Дохтырты ӕххуыс дӕ ӕвӕстиатӕй куы бахъӕуа, уӕд цӕттӕ дӕ?
Дохтырты ӕххуыс, гӕнӕн ис, бахъӕуа, ӕнӕнхъӕлӕджы исты куы ӕрцӕуа, уӕд (Иак. 4:14). Уымӕ гӕсгӕ ӕмбаргӕ адӕймаг хъуамӕ алцӕмӕдӕр уа цӕттӕ (Ӕмб. 22:3). Ахъуыды кодтай, цавӕр хос кӕныны мадзӕлттӕ равзардзынӕ, ӕмӕ дӕ фӕндон документы фӕнысан кодтай? Уыцы хъуыддаджы нын баххуыс кӕндзӕн дыккаг киноныв «Медицина без переливания крови: как помочь больному, не нарушая его прав». Ацы кинонывтӕн сӕ иумӕйаг ном у «Альтернативы переливанию крови. Серия научно-документальных фильмов». Бакӕс ӕм, ӕмӕ дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдоныл ахъуыды кӕн. Кинонывы ӕвдисынц операцитӕ куыд кӕнынц, уый, уымӕ гӕсгӕ ныййарджытӕ хъуамӕ ахъуыды кӕной, сӕ гыццыл сывӕллӕттӕ сӕм кӕсдзысты ӕви нӕ.
1) Дохтыртӕ туг уадзыны фарстамӕ ӕндӕр цӕстӕй кӕсын цӕмӕн райдыдтой? 2) Цавӕр ӕртӕ уӕззау операцийы скодтой ӕнӕ тугӕй? 3) Ӕгас дунейы цал дохтыры бафӕндыд ӕнӕ тугӕй дзӕбӕх кӕнын? 4) Фӕстаг рӕстӕг туг уадзыны тыххӕй дохтыртӕ цы базыдтой ӕмӕ уымӕй цы рабӕрӕг? 5) Туг уадзын тӕссаг цӕмӕн у? 6) Цавӕр хъуыдымӕ ӕрцыдысты бирӕ фӕлтӕрдджын дохтыртӕ, туг уадзыны бӕсты цы мадзӕлттӕ ис, уыдоны тыххӕй? 7) Цӕмӕн вӕййы анемийӕ? Адӕймаг цы туг фесӕфта, уый куыд ис баххӕстгӕнӕн? 8) Эритроцитты нымӕц куыд ис фӕфылдӕр кӕнӕн? 9) Операциты рӕстӕг цы ис аразӕн, цӕмӕй рынчын къаддӕр туг сафа? 10) Цымӕ ӕнӕ тугӕй гыццыл сывӕллӕтӕн операци кӕнӕн ис? Рынчыны цардӕн тӕссаг куы вӕййы, уӕд та? 11) Адӕймаджы дзӕбӕх кӕнгӕйӕ дохтыртӕ сӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарой?
Кинонывы цы мадзӕлтты кой цӕуы, уыдонӕй кӕцыйыл сразы уыдзыстӕм, уый нӕ алчидӕр йӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕны, Библийӕ цы базыдта, уымӕ гӕсгӕ. Туг уадзыны бӕсты цы мадзӕлттӕ ис, уыдонӕй дӕхи дзӕбӕх кӕнынӕн кӕцытӕ равзардзынӕ, уый аскъуыддзаг кӕн. Уый тыххӕй бакӕс чиныг «Хуыцауы уарзт», 7 сӕр ӕмӕ 2006 азы ноябры «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг», уӕлӕмхасӕн. Уый фӕстӕ, кӕд донаргъуыд дӕ, уӕд дӕ документ байдзаг кӕн ӕмӕ йӕ ӕдзухдӕр демӕ хӕсс.
[Хицӕнгонд текст 3 фарсыл]
Туг уадзыны бӕсты цы мадзӕлттӕ ис, уыдонӕй дӕхи дзӕбӕх кӕнынӕн кӕцытӕ равзардзынӕ, уый фӕнысан кодтай?