Апрель — диссаджы рӕстӕг хорз хъуыддӕгтӕм тырнынӕн!
1 Адӕм кӕм цӕрынц, уырдӕм тыхджын уад куы ӕрбацӕйхӕццӕ кӕна, уӕд адӕмы ӕвӕстиатӕй хъӕуы бафӕдзӕхсын, уыцы ран баззайын тӕссаг кӕй у, уый тыххӕй. Цас хӕстӕгдӕр кӕна уад, уыйас тынгдӕр хъӕуы адӕмы фӕдзӕхсын. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ адӕмы цард ис тӕссаг уавӕры! Гӕнӕн ис, бирӕтӕ нӕ фехъуыстой фыццаг фӕдзӕхст. Иннӕтӕ та, чи зоны, фехъуыстой, фӕлӕ сӕхи фӕрвӕзын кӕнынӕн ницы сарӕзтой. Хъуыддаг афтӕ у Хуыцауы фӕдзӕхстимӕ дӕр, ӕмӕ йӕ мах хъуамӕ хъусын кӕнӕм, цалынмӕ Хуыцауы рӕстаг масты «карз уад» ацы фыддуне иууылдӕр не скуынӕг кодта, уӕдмӕ (Фӕс. н. 10:25, НД). Миллиардгай адӕймӕгты ӕнусон цард ис тӕссаг уавӕры! Фӕдзӕхст хъуамӕ хъуыстгонд ӕрцӕуа. Мах хъуамӕ тырнӕм «хорз хъуыддӕгтӕм» (Титмӕ 2:11—14, НД).
2 Дӕсгай азты дӕргъы Иегъовӕйы адӕмы разӕнгард кӕнынц, цӕмӕй Ӕрымысӕн Изӕры рӕстӕджы зӕрдиагдӕрӕй лӕггад кӕной. 1939 азы уалдзӕджы «Информатор» (афтӕ хуынд «Нӕ паддзахадон лӕггаддзинад») разӕнгард кодта: «Уалдзӕг ӕрцыд, ӕмӕ хорз бонтӕ скодта, ӕмӕ хъуамӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, ӕмбырды хъусынгӕнджытӕ сӕ лӕггаддзинады сахӕттӕ дыууӕ хатты кӕй фӕфылдӕр кӕндзысты ӕмӕ пионертӕ фылдӕр кӕй лӕггад кӕндзысты. Апрелы ис фондз сабат ӕмӕ фондз хуыцаубоны. Уӕдӕ алы сабат ӕмӕ алы хуыцаубон дӕр апрелы снысан кӕн... зӕрдиагдӕр лӕггаддзинадӕн». 60 азы размӕ ӕфсымӕртӕн уый уыд разӕнгардгӕнӕг нысан! 1939 азы куыд уыд, афтӕ ацы аз дӕр апрелы ис фондз сабат ӕмӕ фондз хуыцаубоны. Ацы мӕй дын цы пълӕнттӕ ис? Дӕ къӕлиндары апрелы 2000 азӕн цы банысан кодтай? Спълан кӕн Иегъовӕйы адӕмимӕ хорз хъуыддӕгты хайад райсын, уӕлдайдӕр та ацы ахсджиаг мӕй, духовон хъуыддӕгтӕм уӕлдай хъусдард куы уа, уӕд.
