу ӕй дзырдтон, фӕлӕ мӕм сымах нӕ хъуыстат» (Йер. 25:3). Йереми-иу райсомӕй раджы сыстад ӕмӕ-иу йӕ хъуыддагмӕ бавнӕлдта. Йӕ цӕвиттонӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Абон дӕр хъусынгӕнджытӕй бирӕтӕ сӕумӕрайсомӕй сыстынц, цӕмӕй-иу, уыцы рӕстӕг остановкӕты ӕмӕ вокзалты цы адӕм фӕлӕууы, уыдонимӕ аныхас кӕной. Хъӕуты та бирӕтӕ райсомӕй раджы фӕхъусын кӕнынц, зӕххы куыст чи кӕны йе та фос чи дары, уыдонӕн, стӕй, уыцы афон ӕндӕр куыстытӕ чи фӕкӕны, уыдонӕн дӕр. Ацы хъуыддаджы дӕуӕн та дӕ бон куыд у Йеремийы бафӕзмын? Зӕгъӕм, уацамындон фембӕлдтӕ уын куы вӕййы, уыцы бонты-иу дӕ бон нӕ уаид раздӕр сыстын, цӕмӕй-иу сӕм афоныл ӕрбацӕуай?
12 Уымӕй уӕлдай бирӕ рӕтты хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хорз вӕййы фӕссихор ӕмӕ изӕрыгӕтты хъусын кӕнын, уымӕн ӕмӕ уӕд бирӕты вӕййы хӕдзары баййафӕн. Чидӕртӕ та фӕхъусынц кӕнынц ӕхсӕвыгӕтты дӕр, зӕгъӕм, ресторанты, бензин кӕнӕ газ кӕм фӕкӕнынц, уыцы станцӕты ӕмӕ, ӕнӕхъӕн суткӕ чи фӕкусы, ӕндӕр ахӕм бынӕтты. Дӕ бон у дӕ график фӕивын, цӕмӕй-иу хӕдзӕртты кӕнӕ ӕндӕр рӕтты фылдӕр адӕмимӕ аныхас кӕнай?
Уацамынды Йегъовӕ демӕ кӕй ис, ууыл дызӕрдыг цӕуылнӕ хъуамӕ кӕнай?
13, 14. а) Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ-иу Йереми адӕммӕ ногӕй бацыд? ӕ) Нӕ ныхасӕн хицау кӕй хъуамӕ уӕм, уыцы хъуыддаджы дын Йереми фӕзминаг куыд у?
13 Иухатт Йегъовӕ Йеремийӕн загъта, цӕмӕй-иу Иерусалимы ӕмӕ кувӕндоны кулдуӕртты раз слӕууыдаид ӕмӕ уым адӕмӕн дзырдтаид, Йегъовӕ кӕй загъта, уыцы пехуымпар-ныхӕстӕ (Йер. 7:2; 17:19, 20). Уыцы рӕтты йӕ бон уыди Йегъовӕйы ныхас бирӕ адӕмӕн хъусын кӕнын, уыимӕ горӕты дзырддзӕугӕ лӕгтӕн, сӕудӕджертӕн ӕмӕ базаргӕнджытӕн дӕр. Бирӕтӕ-иу ӕдзухдӕр уыцы иу кулдуӕрттыл кӕй цыдысты, уымӕ гӕсгӕ-иу Йереми уыцы адӕмӕй иуӕй-иутимӕ цалдӕр хатты дӕр ныхас кодтаид ӕмӕ-иу сын ӕмбарын кодтаид, уый размӕ-иу сын цы радзырдта, уыдӕттӕ. Ацы хабарӕй нӕ бон цы у зондӕн райсын, фылдӕр базонын кӕй фӕнды, уыцы адӕммӕ-иу ногӕй бацӕуын кӕй фӕхъӕуы, уый тыххӕй?
14 Йереми зыдта, Хуыцау ын цы хъуыддаг бахӕс кодта, уый куыд ӕххӕст кӕны, уымӕй кӕнгӕ кӕй уыд адӕмы цард. Иуафон йӕхицӕн фадат куы нӕ уыд Хуыцауы ныхӕстӕ адӕммӕ фӕхӕццӕ кӕнынӕн, уӕд йӕ бӕсты арвыста йе ’мбал Варухы. (Бакӕс Йеремийы 36:5–8.) Нӕ бон куыд у Йеремийы уыцы хъуыддаджы бафӕзмын? Уацамынды кӕимӕ фӕныхас кӕнӕм, уыдонӕн куы фӕзӕгъӕм, иннӕ хатт та дӕм ӕрбацӕудзыстӕм, зӕгъгӕ, кӕнӕ, Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдонимӕ куы баныхас кӕнӕм, уӕд нӕ ныхасӕн хицау разынӕм? Ӕмӕ нын куы нӕ рауайы, уӕд нӕ бӕсты ӕндӕр искӕй арвитӕм? Йесо загъта: «„О“ загътат, уӕд уӕ ныхас уӕд „о“» (Матф. 5:37). Иугӕр дзырд радтам, уӕд ӕй хъуамӕ ӕнӕмӕнг сӕххӕст кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ мах дзурӕм, рӕстдзинад чи уарзы ӕмӕ алцыдӕр уаг ӕмӕ ӕгъдауыл кӕмӕн у, уыцы Хуыцауы номӕй (1 Кор. 14:33, 40).
