Алцыдӕр арӕзт цӕуы «ӕфсармимӕ ӕмӕ ӕгъдауыл»
1 Цӕмӕй облӕстон конгресс хорз ацӕуа, уый тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ фӕхъӕуы саразын. Конгрессы администраци бацархайы конгресс ауадзынӕн ӕмбӕлон бынат ссарыныл ӕмӕ баныхас кӕны цӕрӕнбынӕттыл. Хъусынгӕнджытӕ хицӕнтӕй ӕмӕ ӕнӕхъӕн бинонтӕй дӕр сӕхи фӕцӕттӕ кӕнынц фӕндагмӕ ӕмӕ фӕхъуыды кӕнынц, кӕм цӕрдзысты, ууыл. Ӕмбырдтӕ баныхас кӕнынц, конгрессы цы бирӕ хайӕдтӕ фӕхъӕуы, уыдоны бархи кусджытӕй чи кӕм кусдзӕн, ууыл. Нӕ хӕс у, цӕмӕй «алцыдӕр... уа ӕфсармимӕ ӕмӕ ӕгъдауыл» (1 Кор. 14:40).
2 Конгресс чи цӕттӕ кӕны, уыдонӕн дӕ баххуыс кӕнын куы фӕнда, уӕд дӕ зӕрдыл хъуамӕ дарай, бацӕттӕ кӕнынӕн кӕй бахъӕуы мӕйтӕ ӕмӕ ма арӕх азтӕ дӕр. Сӕдӕгай ӕфсымӕртӕ тынг бирӕ рӕстӕг бахардз кӕнынц, цӕмӕй алцыдӕр уа, куыд ӕмбӕлы, афтӕ. Уымӕ хауы агъуыстытӕ аренды райсын, аппаратурӕ бацӕттӕ кӕнын ӕмӕ кусджытӕ ӕрӕмбырд кӕнын. Алцыдӕр рагацау кӕй бацӕттӕ кӕнӕм, уымӕ гӕсгӕ иууылдӕр ӕрцӕуӕм арфӕгонд Хуыцауӕй. Махӕн та нӕ бон куыд у баххуыс кӕнын?
3 Цӕрӕнуатон хайадимӕ ӕмгуыст кӕнӕм. Ахсджиаг у, цӕмӕй нӕ алчидӕр ӕххуыс кӕна конгресс бацӕттӕ кӕнынӕн. Уӕлдайдӕр та уый хъӕуы, цӕрӕнбынӕттӕ куы фӕагурӕм, уӕд. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ алы конгрессы рӕстӕджы дӕр бахъӕуы сӕдӕгай хатӕнтӕ. Не ’фсымӕртӕй сӕ фылдӕрмӕ бирӕ ӕхца нӕ вӕййы, ӕмӕ сӕ зӕрдӕ фӕдарынц, аслам цӕрӕнбынӕттӕ кӕй ссардзысты, ууыл. Ӕфсымӕртӕ тынг фӕархайынц, цӕмӕй, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, ӕмдзӕрӕнты ӕмӕ ӕндӕр агъуыстыты администрациимӕ асламдӕр ӕргътыл баныхас кӕной. Мах хъуамӕ иннӕтӕм ӕвдисӕм уарзондзинад ӕмӕ нӕ алчидӕр хъуамӕ «ӕрмӕст йӕхи мӕт ма кӕна... фӕлӕ [нӕ] алчидӕр иннӕты мӕт дӕр кӕна» (Фил. 2:4).
4 Цӕрӕнбынӕттӕ скӕныны хъуыддаджы конгрессы администрацийы амындтӕм нӕ хъус лӕмбынӕг куы дарӕм, уӕд уый алкӕмӕндӕр ӕрхӕсдзӕн пайда. Уыцы амындтӕ куы ницӕмӕ дарӕм, уӕд та фӕзындзӕн уӕлдай зындзинӕдтӕ. Уый куыд? Уыцы амындтӕм гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд уазӕгдзӕрӕнты зондзысты, цал бынаты сӕм сзаказ кодтой ӕмӕ сӕм уымӕ гӕсгӕ цал уазӕджы цӕрдзӕн, уый. Уый сын баххуыс кӕндзӕн сӕ куыст нывыл скӕнынӕн ӕмӕ ма нын, чи зоны, фидӕны дӕр асламдӕр ӕргътыл дӕттой цӕрӕнбынӕттӕ. Махӕй бирӕтӕ сӕ заказтӕ кӕнӕ сӕ пълӕнттӕ куы аивой, уӕд уый стыхсын кӕндзӕн ӕмдзӕрӕны кӕнӕ ӕндӕр агъуысты администрацийы дӕр ӕмӕ уым цӕрын кӕй фӕндыд, уыцы ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хоты дӕр. Не ’ууӕнк куы фесафӕм, уӕд нын фидӕны конгресты рӕстӕджы къаддӕр бынӕттӕ дӕтдзысты. Цас хуыздӕр у, цӕмӕй нӕ ныхасӕн хицау уӕм ӕмӕ истӕмӕй «о» куы зӕгъӕм, уӕд ӕй сӕххӕст кӕнӕм! (Матф. 5:37).