3 Нӕ зӕрды цы ис саразын: 2000 азы ӕппӕты ахсджиагдӕр бон хауы ацы мӕймӕ. 19 апрелы бӕрӕг кӕндзыстӕм Йесойы мӕлӕты ӕрымысӕн бон. Уӕдӕ ӕппӕт тыхтӕй бацархайӕм ӕмӕ, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, Ӕрымысӕн Изӕрмӕ фылдӕр адӕмы фӕхонӕм. Мартъийы цы уынаффӕ лӕвӕрд цыд, уымӕ гӕсгӕ Ӕрымысӕн Изӕрмӕ ӕрбацӕуынӕнхъӕл кӕмӕй дӕ, уыдоны номхыгъд скӕн ӕмӕ бацархай, цӕмӕй дӕ мачи ферох уа. Фӕхонын хъӕуы, ӕхсӕз мӕйӕ фылдӕр уацамынды хыгъд чи нӕ ратта, уыцы хъусынгӕнджыты, Библи чи ахуыр кӕны, уыдоны иууылдӕр, дыккаг хатт кӕмӕ бацӕудзынӕ ӕмӕ раздӕр Библи кӕимӕ ахуыр кодтай, де ’мкусджыты, де ’мкъласонты, дӕ сыхӕгты, дӕ хӕстӕджытӕ ӕмӕ дӕ зонгӕты дӕр. Ӕрбацӕуын кӕй фӕнды, уыдонӕн се ’ппӕтӕн транспорт ис? Кӕд нӕй, уӕд сын дӕ бон баххуыс кӕнын у? Ӕрымысӕн Изӕры не ’ппӕтӕн дӕр уыдзӕн фадат нӕ уазджытыл зӕрдиагӕй фембӕлынӕн. Ӕрымысӕн Изӕры фӕстӕ ахӕм цымыдисгӕнаг адӕмӕн нӕ бон у дарддӕр дӕр духовон ӕгъдауӕй ӕххуыс кӕнын.
4 Ӕрымысӕн Изӕры размӕ ӕмӕ йӕ фӕстӕ «хорз хъуыддӕгтӕм» куы тырнӕм, уӕд Иегъовӕйӕн равдисдзыстӕм, цыдӕриддӕр нын сарӕзта, уымӕн тынг кӕй аргъ кӕнӕм, уый. Бон кӕй фӕдаргъдӕр ӕмӕ бирӕ рӕтты боныхъӕд кӕй фӕхуыздӕр, уымӕ гӕсгӕ бирӕтӕн сӕ бон суыдзӕн хорз уацхъуыд хъусын кӕныны хъуыддагӕн фылдӕр тыхтӕ раттын. Кӕд лӕггад кӕныс ӕххуысгӕнӕг пионерӕй, уӕд бацархайдзынӕ, цӕмӕй 50 сахаты кӕнӕ фылдӕр лӕггад кӕнай (Мтф. 5:37). Мӕйы райдиан цы график скодтай, уымӕ гӕсгӕ архай (Еккл. 3:1; 1 Кор. 14:40). Хорз уаид алчидӕр нӕ йӕ ӕххуысы къух пионертӕм куы бадарид, ӕмӕ уый та нӕ бон бауыдзӕн, куы сӕ разӕнгард кӕнӕм ӕмӕ семӕ уацамынды куы цӕуӕм, уӕд. (Абар 4 Пад. 10:15, 16.) Апрелы зӕрдиагӕй ӕмӕ рӕдауӕй куы тауӕм, уӕд райсдзыстӕм стыр циндзинад ӕмӕ арфӕдзинӕдтӕ Иегъовӕйӕ (Мал. 3:10). Чи зоны нын уый баххуыс кӕна ӕдзух ӕххуысгӕнӕг пионерӕй кӕнӕ ӕххӕстрӕстӕг пионерӕй лӕггад кӕнынӕн. Уӕдӕ нын апрелы духовон ӕгъдауӕй цы разӕнгардгӕнӕг тых уа, уый ма фесафӕм иннӕ мӕйты дӕр, ӕмӕ дарддӕр дӕр ӕдзух Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнӕм.
5 Ӕнӕмӕнгӕй, ацы мӕй Иегъовӕйы адӕмӕй мингӕйттӕ райдайдзысты бирӕтимӕ хӕдзары Библи ахуыр кӕнын. Дӕу дӕр фӕнды искӕимӕ ахуыр райдайын? Кув уый тыххӕй ӕмӕ дӕ куывдтытӕм гӕсгӕ архай. Иегъовӕмӕ сӕрныллӕгӕй куы кувай, ахуыр кӕнын кӕй фӕнды, ахӕм сыгъдӕгзӕрдӕ адӕймаджы ссарыны тыххӕй, уӕд дын ӕнӕмӕнгӕй баххуыс кӕндзӕн (1 Иоан. 3:22).