Дӕ график фӕивтай ӕмӕ ног мадзӕлттӕй пайда кӕныс, цӕмӕй фылдӕр адӕмӕн хъусын кӕнай?
15, 16. а) Бирӕтӕ Йеремийы куыд бафӕзмынц, цӕмӕй фылдӕр адӕмӕн хъусын кӕной? ӕ) Чилийы нӕ хо куыд хъусын кодта, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕныс? (Кӕс нывмӕ 53 фарсыл.)
15 Йереми, Вавилоны чи уыд, уыцы дзуттӕгтӕм ныффыста, Йегъовӕ сын «зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта», уый кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, ома сӕ фӕстӕмӕ сӕ бӕстӕмӕ кӕй ӕркӕндзӕн, ӕмӕ сӕ афтӕмӕй ныфс бауагъта (Йер. 29:1–4, 10). Йегъовӕ «зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта», уый тагъд рӕстӕджы кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, уый тыххӕй абон дӕр адӕмӕн хъусын кӕнӕн ис писмоты фӕрцы кӕнӕ телефонӕй. Дӕ бон нӕ уаид уыцы мадзӕлтты фӕрцы дӕ хӕстӕджытӕн йе та, дӕуӕй дард чи цӕры кӕнӕ лӕгӕй-лӕгмӕ фембӕлӕн кӕуыл нӕй, уыдонӕн рӕстдзинад базонынӕн баххуыс кӕнын?
16 Йеремийау бирӕ хъусынгӕнджытӕ алыхуызон фадӕттӕй фӕпайда кӕнынц сӕ лӕггады, ӕмӕ сын уый фӕрцы бирӕ ӕнтысы. Чилийы иу хо сныхас кодта, метройӕ чи рацыд, иу ахӕм сылгоймагимӕ. Уыцы сылгоймаг Библийӕ цы фехъуыста, уый йӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд ӕмӕ сразы, цӕмӕй йӕм нӕ хо иннӕ хатт хӕдзармӕ бацыдаид ӕмӕ дарддӕр аныхас кодтаиккой. Фӕлӕ нӕ хойы йӕ адрис ныффыссын айрох. Сылгоймаджы фылдӕр базонын кӕй фӕндыд, уымӕ гӕсгӕ ӕмбӕрста, афтӕ уадзӕн ӕй кӕй нӕй, ӕмӕ Йегъовӕйӕ ӕххуыс ракуырдта. Ӕмӕ та иннӕ бон дӕр метромӕ уыцы афон ӕрбацыд, ӕмӕ йыл фембӕлд. Ацы хатт ын йӕ адрис ныффыста ӕмӕ йӕм фӕстӕдӕр хӕдзармӕ бацыд, цӕмӕй йын баххуыс кодтаид Хуыцауы Ныхас хуыздӕр базонынӕн. Хуыцау Сайтаны дунейыл тагъд йӕ фыдӕх ныккалдзӕн. Фӕлӕ хорз хабар йӕ зӕрдӕмӕ чи айса ӕмӕ чи ӕрфӕсмон кӕна, уыдон фервӕздзысты. (Бакӕс Йеремийы хъарӕг 3:31–33.) Уӕдӕ уый алкӕддӕр нӕ зӕрдыл дарӕм ӕмӕ нӕ хъуыддаг бӕстон кӕнӕм.
Ӕппӕт хъарутӕй архайыс, цӕмӕй, фылдӕр базонын кӕй фӕнды, уыдонӕй рохуаты мачи баззайа?
«КӔД БАЙХЪУСИККОЙ ӔМӔ ДЗЫ АЛЧИДӔР ЙЕ ’ВЗӔР ФӔНДАГ НЫУУАДЗИД»
17. Дӕ бон куыд у, кӕмӕн хъусын кӕныс, уыцы адӕммӕ Йеремийы цӕстӕй кӕсын?