5 Хорз фӕстиуджытӕ. Иу конгрессы фӕстӕ, конгрессы делегаттӕ цы агъуысты цардысты, уымӕн йӕ директор ӕмӕ йӕ завхоз загътой: «Иннӕ аз дӕр уӕм ӕхсызгонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм. Сымахыл ӕцӕгӕйдӕр ис ӕууӕндӕн. Бынӕттӕ уӕ иууылдӕр куы бахъӕуой, уӕддӕр, табуафси». Хӕрӕндоны кусджытӕй та иу загъта: «Цы ма зӕгъон, сымах стут диссаджы адӕм. Сӕдӕгӕйттӕй хӕрут ӕхсӕвӕр, харбызтӕ, ӕмӕ уӕ фӕстӕ иу быроны мур дӕр нӕ ныууадзут!» Уый уыд диссаджы ӕвдисӕнад!
6 Мӕнӕ ма ноджыдӕр фыстӕг иу агъуысты администрацийӕ: «Мах бафиппайдтам, „Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты“ организацийы уӕнгтӕ алцыдӕр ӕгъдауыл кӕй аразынц, уый. Ӕртӕ боны нӕм фӕцардысты, ӕмӕ уыцы рӕстӕджы дӕргъы алцыдӕр уыд хӕрзӕфснайд. Уӕ организацийы уӕнгтӕ ма нын баххуыс кодтой дидинджытӕ барувынӕн дӕр. Нӕ администрацийӕн ӕхсызгон уыдзӕн дарддӕр дӕр уӕ организациимӕ ӕмгуыст кӕнын». Иу регионы уазӕгдзӕрӕнты администратор та иухатт загъта: «Ӕз нырма никуы федтон, цӕмӕй уыйбӕрц адӕм сӕ уырнындзинад хъуыддагӕй ӕвдисой, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ куыд кӕнынц, афтӕ. Ныфс нӕ ис, ноджыдӕр ма нӕм кӕй ӕрбацӕудзыстут». Ацы ныхӕстӕ ӕвдисынц, хорз уагахаст ӕрмӕст махӕн кӕй нӕу ӕхсызгон, фӕлӕ ма нӕ чи уыны, уыдонӕй дӕр бирӕтӕн.
7 Сӕйраджыдӕр куыд ис ӕмгуыст кӕнӕн. Цӕмӕй, конгресс чи цӕттӕ кӕны, уыдонимӕ цӕрӕнбынӕттӕ скӕныны хъуыддаджы ӕмгуыст кӕнӕм, уый тыххӕй бирӕ нӕ хъӕуы: 1) ӕмдзӕрӕнтӕ ӕмӕ ӕндӕр агъуыстыты дӕ цал бынаты бахъӕуа, уымӕй фылдӕр ма сзаказ кӕн; 2) цӕрӕнбынат телефонӕй ма заказ кӕн, фӕлӕ дӕ курдиат рагацау арвит; 3) уыцы цӕрӕнбынат дӕ куы нал хъӕуа, уӕд уый тыххӕй цӕрӕнуатон хайадӕн ӕвӕстиатӕй фехъусын кӕн; 4) дӕ зӕрдыл дар, ӕмдзӕрӕнты ӕмӕ сӕрмагонд хӕдзӕртты хицӕутты кӕй фӕнды, цӕмӕй сын сӕ уагӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕнӕм.
8 Иегъовӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нын ис фадат, цӕмӕй нӕ алы къахдзӕфӕй дӕр ӕвдисӕм, цавӕр Хуыцау у, уый. Уымӕ хауы, Хуыцауы номимӕ баст чи у, уыцы конгрестӕм цӕттӕ кӕнын ӕмӕ сӕм цӕуын. Рох дӕ ма уӕд, уый кӕй «нӕу ӕнарӕзтдзинады Хуыцау, фӕлӕ фарны» (1 Кор. 14:33). Уӕдӕ нӕ чи уыны, уыцы адӕм Иегъовӕйы уыцы миниуӕг фенӕнт, мах нӕхи куыд дарӕм, уымӕй. Ӕмӕ облӕстон конгресмӕ «Хуыцауы Ныхас амонджытӕ» цӕугӕйӕ, стӕй конгрессы рӕстӕджы дӕр ӕмӕ йӕ фӕстӕ дӕр нӕ уаг ӕмӕ не ’гъдауӕй сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм бамбарӕнт, Иегъовӕйы ӕмбырдты алцыдӕр «ӕфсармимӕ ӕмӕ ӕгъдауыл» арӕзт кӕй цӕуы, уый (Пс. 67:27).