6 Ӕркӕсӕм, ӕнтыстджынӕй ныхас куыд ис райдайӕн, иу ахӕм цӕвиттонмӕ. Дӕ ныхас райдай фарстӕй: «Куыд дӕм кӕсы, скъолаты тыхмийыл кӕй ӕмбӕлӕм, уый кӕй аххосӕй у: хӕйрӕджыты ӕви ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты хорз кӕй нӕ хъомыл кӕнынц, уый тыххӕй?» Бауадз ӕй дзуапп раттын. Кӕд зӕгъа, «хӕйрӕджыты аххосӕй», зӕгъгӕ, уӕд ын бакӕс Раргомады 12:9, 12-ӕм стихтӕ ӕмӕ равзар, зӕххыл цард куыд ӕмтъеры у, уым Хӕйрӕг цавӕр бынат ахсы, уый. Уый фӕстӕ бакӕн брошюрӕ «Цы домы» 4-ӕм урокыл ӕмӕ йӕ бафӕрс, искуы йӕ фӕндыд базонын, Хӕйрӕг кӕцӕй фӕзынд, уый. Бакӕс фыццаг дыууӕ абзацы ӕмӕ сыл ӕрдзур. Кӕд адӕймаг зӕгъа, «ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты хорз кӕй нӕ хъомыл кӕнынц», скъолаты тыхми уый тыххӕй ис, зӕгъгӕ, уӕд та йын бакӕс 2 Тимофеймӕ 3:1—3-ӕм стихтӕ ӕмӕ бахахх кӕн, уыцы зындзинад цы миниуджыты тыххӕй ис, уыдон. Стӕй байгом кӕн брошюрӕ «Цы домы» 8-ӕм урокыл, бакӕс 5-ӕм абзац ӕмӕ йыл ӕрдзур. Кӕд йемӕ баныхас кӕнай иннӕ фембӕлдыл, уӕд гӕнӕн ис, ӕмӕ адӕймагимӕ Библи ӕдзух ахуыр кӕнын райдайай. Ноджыдӕр ма йӕм куы бацӕуай, уӕд ӕй бафӕрс, кӕд ахӕм адӕймаджы зоны, мыййаг, цы ахуыр кӕны, уымӕ байхъусын ма кӕй фӕнды.
7 Апрелы ма «хорз хъуыддӕгтӕм» тырнӕн ис, уацамынды алы хуызты архайгӕйӕ. Искуы хъуыды кодтай, куыд ис паркы кӕнӕ машинӕты лӕууӕн бынӕтты хъусын кӕнӕн? Автобусты ӕрлӕууӕнты кӕнӕ поездты станцӕты? Кӕнӕ дӕ чи зоны фӕнды телефонӕй, уынджы ӕмӕ ӕхсӕнадон бынӕтты хъусын кӕнын? Цӕуылнӕ ис ацы мӕй ӕппӕт уыдӕттӕ бафӕлварӕн? Иегъовӕ дын ратдзӕн ныфсхастдзинад (Ап. к. 4:31; 1 Фес. 2:2ӕ). Дӕ бон у, пионеримӕ кӕнӕ уацамынды уыцы хуызты фӕлтӕрдджын чи у, уыимӕ баныхас кӕнай.
8 Хъусын кӕныны хъуыддаджы фылдӕр архайын кӕй фӕнды, уымӕн йӕ бон у хъусын кӕна, сӕрмагондӕй уацамынды куы нӕ уа, уӕд дӕр. Арӕх уый тыххӕй фӕхъӕуы адӕймагимӕ ӕрмӕст зӕрдӕбынӕй ныхас райдайын. Райдай ныхас кӕнын, адӕмы ныр цы фарстатӕ цымыдис кӕнынц, уыдонӕй искӕцыйыл, гӕнӕн ис спайда кӕнай, 6-ӕм абзацы цы дӕнцӕг ис лӕвӕрд, уымӕй. Архай алы минутӕй дӕр спайда кӕныныл, цӕмӕй рӕстӕг ӕнӕхъуаджы ма сафӕм. Фондз, дӕс кӕнӕ фондз ӕмӕ ссӕдз капеччы нӕ аппардзынӕ, ӕрмӕст сом кӕй не сты, уый тыххӕй. Уӕд цӕуылнӕ ис, сӕрмагондӕй уацамынды куы нӕ уай, уӕддӕр адӕймагимӕ фондз, дӕс кӕнӕ фынддӕс минуты дӕр аныхас кӕнӕн?