17 Йегъовӕйы нӕ фӕнды, цӕмӕй исчи фесӕфа. Иерусалим пырхгонд куы ’рцыд, уымӕй иу-дӕс азы раздӕр Йегъовӕ, Вавилоны уацары чи уыд, уыдоны Йеремийы уылты ныфс бауагъта: «Ӕз сӕм мӕ цӕст дардзынӕн, цӕмӕй сын хорз уа, ӕмӕ сӕ фӕстӕмӕ ацы зӕхмӕ ӕркӕндзынӕн. Пырх сӕ нӕ кӕндзынӕн, фӕлӕ сӕ фӕстӕмӕ сӕ къахыл слӕууын кӕндзынӕн, бындзарӕй сӕ нӕ тондзынӕн, фӕлӕ сӕ садздзынӕн». Ӕмӕ Йеремийӕн йӕ бон уыди уыцы адӕмӕн зӕгъын: «Дӕуӕн фидӕнӕй ис ныфс» (Йер. 24:6; 26:3; 31:17). Йегъовӕ адӕммӕ цы цӕстӕй кӕсы, Йереми дӕр сӕм ахӕм цӕстӕй каст. Адӕмыл зӕрдӕйӕ тыхсти ӕмӕ сын Йегъовӕйы номӕй дзырдта: «Уӕ хорзӕхӕй, уе ’взӕр фӕндӕгтӕ ныууадзут ӕмӕ уӕ хъуыддӕгтӕ сраст кӕнут» (Йер. 35:15). Ахъуыды кӕн, дӕ бон ма ноджыдӕр куыд у, адӕмыл зӕрдӕйӕ кӕй тыхсыс, уый ӕвдисын.
18, 19. а) Хъусын кӕнгӕйӕ нӕхи цавӕр зондахастӕй хъуамӕ хизӕм? ӕ) Нӕ лӕггадмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм, уыцы хъуыддаджы нын Йереми фӕзминаг куыд у?
18 Йеремийӕн йӕ уарзт никуы ӕрмынӕг. Иерусалим пырхгонд куы ’рцыд, уый фӕстӕ дӕр йӕ зӕрдӕ адӕмыл рыст. (Бакӕс Йеремийы хъарӕг 2:11.) Кӕд дзуттӕгтыл уыцы бӕллӕх сӕхи аххосӕй ӕрцыд, уӕддӕр сын Йереми афтӕ никуы загъта, нӕ уын дзырдтон, зӕгъгӕ. Цытӕ бавзӕрстой, ууыл тынг маст кодта. Мах дӕр хъуамӕ адӕммӕ уазал зӕрдӕ ма дарӕм ӕмӕ ӕрмӕст уый тыххӕй ма хъусын кӕнӕм, ӕмӕ уый нӕ хӕс у. Куыд хъусын кӕнӕм, уымӕй хъуамӕ бӕрӕг уа, нӕ диссаджы Хуыцауы дӕр ӕмӕ, йӕхимӕ гӕсгӕ кӕй сфӕлдыста, уыцы адӕмы дӕр кӕй уарзӕм.
Адӕмыл кӕй тыхсыс, уый сын ӕвдисыс?
19 Ацы дунейы цыфӕнды стыр бынат ма ахсай ӕмӕ дын цыфӕнды стыр кад ма уа, уӕддӕр уыдон ницы сты, ӕцӕг Хуыцауы номӕй кӕй дзурӕм, уыцы кадимӕ абаргӕйӕ. Раст афтӕ хъуыды кодта Йереми. Уый бӕрӕг у йӕ ныхӕстӕй: «Дӕ ныхӕстӕ мӕм ӕрбахӕццӕ сты, ӕмӕ сӕ бахордтон. Дӕ ныхас мын свӕййы цины хос, мӕ зӕрдӕ мын цинӕй байдзаг кӕны, уымӕн ӕмӕ ӕз хӕссын дӕ ном, о... Хуыцау Йегъовӕ» (Йер. 15:16). Хорз хабар кӕй хъусын кӕнӕм, уый фӕрцы ма бирӕ адӕм базондзысты, цард сын чи радта, уыцы Хуыцауы ӕмӕ йӕ бауарздзысты. Ӕмӕ Йеремийау зынгзӕрдӕйӕ куы лӕггад кӕнӕм ӕмӕ адӕмы куы уарзӕм, уӕд нын уыцы хъуыддаджы ноджы фылдӕр бантысдзӕн.
Йеремийы цӕвиттоныл хъуыды кӕнгӕйӕ дӕ бон ноджыдӕр цы у саразын, цӕмӕй хорз хабар фылдӕр адӕмӕн хъусын кӕнай?
a Ацы уавӕры Йегъовӕ Йеремимӕ йӕ зӕды куыд рарвыста, афтӕ-иу арӕх кодта ӕндӕр уавӕрты дӕр ӕмӕ-иу уыдоны уылты дзырдта адӕмимӕ (Тӕрх. 13:15, 22; Гал. 3:19).