Уацамынды нӕ ныхас куыд райдайӕм
Февралы фыццаг сабаты куыд ис искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайӕн
«Искуы хъуыды кодтай, Хуыцау йӕхицӕн адӕм цӕмӕн равзӕрста ӕмӕ сын разамынд куыд дӕтты? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Дӕ хъус-ма ӕрдар, раджы заманты Хуыцау йӕхицӕн цы адӕмы равзӕрста, уыдоны тыххӕй ам цы фыст ис, уымӕ». Бакӕн февралы брошюрӕ «Армагеддон. Цы у? Кӕд райдайдзӕн?». Иумӕ бакӕсут ӕмӕ аныхас кӕнут 16 фарсыл фыццаг дӕлсӕргондыл. Бакӕс-ма, цы стихтӕ дзы ис, уыдонӕй иу. Брошюрӕ йын ныууадз ӕмӕ йын зӕгъ, ӕндӕр хатт ӕм кӕй ӕрбацӕудзынӕ, цӕмӕй иннӕ фарстайыл аныхас кӕнат.
Брошюрӕ «Армагеддон. Цы у? Кӕд райдайдзӕн?»
«Фӕстаг азты адӕм Армагеддоны кой арӕх кӕнынц. Куыд хъуыды кӕныс, адӕмӕн сӕ бон исты саразын у, цӕмӕй Армагеддон ма уа? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Ацы брошюрӕ ӕмбарын кӕны, Армагеддон цы у, уый. [Бакӕс Раргомад 16:16. Стӕй йын брошюрӕйы фыццаг сыф равдис.] Ацы фарстатӕн ацы брошюрӕйы ис Библийӕ дзуаппытӕ».