9 Хъуыды кӕнын афон: Дӕ зӕрдыл ма ӕрлӕууын кӕн, фарон облӕстон конгрессы «Хуыцауы пехуымпарадон ныхас»-ы драмӕйы дзырд цӕуыл цыд, уый. Драмӕ «Аргъ кӕн дӕ духовон бынӕн» нын лӕмбынӕг равдыста, Иаков ӕмӕ Исав куыд тынг хицӕн кодтой, уый. Исав дзырдта, уый дӕр Иаковау духовон хъуыддӕгтӕй кӕй цымыдис кодта, фӕлӕ йӕ хъуыддӕгтӕ дзырдтой ӕндӕр цӕуылдӕр (Уӕв. 25:29—34). Уый махӕн у ахсджиаг фӕдзӕхст! Уӕдӕ мах дӕр Иаковау цӕттӕ уӕм Иегъовӕйы арфӕдзинад райсыны тыххӕй ӕппӕт тыхтӕй архайынмӕ, суанг ма тох кӕнынмӕ дӕр (Уӕв. 32:24—29). Цӕуылнӕ ис апрелы ӕмӕ иннӕ мӕйты дӕр нӕ зӕрдиагдзинад ногӕй равдисӕн ӕмӕ уымӕй сбӕлвырд кӕнӕн, нӕ диссаджы духовон бынмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕй нӕ кӕсӕм, уый?
10 «Иегъовӕйы стыр бон хӕстӕг у. Уый хӕстӕг у, ӕмӕ тынг тагъд кӕны» (Соф. 1:14, НД). Паддзахады тыххӕй хорз уацхъуыд хъуамӕ хъуыстгонд ӕрцӕуа алкӕмдӕр. Адӕмы цард ис тӕссаг уавӕры. Уӕдӕ иумӕйагӕй равдисӕм, «хорз хъуыддӕгтӕм» кӕй тырнӕм, ӕмӕ ацы мӕй Иегъовӕйы адӕм уӕлдай хорзӕхджын уӕнт.
[Рамкӕ 4 фарсыл]
Ӕрымысӕн Изӕры тыххӕй зӕрдылдаринӕгтӕ
Ӕрымысӕн Изӕр ацы аз уыдзӕн 19 апрелы, ӕртыццӕджы. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ сӕ хъус ӕрдарой ацы хъуыддӕгтӕм:
◼ Фембӕлды рӕстӕг нысангӕнгӕйӕ, хъуамӕ сбӕлвырд кӕной, цӕмӕй символтӕ хурныгуылды размӕ лӕвӕрд ма ӕрцӕуой.
◼ Иууылдӕр, уыимӕ докладгӕнӕг дӕр, хъуамӕ бӕлвырд зоной, Ӕрымысӕн Изӕр цал сахатыл ӕмӕ кӕм уыдзӕн, уый.
◼ Хъӕуы ӕрцӕттӕ кӕнын ӕнӕнхъызт дзул ӕмӕ сыгъдӕг сӕн. (Кӕс «Хъахъхъӕнӕг мӕсыг», 1985 азы, 15 февраль, 17 фарс, уыр.)
◼ Развӕлгъау залмӕ ӕрбахӕссын хъӕуы тӕбӕгътӕ, агуывзӕтӕ, стъол ӕмӕ стъолӕмбӕрзӕн ӕмӕ сӕ хъӕуы зынгӕ бынаты сӕвӕрын.
◼ Паддзахады Зал кӕнӕ фембӕлд цы агъуысты уа, уый хъӕуы рагацау хорз бафснайын.
◼ Цӕмӕй алцыдӕр ӕгъдауыл уа, уый тыххӕй уагдартӕ рагацау хъуамӕ зоной сӕ хӕслӕвӕрдтӕ.
◼ Сӕрстытӕй искӕмӕн йӕ бон ӕрбацӕуын куы нӕ уа, уӕд ын хъӕуы баххуыс кӕнын.
◼ Паддзахады Залӕй цалдӕр ӕмбырды куы пайда кӕной, уӕд хорз уаид, ӕмбырдтӕ куы баныхас кӕниккой, цӕмӕй вестибюлы, бацӕуӕнты ӕмӕ тротуартыл адӕм ма ӕмбырд кӕной ӕмӕ машинӕты лӕууӕндӕтты та машинӕтӕ кӕрӕдзийы ма хъыгдарой.