Уацамынды нӕ ныхас куыд райдайӕм
Апрелы фыццаг сабаты куыд ис искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайӕн
«Чырыстӕттӕй бирӕтӕ райсынц аргъуыд. Дӕ хъус-ма ӕрдар, аргъуыд райсыны размӕ цы аразын хъӕуы, уый тыххӕй Йесо Матфейы 28:19, 20 цы загъта, уымӕ. Цымӕ афтӕ кӕнын ӕнӕмӕнг хъӕуы? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Ацы статьяйы ис цалдӕр цымыдисаг хъуыдыйы». Уый фӕстӕ адӕймагмӕ ратт брошюрӕ «Йесо Чырысти. Дзуаппытӕ нӕ фарстатӕн». Иумӕ бакӕсут ӕмӕ аныхас кӕнут 16 фарсыл фыццаг дӕлсӕргондыл. Баныхас кӕн, ӕндӕр хатт ӕм кӕй ӕрбацӕудзынӕ, цӕмӕй иннӕ фарстайыл аныхас кӕнат.
Брошюрӕ «Йесо Чырысти. Дзуаппытӕ нӕ фарстатӕн» «Йесо Чырысти чи у, уый тыххӕй бирӕ алыхуызон хъуыдытӕ ис. Иуӕй-иуты хъуыдымӕ гӕсгӕ уыди Мессийӕ. Иннӕтӕ та йӕ хорз адӕймагыл нымайынц. Чи та зӕгъы, зӕгъгӕ, ахӕм адӕймаг зӕххыл никуы цард. Ды та цы хъуыды кӕныс? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Библийы фыст ис, Чырысти чи у, уый зонын ӕнӕмӕнг кӕй хъӕуы. [Бакӕс Иоанны 17:3.] Ацы брошюрӕйы ис дзуаппытӕ, адӕм Йесойы тыххӕй арӕхдӕр цы фарстатӕ фӕдӕттынц, уыдонӕн».