Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w15 1/4 15 ф.
  • Зыдтай йӕ?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Зыдтай йӕ?
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2015
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Ӕфсӕддон хицау стыр уырнындзинад равдыста
    Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
  • Йегъовӕ мӕм цы цӕстӕй кӕсы?
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2014
  • Облӕстон ӕмӕ нӕ ӕхсӕнадӕмон конгресстӕ разӕнгард кӕнынц Хуыцауы кадджын кӕнынмӕ!
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2003
  • Библи дын кӕсӕны хуызӕн уӕд
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2015
w15 1/4 15 ф.

ЗЫДТАЙ ЙӔ?

Ромы ӕфсады центурионы хӕстӕм цы хауд?

Ромаг центурионы цыртдзӕвӕн

Центурион Марк Фавони Фацилисы цыртдзӕвӕн

Чырыстон Грекъаг Фыстыты цалдӕр раны ис центурионы, ома ӕфсӕддон хицауы, кӕнӕ сӕдӕйыхицауы кой. Зӕгъӕм, центурионтӕ уыдысты, Йесо Чырыстийӕн цы тӕрхон рахастой, уый чи хъуамӕ сӕххӕст кодтаид, уыцы ӕфсӕддон хицау дӕр ӕмӕ Корнилий дӕр – ӕндӕр адӕмтӕй чырыстон дин фыццаг чи райста, уый. Уыдонӕй уӕлдай ма центурион уыди, апостол Павелы фӕнӕмын кӕмӕн бахӕс кодтой, уыцы ӕфсӕддон хицау дӕр, стӕй Юлий дӕр – Павелы Роммӕ чи хъуамӕ фӕхӕццӕ кодтаид, уый (Марчы 15:39; Хъуыддӕгтӕ 10:1, фиппаинаг; 22:25; 27:1).

Центурионы дӕлбар-иу уыд центури. Иу центурийы уыди 50–100 фистӕг ӕфсӕддоны. Центурионы хӕстӕм хаудта, ӕфсӕддонты хӕстмӕ цӕттӕ кӕнын, чи-иу фӕрӕдыд, уыдоны бафхӕрын, ӕфсӕддонтӕн сӕ дарӕс ӕмӕ сӕ хӕцӕнгарз цы уавӕры уыдысты, уый бӕрӕг кӕнын, стӕй сын ӕфсӕддон балцыты рӕстӕг разамынд дӕттын.

Хуымӕтӕг ӕфсӕддон центурионӕй уӕлдӕр бынатмӕ никуы схызтаид. Ахӕм бынаты-иу сӕвӕрдтой, хорз разамонӕг кӕмӕй рауадаид, ӕрмӕстдӕр ахӕм фӕлтӕрд ӕфсӕддонты. Цӕмӕй Ромы стыр ӕфсады алцыдӕр уаг ӕмӕ ӕгъдауыл уыдаид ӕмӕ ӕфсӕддонтӕ хӕстмӕ хорз цӕттӕ уыдаиккой, уый кӕнгӕ уыди уыдонӕй. Иу чиныджы куыд фыст ис, афтӕмӕй «арӕхдӕр ӕфсады уыдонӕй фӕлтӕрдджындӕр нӕ уыди ӕмӕ хабӕрттӕ уыдонӕй хуыздӕр ничи зыдта».

Цӕмӕй хицӕн кодтой рагзаманты кӕсӕнтӕ абоны кӕсӕнтӕй?

Рагон египетаг кӕсӕн

Рагон египетаг кӕсӕн

Рагзаманты кӕсӕнтӕ авгӕй нӕ арӕзтой, фӕлӕ згъӕрӕй. Уый тыххӕй-иу згъӕр сӕрттивын кодтой. Арӕхдӕр сӕ арӕзтой бронзӕйӕ. Кӕсӕнтӕ ма-иу арӕзтой ӕрхуыйӕ, ӕвзистӕй, сызгъӕринӕй кӕнӕ сызгъӕринӕй ӕвзистимӕ хӕццӕйӕ. Библийы фыццаг хатт кӕсӕнты кой цӕуы, израилӕгтӕ Хуыцауӕн фыццаг кувын кӕм райдыдтой, уыцы цатыры арӕзтадимӕ баст хабӕртты. Уым фыст ис, сылгоймӕгтӕ сӕ кӕсӕнтӕ кӕй балӕвар кодтой, цӕмӕй сарӕзтаиккой стыр аг хи ӕхсынӕн ӕмӕ йӕ бынӕвӕрӕн (Рацыд 38:8). Ӕмӕ уый тыххӕй кӕсӕнтӕ, ӕвӕццӕгӕн, батайын кодтой.

Археологтӕ Израилы ӕмӕ йӕ алыварс цы кӕсӕнтӕ ссардтой, уыдон-иу арӕхдӕр уыдысты сылгоймӕгты зынаргъ дзауматимӕ ӕмӕ аивгӕнӕнтимӕ. Уыцы кӕсӕнтӕн сӕ фылдӕр уыдысты тымбыл, сӕ хӕцӕнтӕ та-иу уыдысты рӕсугъд арӕзт хъӕдӕй, ӕфсӕйнагӕй кӕнӕ пылы стӕгӕй, ӕмӕ-иу арӕхдӕр уыдысты сылгоймаджы гуыры конды хуызӕн. Кӕсӕнӕн-иу цы фарс нӕ сӕрттивын кодтой, уый-иу ницӕмӕй срӕсугъд кодтой.

Абоны авгӕй конд кӕсӕны адӕймаг йӕхи куыд хорз фены, рагон кӕсӕнты-иу афтӕ нӕ федта. Уый зонгӕйӕ нӕ бон у хуыздӕр бамбарын апостол Павелы ныхӕстӕ: «Ныртӕккӕ мах кӕсӕм, дзӕбӕх кӕм ницы зыны, ахӕм кӕсӕнмӕ» (1 Коринфӕгтӕм 13:12).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын